СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Проектно-исследовательская работа

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Темёйы актуалондзинад дызёрдыггаг нёу, уымён ёмё алы адёймагдёр хъуамё зона йё райгуырён бёстё йын кадджынёй- кадджындёр  чи кёны, уыцы номхёссён хъёбулты, архайа сё фёзмынын , сё къахвёдтыл уайын.

Темё ёвзаргёйё мё размё ёвёрдтон ахём хёстё ёмё нысантё :

  1. Хуыздёр базонын адӕмон поэт Дзасохты Музаферы сфёлдыстадон бынтё
  2.  Музафер-журнал «Ногдзау» - сёйраг редактор
  3. Музафер-тёлмайгёнёг.                                                       

 

Куысты практикон ахадындзинад:

Ацы куыстёй пайдагёнён ис ирон литературёйы урокты.

Иртасён объект: Дзасохты Музаферы сфёлдыстадон бынтё

Просмотр содержимого документа
«Проектно-исследовательская работа»

ХI –ый районный научный конкурс молодых исследователей

«Зонады фидён»



Направление: литературоведение

Название работы:

« Мё рёнхъыты та ногёй судзы арт…»

Дзасохты Музаферы 80 азы юбилеймё



Автор работы

Таболова Алиса Казбековна





Место выполнения работы:

МКОУ СОШ с. Црау, 9 класс

Домашний адрес: с. Црау, ул. Комсомольская,58



Научный руководитель

Чельдиева Мадина Коммунаровна

учитель осетинского языка и литературы


2017




Сёргёндтё:

  1. Разныхас…………………………………………………………3

  2. Сёйраг хай………………………………………………………2

    1. Музаферы цардвёндаг.……………………………...................3-6

2.2Дзасохты Музафер-адӕмон поэт………………………………………7

2.3Музаферы сфёлдыстадон бынтё………………………....10

2.4.Музафер- тёлмацгёнёг…………………………………..11





3. Фёсныхас……………………………………………………….12

Спайдагонд литературё……………………………………….13

Уёлёмхасён ёрмёг (презентаци)































Разныхас.



Темёйы актуалондзинад дызёрдыггаг нёу, уымён ёмё алы адёймагдёр хъуамё зона йё райгуырён бёстё йын кадджынёй- кадджындёр чи кёны, уыцы номхёссён хъёбулты, архайа сё фёзмынын , сё къахвёдтыл уайын.

Темё ёвзаргёйё мё размё ёвёрдтон ахём хёстё ёмё нысантё :

  1. Хуыздёр базонын адӕмон поэт Дзасохты Музаферы сфёлдыстадон бынтё

  2. Музафер-журнал «Ногдзау» - сёйраг редактор

  3. Музафер-тёлмайгёнёг.



Куысты практикон ахадындзинад:

Ацы куыстёй пайдагёнён ис ирон литературёйы урокты.

Иртасён объект: Дзасохты Музаферы сфёлдыстадон бынтё



Куыст арёзт у ёртё хайё: разныхас,сёйраг хай, фёсныхас.

Перспективё: фыссёгимё фембёлд.



Ирыстонæн æппынæдзух лæггад чи кæны æмæ йын лӕггад кӕнынӕй чи нӕ фӕллайы,йӕ уыцы иузӕрдион фырттӕй иу у поэт,прозаик ,тӕлмацгӕнӕг,Ирыстоны адӕмон поэт,Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахон премийы лауреат ,дӕсгай азты Ирыстоны сабиты журнал «Ногдзау»-ы ӕнӕраивгё сӕйраг редактор Дзасохты Музафер.Ӕмӕ диссаг нӕу ,йӕ кад ӕгас Ирыстоны дӕр рӕстӕджы цыдимӕ иу бӕрзондӕй иннӕ бӕрзондмӕ кӕй хизы,уый. Ацы аз Ирыстоны номхёссён хъёбулыл Дзасохты Музаферыл сёххёст 80 азы.

Уымё гёсгё мё темёйы актуалондзинад дызёрдыггаг нёу уымён ёмё алы адёймаг дёр хъуамё зона йё райгуырён бёстёйы номхёссён хъёбулты, архайа сё фёзмынын, сё къахвёдтыл уайын.

Темё ёвзаргёйё мё размё ёвёрдтон ахём хёстё:

1.Хуыздёр базонын адӕмон поэт Дзасохты Музаферы царды хабёрттё

2. Музаферы сфёлдыстадон бынтё





2. Сёйраг хай.

Дзасохты Музаферы сфёлдыстадимё ёз базонгё дёр хёрз чысылёй. Мё нана ёмё мё ныййарёг мад –иу арёх кастысты журнал «Ногдзау» -ёй цымыдисаг ёрмёг : фысджыты цард ёмё сфёлдыстад, мёхи кар сывёллётты ёмдзёвгётё ёмё нывтё , алыхуызон сырдтё ёмё мёргъты тыххёй хъёугё ёрмёг. Уыйбёрц сцыбёл дён мёхёдёг дёр ёмё ма суанг мёхи конд нывтё дёр сфёнд кодтон арвитын журналы редакцимё , фёлё мём афтё каст сё зёрдёмё нё фёцёудзысты ёмё мын сё фёстёмё

Мё нана куыста ёмё ныр дёр кусы рёвдауёндоны ёмё мын –иу уырдыгёй дёр арёх ёрхаста мё уарзон журналтё. Уыцы ёппёт бирё ёрмёджы ‘хсён ирдёй зындысты Музаферён йёхи сфёлдыстадон бынтё дёр. Уый фёдыл мён бафёндыд бёлвырддёр базонгё кёнын мё уарзондёр хуызджын журнал «Ногдзау»- ы сёйраг редакторы цард ёмё сфёлдыстадмё.

2.1. Музаферы цардвёндаг.

.



Дзасохты Созырыхъойы фырт Музафер райгурд 1937-ӕм азы тъӕнджы мӕйы 10-ӕм бон Ирыстоны Цӕгат хайы –Ӕрыдоны районы Бӕрӕгъуыны (Красногоры) зӕхкусӕджы хӕдзары.



Мёнё куыд зёгъы фыссёг йё райгуырён бёстёйы тыххёй « Райгуырён зёххён ёмбал нёй. Райгуырён уёзёг, чи йыл райгуыра, уымёй адджындёр никёмён у, уымёй тынгдёр никёмёй рисы, уымёй ёхсызгондёр никёмён у йё хорздзинад».

Бӕрӕгъуыны хъӕу уымӕй бирӕ хистӕр нӕу – йӕ царды фыццаг къахдзӕфтӕ кодта.Йӕ бындур ӕвӕрд ӕрцыд ,Музафер куы райгуырд ,уымӕй фынддӕс азы размӕ.Хохаг цыбыркъух адӕмӕн социализм фадат радта,цӕмӕй быдырмӕ ралыгъдаиккой сӕ иубӕстон адӕмы цурмӕ.Рахицӕн сын кодтой хъӕздгуыты зӕххытӕй.Афтӕмӕй ,Уӕлладжыры комӕй цыппӕрдӕс авадат ,ӕнӕзӕхх хъӕуӕй Урсдоны рахизфарсмӕ ралыгъдысты ног цард аразынмӕ.Семӕ уыдысты фидӕны фыссӕджы фыд Дзасохты Елдзарыхъойы фырт Созырыхъо ӕмӕ йӕ цардӕмбал Хосаты Садуллӕйы чызг Веринкӕ.

Ног цардаразӕг мӕгуыр у.Сӕ алыварс адӕмау ,Музаферы мад ӕмӕ фыд дӕр ӕппынӕдзух хъуӕгтӕ куыннӕ ӕййӕфтаиккой ,фӕлӕ фыссӕг сӕрыстырӕй ӕрымысы – Фыдыбӕстӕйы хӕсты размӕ Бӕрӕгъуыны нымадӕй цы цалдӕр агуыридурӕй арӕзт хӕдзары фӕзынд ,уыдонӕй иу уыдис мах.Созырыхъо ӕмӕ Веринкӕйау,куыстуарзаг рацыд йӕхӕдӕг дӕр,ӕмӕ куыстуарзагӕй та куыст тӕрсгӕ кӕны.

Фӕлӕ адӕймаг фӕндтӕ кодта ,Хуыцау –лыг. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы ныггуыпп ласта,уӕд Созырыхъо дӕр,мингай ирон чызджытӕ ӕмӕ лӕппутау,ацыд фашизмы ныхмӕ адӕмы сӕрыл цӕхӕр арты тох кӕнынмӕ,афтӕмӕй хӕдзардарӕг лӕппу-лӕгӕн йӕ сау табӕт дӕр нал сӕмбӕлд йӕ къонайыл.Йӕ фыссӕг фыртӕн цӕргӕ-цӕрӕнбонты ссис уӕззау мысинаг :

«Ӕнӕбӕрӕгӕй фесӕфти уӕ дарӕг…

Сымах ӕрдӕгыл аскъуынут мӕ зарӕг.

Ысты ӕнусмӕ уыцы дзырдтӕ арӕн

Сымах ӕхсӕн ,хъӕбул ӕмӕ ныййарӕг!» («Ӕнӕбӕрӕгӕй фесӕфти уӕ дарӕг…»).

Поэт раст у – лӕппу ,йӕ фыды къахдзӕфтыл цӕугӕйӕ,лӕг кӕны ,ӕмӕ уымӕн амонд байста фыдхӕст.Фӕлӕ,куыд фӕзӕгъынц:фыдӕй сидзӕр –ӕрдӕг ӕрдӕг сидзӕр ,мадӕй сидзӕр –ӕцӕг сидзӕр.Ӕмӕ,хъыгагӕн ,ахӕм сидзӕрӕй аззад йе ‘взонджы бонты –йӕ фыды рӕстмӕ нӕ хъуыды кодта ӕмӕ цард ,рӕзт,йе ‘мкарӕн сабитау ,цыма афтӕ ӕмбӕлд; фӕлӕ йыл ӕвддӕс азы куы сӕххӕст ,уӕд 1954 –ӕм азы ӕцӕг сидзӕрӕй баззад йӕ дыууӕ хоимӕ –йӕ уарзӕгой мад йӕ цардӕй ахицӕн.

Фӕлӕ уӕддӕр адӕймаг ныфсӕй цӕры. Ӕмӕ ӕвзонг лӕппу нӕ рох кодта йӕ мады фӕдзӕхст,фидӕн чиныгимӕ баст кӕй у,уый тыххӕй.Фыссӕг йӕхи уӕлдай амондджыныл нымайы ,йӕ мад кӕд бынтон ӕнахуыргонд уыдис,йӕ фыд та кӕд кӕсын ӕмӕ фыссын ӕдӕрсгӕ зыдта,уӕддӕр ,сӕ хӕдзары аив литературӕйӕ тӕккӕ фыццаг чингуытӕ фӕзынд ,уыдонимӕ «Нарты кадджытӕ» кӕй разынд.



Уыцы бӕллиццаг хъӕздыгдзинад кӕй нӕ бандава,уый цавӕр адӕймаг хъуамӕ уа!Музаферӕн уый уыдис алӕмӕтон дунемӕ ӕргъӕу дуары хуызӕн. «Нарты кадджытӕй»йӕ зӕрдӕйы ӕнӕвнӕлд къуымты фыста йӕ дзырдта аив фӕзилӕнтӕ,йӕ алӕмӕты фӕлгонцты ӕрттивгӕ хуызтӕ.Афтӕмӕй ,1952-ӕм азы каст фӕцис Бӕрӕгъуыны авдадзон скъола ӕмӕ бацыд сӕ сыхаг хъӕу –Дыгуры районы Николаевскы станицӕйы астӕуккаг скъоламӕ.Каст ӕй куы фӕцис,уӕд 1955-ӕм азы йӕ ахуыр адарддӕр кодта Къостайы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты.



Уый фӕстӕ куыста газет «Рӕстдзинад»-ы редакцийы литкусӕгӕй,сӕрмагонд уацхӕссӕгӕй,культурӕйы хайады сӕргълӕууӕгӕй.1971-1973 -ӕм азты д фӕсивӕды газет «Молодой коммунист»ы редактор.1973 –ӕм азы йӕ арвыстой Мӕскуымӕ СЦКП –йы ЦК –ы цур Уӕлдӕр партион скъоламӕ ӕмӕ йӕ 1975 –ӕм азы каст фӕцис сырх дипломимӕ.Мӕскуыйы ахуыр кӕнгӕйӕ,уыцы –иу рӕстӕг куыста Горькийы номыл Литературон институты хистӕр ахуыргӕнӕгӕй.





Партион скъолйы фӕстӕ куыста СЦКП –йы Цӕгат Ирыстоны обкомы инструкторӕй;фӕстӕдӕр –ЦИАССР –йы Телеуынынад ӕмӕ радиохъусынады паддзахадон комитеты сӕрдары хӕдивӕгӕй. Ныр дӕсгай азты зӕрдиагӕй кӕ Ирыстоны сабиты журнал «Ногдзау» -ы сӕйраг редакторы куыст.





2. 2. Дзасохты Музафер-адӕмон поэт

Дзасохы-фырт у цардаразӕг,цардфӕлдисӕг ӕмӕ йӕ иу ран лӕууынмӕ не ‘вдӕлы. Ӕппынӕдзух дӕр кӕны сфӕлдыстадон куыст,фӕллад ницӕмӕ даргӕйӕ,ӕмӕ йын аивады,царды тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ бантыст саразын.Алы ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр йӕ раттӕг адӕм,йӕ фыдыбӕстӕйы лӕггад йӕхирдыгонау фӕфиды ,ӕмӕ сӕм Музафер ӕрвылбон дӕр сфӕлдыстадон хуынтӕ кӕй хӕссы ,уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ уа сӕрыстыр.

Ирыстон цӕмӕй дардмӕ зына ,дуне йӕ уына ӕмӕ йын аргъ кӕна,уый тыххӕй йӕхӕдӕг хъуамӕ кӕса дунемӕ ,ӕвӕра йӕ бӕрзонд ,йӕ цард бӕтта дунейы цардимӕ,ӕмӕ йын уыцы стыр ,ӕвӕджиауы хъуыддаджы йӕ хъӕбултӕй иууыл ахадгӕдӕр ӕххуыс чи кӕны ,йӕ уыцы фырттӕм цӕуылнӕ хъуамӕ дара хъулон зӕрдӕ? Цӕуылнӕ сӕ хъуамӕ уа сӕрыстыр ,буц ӕмӕ райгонд?Ӕмӕ уыцы фырттӕм ,ӕнӕдызӕрдыгӕй ,хауы Дзасохты Музафер. Йӕ фыдыбӕстӕ ӕмӕ йӕ адӕмы лӕггӕдтӕ йе ‘нувыд куысты фӕрцы ӕрмӕст фидгӕ нӕ кӕны ,фӕлӕ Ирыстон ӕмӕ ирон адӕмы йӕ аивады фӕрцы ,йӕ бон куыд у ,афтӕ исы бӕрзонд ,цӕмӕй дунейы адӕмӕн уой цӕвиттойнаг.Уый йӕ царды нымайы йӕ иууыл стырдӕр хӕсыл ӕмӕ ,уый ӕххӕст кӕнгӕйӕ ,исы зӕрдӕйы ӕхцон ӕмӕ ӕнцой.

Йӕ раттӕг ,йе схӕссӕг фыдыбӕстӕн йе ‘мдзӕвгӕ «Ирыстонмӕ»-йы сӕрыстырӕй афтӕ кӕй зӕгъы ,ома,мӕ «адзалы бон дӕ цуры ӕгад ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй» куынӕ ‘рлӕууон ,уӕд-иу мын мӕ цард хъӕбатырдзинад хон,уый ӕмбӕрст у – поэт ын йӕ лӕггӕдтӕ ӕнувыд куысты фӕрцы фиды ӕмӕ кусы ,йӕ хъару ,йӕ хъуыдыйы авналӕнтӕ ,йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ йын йӕ къух куыд аразынц ,афтӕ,йӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ.Ӕмӕ уый нӕ абоны хуызӕн лӕгӕвзарын дуджы нымад у стыр кадыл.



2.3.Музаферы сфёлдыстадон бынтё

Нӕ адӕм сӕрыстыр кӕмӕй сты,уыцы «Нарты кадджытӕ» кой уымӕн ракодтам ,ӕмӕ Музафер хӕрзӕвзонгӕй уый фӕрцы кӕй райдыдта аив дзырды базыртыл тӕхын.Кадджыты алӕмӕты ӕвзаг ӕмӕ диссӕгтӕ ,тӕмӕссӕгтӕ йӕ сайдтой сӕ фӕдыл.Уыдон кӕсгӕйӕ фӕцалх ӕмдзӕвгӕтӕ фыссыныл,сӕхи хъӕуы авдазон скъолайы ма ахуыр кодта ,уӕд.Фыццаг хатт йе ‘мдзӕвгӕ «Фӕззӕг» 1954-ӕм азы Ӕрыдоны районы газет «Ленинон»-ы куы фӕзынд, уӕд йӕ цинӕн кӕрон нал уыдис. Ӕрыгон лӕппуйы уыцы хъуыддаг ноджы тынгдӕр сразӕнгард кодта сфӕлдыстадон куыстмӕ.Нал зыдта ӕнцой ,ӕмӕ йӕ аивад ӕвӕллайгӕйӕ абон дӕр иу ӕнтыстӕй иннӕмӕ скъӕфы йе ‘нӕуынгӕбазыртыл.

Йӕ поэтикон уацмысты фыццаг ӕмбырдгонд «Фыды фарн» 1964-ӕм азы рухс федта,уӕд дзы ссардта,йе ‘мкъаимӕ цӕрынӕй ӕмӕ йӕ хъӕбулты хуртӕй чи нӕ бафсӕст ,йӕ уыцы ӕдзард мады ном. Фӕлӕ ,чиныгмӕ цы уацмыстӕ хаст ӕрцыд ,уыдон ,мыййаг ,ныййарджытам хъӕбулы уарзтыл нӕ фӕуд кӕнынц,кӕд уый дӕр къуындӕг темӕ нӕу,уӕддӕр.Сӕ тематикӕйау ,уацмысты арӕзтау ,сӕ поэтикон авнӕлд ӕмӕ бирӕ фӕзилӕнтӕ сты алыхуызон ӕмӕ цымыдисаг.Ӕмӕ уыдӕттӕ иууыл иумӕ дзурӕг уыдысты уӕды ӕвзонг,ӕнӕзивӕг ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд Поэты ӕнтыстытыл.Ахӕм ӕнтыст та цыфӕнды кары аивады кусӕгӕн дӕр сӕрыстыры хос у,ӕмӕ Музафер аив литературӕйы цӕуылнӕ хъуамӕ куса уӕхскуӕзӕй!

Ёвзонг поэт царды ёввонг кад ёмё ёнтыстмё нё тырны, фёлё архайы, цёмёй йё къухы бафтой йёхи уды фёллойы руаджы. Сыгъдёг удёй йёхи хъаруйы руаджы кёй тырны хъуыдыты ёфсургъ рцахсынмё, уыцы хорзён абарён ницёимё ис. Ёмё уыцы хъуыды ёнёаскъуынгё тагёй хизы йё чингуытём : «Ракёндзынён дын мё зарёг», (1968), «Зёххы уёз» ( 1973), « Иры дзыхъхъ» ( 1984) , «Уыцы боны фарн» ( 1996), «Арв ёмё зёхх» (1996), «Цёрадзонты хъуытаз» (2005), «Заман ёмё замана» (2009) , ёртётомон «Зондёмё амонд» (2011), «Дёллаг Ир» (2007)





Музафер йӕ уацмысы цы фӕлгонцтӕ сарӕзта,уыдон сты ӕнӕхъӕн галерейы фаг,ӕмӕ сӕ алкӕуыл дӕр ӕнцайы йӕхи уӕз.Хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр иумӕ ӕххуыс сты,бинонтӕ бинонтӕ цӕмӕй вӕййынц ӕмӕ ӕмбаст кӕимӕ ӕрцӕуынц ,ӕппӕт уыдӕттӕ ӕвдисынӕн.Ӕмӕ афтӕмӕй тынгдӕр цӕуынц чиныгкӕсӕджы зӕрдӕмӕ.

Йе сфӕлдыстадмӕ ис ӕндӕр цымыдисаг миниуӕг дӕр –йӕ прозаикон уацмыстӕ иууылдӕр цыма иу стыр удӕгас буары хицӕн хӕйттӕ сты.Улӕфынц,цӕрынц сӕхи сӕрмагонд цардӕй ,фӕлӕ уыимӕ сты,кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнӕн кӕмӕн нӕй ,ахӕм уӕнгты ӕнгӕс.Йӕ хъайтартӕй бирӕтӕ сӕ ахсиджиаг дзуринӕгтимӕ хизынц иу уацмысӕй иннӕмӕ

Дёсны у Музафер дыууёрёнхъонтё ёмё цыппаррёнхъонтё фыссынмё дёр . тынгдёр дзы фёцыдысты мё зёрдёмё мёнё ацы рёнхъытё :

Дыууёрёнхъонтё

Хистёртён бынат цы кёстёртё нё дёттынц, уыдонён.

Ёххёст ёз нё хонын уё иуы дёр зондёй:

Ёрыгёттёй бадут, лёудзыстут зёрондёй.



Ёгад цард

Ёз бакёндзынён сомы дёр, ёз бахёрдзынён ард:

«Ёгады цардёй чи цёры, нёй уый цард хонён цард!»



Тёккё стырдёр рёдыд

Ёнёрёдыд хоныс дёхи кёд, ёвыд,

Уёд уый у дё тёккё ыстырдёр рёдыд.

Цыппаррёнхъонтё

Фёсаууонмё ёппёлёг

Ёцёг лёгёй ёцёг лёг

Нё ракёндзёни хъазт:

Фёсаууонмё ёппёлёг

Нё дзуры мёнг, у раст.



Рёстдзинады фёндаг

Зёгъдзынён ёй кёмфёнды

Ёргом дзурын- мё уаг:

Рёстдзинадмё фёсвёдты

Лёг не ссардзён фёндаг.

Адёмён аргъгёнёг

У зынхёссён адёймаджы уаргъ,

Хорз ёвзёрёй кён кёмфёнды хицён…

Адёмён цы лёг фёкёны аргъ,

Аргъ кёны фыццагдёр уый йёхицён.

2001 азы 19 ноябрь

2.4.Музафер- тёлмацгёнёг

Музафер ма иттёг хорз зоны тёлмац кёныны сусёгдзинёдтё. Уымё гёсгё фысджыты уацмыстӕй кӕй раивта нӕ мадӕлон ӕвзагмӕ ,уыдон дӕр сты тынг бирӕ ӕмӕ хъӕздыгдӕр кӕнынц нӕ нывӕфтыд литературӕ ӕмӕ нӕ мадӕлон ӕвзаджы авналӕнтӕ.Йӕхи уацмыстӕ дӕр ын бирӕ адӕмтӕ кӕсынц сӕхи ӕвзӕгтыл .





Омар Хаям ӕнӕхъӕн дунейы зындгонд у.Йӕ рубаитӕ йын ирон ӕвзагыл иууыл аивдӕр сдзурын кодта Музафер!У.Шекспир(йӕ сонеттӕ йын ратӕлмац кодта иууылдӕр -154),А.Линдгрен, П.Трэверс, Д.Родари, А.Сент –Экзюпери, Дж.Стейнбек, Г.К.Андерсен, Э.Сетон-Топсон, П.Абрахамс,П .Мериме, С.Цвейг, Хетӕгкаты Къ.,Л.Толстой, А.Пушкин, М.Лермонтов,И.Тургенев,С.Михалков,Д.Мамин-Сибиряк,Э.Успенский,Ю.Яковлев,Цӕлыккаты А.,Тугъанты Б.,Н. Лесков , А.Чехов,И.Дурце,Н.Йорданов,Н.Воронов,Ш.Чкадуа,М.Ибрагимбеков ,Я.Илек,С.Моэм,Т.Миннуллин,В.Беллов,А.Галинин,М.Зощенко,М.Булгаков,А.Вампилов,В.Розов,А.Островский,А.Камю ӕмӕ иннё зындгонд фысджыты уацмыстё .Дзасохты Музаферӕн иу ӕнтыст иннӕйы фӕдыл йӕ къухы ӕфты, ӕппынӕдзух агурыны фӕндагыл кӕй лӕууы ,йӕхицӕн иу ран ӕрбадыны фадат кӕй нӕ дӕтты ,уый фёрцы.











































Фёсныхас.



Мё иртасён куыстён ёрмёг ёмбырдгёнгёйё мён фёндыд Музаферы сфёлдыстад хуыздёр базонын .

Скодтон ахём хатдзёгтё:

1.Цас фылдёр куыстон проектыл ,уыйбёрц мём Музаферы сфёлдыстад касти цымыдисёй- цымыдисдёр, уымён ёмё куыд дарддёр , афтё мёхицён ёргом кодтон йё миддуне, йё бёллицтё.

2.Музаферы сфёлдыстады сёйраг тематикё у уарзондзинад йё Райгуырён бёстёмё, ныййарджытём, кёстёр ёмё хистёр фёлтёрмё- иумёйагёй цардмё.

3. Ёхсызгон ма мын уыд иу хъуыддаг: не скъоладзауты хистёр фёлтёрёй не ссардтон ахём ахуырдзау , кёцы нёу зонгё Музаферы сфёлдыстадимё. Кёстёртё та – иу куы фехъуыстой журнал «Ногдзау», зёгъгё, уёд –иу сё цёстытё ёхсызгон ёрттывд фёкодтой. Мён уырны, ёмё уыдон дёр мён фёзмгёйё архайдзысты дарддёр ёмё мёнёй ноджы хуыздёр зонгё кёнын нё Ирыстоны номдзыд хъёбёлты сфёлдыстадимё.

Уымё гёсгё фёнд кёнём не скъоламё фёхонын





























Спайдагонд литературё:

  1. Дёллаг Ир. Чиныгуадзён «Ир» Дзёуджыхъёу, 2007.

  2. Цёрадзонты хъуытаз. Ёмдзёвгётё, тёлмацтё. Чиныгуадзён «Ир» Дзёуджыхъёу 2005.

  3. Ирон литературё. Ахуыргёнён чиныг. Дзёуджыхъёу «Ир», 2014,

ф. 16.

4. Осетия и осетины. ДЗАУ – Владикавказ, 2009, ф.784.



10