Темæ. Мады рæвдыдмæ бæлгæйæ.
Нысан: рацыд æрмæгыл ахуырдзаутимæ лæмбынæг
æрлæууын; сывæллæтты цæстæнгас сабиты
царды уавæртæм равзарын;
ирон литературæмæ уарзондзинад.
Хъомыладон куыст: хистæртæн æмæ ныййарджытæн аргъ кæнын.
Фæйнæгыл Къостайы нывтæ(«Дурсæтджытæ», «Донмæ») æмæ ахуырдзауты нывты равдыст.
Нырыккон технологитæ: интерактивон фæйнæг, компьютер.
Урочы цыд: I. бацæттæгæнæн рæстæг.
(ахуырдзауты сразæнгард кæнын).
II. Рацыд æрмæг равзарын ахуырдзаутимæ.
-Уæ бонтæ хорз, сабитæ!
-Мæн фæнды абон сымах балцы ахонын. Ацæудзыстæм фыййау хæххон сæрвæттæм. Цымæ кæимæ цæуæм балцы?
-
-Чи уыд Бецал?
-
-Æркæсут ма уæ уавæртæм, уæ дарæсмæ, уæ кæрæдзимæ. Зæгъут ма, исчи уæ исты хъуаг у? Уæдæ,сымах карæн лæппу цæмæн цыд фыййау, цæуылнæ цыд скъоламæ ахуыр кæнынмæ?
-
-Чи уыд Хъуыдайнат?
-
-Цавæр цæстæй кастысты лæппумæ Хъуыдайнат æмæ йæ бинонтæ?(текст 138 фарс.)
III. Бецалы бæллицтæ.
-Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут: фыстæ апырх сты сæрвæты, Бецал йæхи аппæрста цъæх кæрдæгыл æмæ арвмæ кæсы. Цытæ уыны арвыл?
-
-Кæдæм ахастой Бецалы йæ бæллицтæ?
-
-Кæимæ тох кæны Бецал арвмæ кæсгæйæ? Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны?
-
-Цы ма ауад йæ цæстытыл?
-
-Æмæ цымæ дзæбидыр та цы нысан кæны, сымахмæ гæсгæ?
-
-Бирæ фæкаст арвмæ æмæ æвиппайды йæ цæстытыл ауад æврагъыл кæйдæр сурæт?
-текст 137 фарс.
-Цы æрлæууыд Бецалы зæрдыл йæ мады сурæт фенгæйæ?
-
-Цæуыл сагъæс кодта лæппу йæ мады сурæт фенгæйæ?
-текст 138 фарс.
-Цымæ йæ мады цæмæн мысыд?
-
-Цæй æхсызгон уыд Бецалæн йæ мады фенын… Фæлæ æвиппайды цыдæр æрбаци æврæгътæй йæ сурæт.
-текст 139 фарс.
-Кæд йæ мады сурæт æрбайсæфт, уæддæр цас æхсызгондзинад æрхаста уыцы фембæлд Бецалæн. Цас фæлмæн æнкъарæнтæ сæвзæрд йæ гыццыл зæрдæйы.
IV. Æрдзы нывтæ(Пейзаж).
-Æркæсут ма уацмысы кæронмæ(бакæс.) Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, æрдзы нывтæй фыссæг куы фæпайда кæны, уæд уый мах хонæм?..
-Пейзаж у…
-Уæдæ мах абон балцы ацыдыстæм кæимæ? Цавæр лæппуимæ базонгæ стæм?
-
-Уæ зæрдыл ма æрлæууын кæнут, æрæджы цавæр фыссæджы цыдыстæм, йæ мады уындмæ бæлгæйæ чи рæзыд?
-
-Абон нæ урочы эпиграфæн ист æрцыдысты мæнæ ацы ныхæстæ(равзарын эпиграф)
-Фæйнæгыл нæм фыст сты æмбисæндтæ. Бакæсæм сæ æмæ зæгъæм, цæй тыххæй сты?
-
-Уæдæ ма мын зæгъут, нæ абоны æрмæг цæй тыххæй уыд? Цæмæ бæллыд чысыл Бецал?
V. Улæфты рæстæг(физминуткæ).
-Куыд загътат, афтæмæй абон нæ урочы темæ у «Мады рæвдыдмæ бæлгæйæ»
-Ныр та иугыццыл аулæфæм. Уæ хорзæхæй, уæ цæстытæ бацъынд кæнут, уæ мадæлтæ уæ цуры,цыма,бадынц,ахъæбыс сын кæнут,йæ рустæ йын æрсæрфут,дæ русын йæ русыл авæрут,а ба йын кæнут.(Суанты Кимы, кæнæ Хадыхъаты Аллæйы зарæг мады тыххæй)(Интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы презентаци: мад æмæ сабийы тыххæй)
-Уæ хорзæхæй, абарут ма ацы къамтæ Х.Къостайы конд нывтимæ.
-
-Сидзæр сывæллæттæ гыццыл кæй нæй, уый зонут. Зæгъут ма, кæм цæрынц ахæм сабитæ?
VI. Къордтимæ куыст.
-Уыдис ма уын иу хæслæвæрд. Стут æртæ къорды æмæ алы къорд дæр хъуамæ ссардтаид
æмдзæвгæ мады тыххæй. (сывæллæттæ кæсынц æмдзæвгæтæ)
Урочы кæронбæттæн.
-Уæдæ скæнæм хатдзæгтæ(Рефлекси). Абон мах æрныхас кодтам…
-
-Абон фыййау дæр ацыдыстæм, сыгъдæг уæлдæфæй бафсæстыстæм, зæгъут ма,цы нæ фæцыд уæ зæрдæмæ?
-
-Æмæ цæугæ та цы фæкодта уæ зæрдæмæ?
-
-Абоны урок мæ фæнды фæуын мæнæ ацы ныхæстæй: «Мæ мадæн лæварæн мæ уд дæр дæттын».МАД… Æвæццæгæн æмæ мадæн йæ сывæллонæй зынаргъдæр ницы ис зæххыл, уæдæ сывæллонæн дæр афтæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй бирæ азты уæ мадæлтæ уæ фарсмæ уой, сæ рæвдыдæй æфсæст ут. Сымах та уæ ныййарджыты куыд уарзат, аргъ сын куыд кæнат æмæ сæ фæндиаг ут.Хуыцау уæ ахæм хорз лæппутæ æмæ чызджытæ скæнæд ,цæмæй конд ныййарджытæ нæ,фæлæ æппæт Ирыстон йæ сæр бæрзæндты хæсса.
-Нæ уазджытæн дæр стыр бузныг, арфæгонд ут, уæ цоты хуртæй æфсæст ут, сæ зындзинад сын макуы фенут.
-Цæмæй нæ урок бынтон æнкъард ныхæстæй ма фæуа,уый тыххæй байхъусæм хъæлдзæг зарæгмæ(«Иналы зарæг»)
_Кæй бакуыстат,уый тыххæй уын ,æнæмæнг,бæрæггæнæнтæ æвæрд æрцæудзæн.
-Х/К: цыбыр радзырд «Мæ уарзон мад»
-Стыр бузныг!
Темæ. Мады рæвдыдмæ бæлгæйæ.
Нысан: рацыд æрмæгыл ахуырдзаутимæ лæмбынæг
æрлæууын; сывæллæтты цæстæнгас сабиты
царды уавæртæм равзарын;
ирон литературæмæ уарзондзинад.
Хъомыладон куыст: хистæртæн æмæ ныййарджытæн аргъ кæнын.
Фæйнæгыл Къостайы нывтæ(«Дурсæтджытæ», «Донмæ») æмæ ахуырдзауты нывты равдыст.
Нырыккон технологитæ: интерактивон фæйнæг, компьютер.
Урочы цыд: I. бацæттæгæнæн рæстæг.
(ахуырдзауты сразæнгард кæнын).
II. Рацыд æрмæг равзарын ахуырдзаутимæ.
-Уæ бонтæ хорз, сабитæ!







