СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

"Нарты кадджытæ".

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

                                          О, Ахуыргæнæг! Кадджын у дæ ном!                                                                                                     Ды дæ æдзух сæрмагонд кады аккаг.                                                                      Дæ фæрцы свæййы адæймаджы ном                                                                Рæсугъд дзырдтæ, нæртон зарæджы аккаг.

Просмотр содержимого документа
«"Нарты кадджытæ".»

Сослан – галиуырдыгæй. Рахæссы æртæкъахыг фынг æртæ чъириимæ. Æхсар – бæгæныйы къус. Хъисын фæндыры цагъдмæ хистæртæ кувынц :

О, Стыр Хуыцау! Хетæджы Сыгъзæрин Уастырджи! Дæумæ кувæм, Дæуæй курæм, сыгъзæрин Уастырджи! Иумæ : Табу Дæхицæн!

2 – аг. Дыгурон. Байрагæй бæхгæнæг, Лæппуйæ лæггæнæг ! Нæ кæстæртæ де уазæг, сыгъзæрин Уастырджи! Табу Дæхицæн! Иумæ: Оммен!

3 – аг. Къуыдайраг.

Нуазы бæгæны зарæг «Айс æй, аназ æй» - мæ æмæ Уацамонгæйы къус дæтты кæстæрмæ.

Хъисын фæндыры цагъд фæхъæрдæр. Хистæртæ æрхызтысты сценæйæ, чызджытæ дæр алырдæм ацыдысты. Музыкæ. Кæстæр кафы, Уацамонгæйы къус йæ къухы, афтæмæй. Дыууæрдыгæй йæ размæ рагæппытæ кодтой кафгæ Сослан æмæ Аслан. Акафыдысты. Æмбæрзæн сæхгæд.

3 – аг архайд.

Астæумæ рацыд сырхкъабаджын чызг музыкæмæ « Ироны зæрдæ», йæ къухы æхсаргард. Сырх – уый у лæгдзинады, тохы, ныфсы æмæ уæздандзинады нысан. Æхсаргард зæххы сагъд у алæмæт. Уымæн «Табу» кодтой Скифтæ сæ уæрджытыл лæугæйæ.

Куыд тынг нæ фæнды, цæмæй нæ фидæны фæлтæрты дадзинты нæртон туг скуса, цæмæй нарты адæмау се 'хсæн уа геройтæ, хъахъхъæнджытæ, хъæбатыртæ. Цæмæй сæрыстыр уой сæ хъаруйæ, сæ лæгдзинадæй!

( Æмбæрзæн байгом æхсаргæрдты зæллангмæ) Цæмæй знаг фæтæрса фыранкы бакастæй.

Хæмыц, Уырызмæг, Сослан, Батрадз, Æхсар æмæ Æхсæртæг.

Нæ ныфс, нæ кад , нæ фарн , нæ намыс! Нæртон симд! Кафут Зилахары!

Сырхкъабаджын чызг ацыд сценæйы фæстæмæ.

4– æм архайд.

Дымгæ сыстад. Хъуысы къуыззитт. Цæгъды æнкъардæй дыууадæстæнон. Сценæмæ схызти Сырдон дыууадæстæноны цагъдмæ.

— Сырдоны та ферох кодтат, фæлæ уæм æрбацыдтæн. Æз дæн Донбеттыры байзæддаг — Нарт Сырдон. Райгуырдтæн Дзерассæ — рæсугъдæй дунемæ.Мæ къухты Уацамонгæйы къус нæй! Мæ къухты ис дыууадæстæнон фæндыр. Мæ сывæллæтты стджытæй конд. Сымах сыл нæ бацауæрстат, Нарт! Ницæимæ абарæн ис мæ хъыг, мæ маст. Хуыцау уæ бахизæд уымæй! Мачи уæ бавзарæд йæ хъæбулы мæлæт! Мæ зæрдæйы арфæй цæуы мæ хъæрзын , хъыг , сæфт, ныфссастæй. Куыд цæргæ – ма у ныр?!

(Музыкæ «Смерть Озе» - хъæрæй).

Нартæ æруагътой сæ сæртæ, иуæй – иутæ сæрфынц сæ цæссыг.

1.Нарт Уырызмæг: Ныхъхъус у, Сырдон, махыл нæ фидауы кæуын!

2.Нарт Сослан: Мах — Нартæ, æнæбасæтгæ стæм.

3.Нарт Батрадз: Нæ зæрдæтæ нын фæйнæрдæм скъуыныс!

4.Хæмыц: Гъе, хинæйдзаг Сырдон! Дæ ныхæстæ – марг. Цы 'рхъуыды кодтай? Нæ худинагмæ нын бæллыс?

5.Нарт Æхсар: Банцай, æнамонд, кæннод бæллæхы бахаудзынæ! Нæ цæссыгтæ – дæ маст, дæ марг!

6. Нарт Æхсæртæг: Хæйрæг, ды дæхи мæлæты аккаг нæ дæ! Зилахары фæзы мах къухæй ссардзынæ мæлæт!

7. Батрадз: Хæмыц , фесаф æй нæ цæстыты цурæй!

Алчидæр къахдзæф кæны Сырдоны размæ.

Сырдон баурæдта йæ цагъд , Нарты алы ныхасмæ дæр фæстæмæ акъахдзæф кæны, тынгдæр æргуыбыр кæны йæ сæр, стæй æвиппайды ракъахдзæф кодта размæ æмæ лæгъстæгæнæгау дзуры Хæмыцмæ:

— Хæмыц , ды мын бабын кодтай мæ сывæллæтты , æмæ мæ бауадз фæндырæй цæгъдын, мæ мæгуыр сывæллæтты стджытæй, цæмæй сæ мысон æнкъард цагъдæй, кæнæ мæ амар ныртæккæ , мæнæ ацы ран – Зилахары!

Хæмыц систа кæлмæрзæн, чызг кæй аппæрста, уый.

Хъуысы æнкъард цагъд хъисынфæндырæй.

Сырдон хæстæг бацыд Хæмыцмæ.

— Цæр æнусмæ , фæндыр, хъæбатыр, æхсарджын Нарты къухы!

Дæтты хъисфæндыр нартæн лæварæн.

— Хуыцау уæ бахизæд æмæ макуы бавзарут уæ сывæллæтты сæфт!

Нартæ ацыдысты сценæйæ æхсаргарды хъæрмæ. Хæмыц баззади. Сабыргай бацыди Сырдоны размæ, бандзæвыд ын йе уæхскыл. Ацыди. Æрхызти залмæ. Сырдонæн йæ тых фесæфти, æрхаудта йæ иу зæнгыл, йæ къухæй йæ цæсгом æхгæны, æмбæхсы йæ цæссыгтæ.

Дымгæ. Уарын. Арвы нæрын. Хæцæнгæрзты æмæхст , адæмы хъæр, сылгоймæгты хъыллист.

Сырдон йæ сæрмæ фæлæбурдта. Сыстад , кæсы дардмæ æмæ дзуры йæхинымæр:

— Раст, афтæ хъуыстон мæ сывæллæтты хъæр. Уынын! Хъусын! Хъæр. Туг, дзынæзт. Беслæны мадæлты кæуын!

(Хъуысы «Додой»-ы музыкæ).

Мин – мин азты фæстæ нарты , сæрмæтты.скифты æмæ аланты байзæддæгтæ хъуыды кæндзысты Беслæны æдзард сывæллæтты. Знагæн нæ ратдзыстæм нæ Бæстæ! Чи нæм æрбацæуа æхсаргардимæ, уый æхсаргардæй ссардзæн мæлæт! Сымахмæ дзуры уый, Сырдон!

(Æрхызт залмæ).

5-æм архайд.

Хъуысы «Хосгæрдджыты зарæг». Залæй сценæмæ схызтысты хосгæрдджытæ.

1-аг хосгæрдæг – Сослан дзуры: Ох, тынг тæвд бон скодта абон.

2-аг – Аслан: Уæддæр тынг хорз бакуыстам , нæ къухтæн улæфт нæ радтам , ныккарстам , скодтам хосы мæкъуылтæ.

Сослан дзуры Асланмæ: — Цæй , цы зæгъыс , цы ныхъхъус мæ хæлар? Мæнмæ гæсгæ , кæйдæр бауарзта. Кæд нæ фæхондзынæ чындзæхсæвмæ?

Аслан: — Æмæ чындз та ? Нæхи хъæуæй у?

Сослан: — Нæ дын æй схъæр кæндзынæн, нæ.

3 – аг хосгæрдæг Æхсар : (Бустæгæнгæйæ дзуры). — Сымах уадз, уæд райсоммæ дæр дзурдзыстут. Акæсут – ма, цас кæрдинаг ма нын ис , уымæ! Сымах та ус курыны кой кæнут! Хорз чындздзон чызгмæ зивæггæнаг усгур æгад у. Иу чысыл аулæфæм, æмæ та – кусгæ!

Сослан: — Мæнæ амæй дæнцæг ис дæхицæн. Цæргæс. Лæг. Хæстон. Кусаг! Алцæмæй дæр хъуыстгонд.

Сослан дзуры Асланмæ хынджылæгæй: — Уæдæ мæнæ ды? Аслан, хæтæгцард чи кæны, уый?

( Æрбадтысты кæрдæгыл).

Аслан райста фæндыр æмæ зарынц «Хосгæрдджыты зарæг». Райхъуыст «Хонгæ». Аслан фæлгæсы дæрддыл æмæ дзуры:

— Æнхъæл дæн, æмæ нын дæ хотæ хæринаг æрбахæссынц. Диссадж рæсугъд чызджытæ!

Æхсар фæрæвдз, фестад кæрдæгæй æмæ дзуры:

— Зæлинæ дæр семæ и?

Сослан: — Фатимæ дæр?

Æхсар: — Фатимæ дæр!

Фæзындысты Сосланы æртæ хойы. Лæппутæ сыстадысты. Хотæй иу дзуры :

— Мæнæ уын Нана хæринаг рарвыста.

Чызг йæ сæрæй акуывтаæмæ хæринаг радта йе 'фсымæрмæ. Чызджытæ цæуынвæнд скодтой, кæрæдзиимæ ныхас кæнынц, афтæмæй.

Сослан дзуры йæ хо Фатимæмæ:

—Кæдæм тагъд кæнут, цы нæ сусæг кæнут?

Фатимæ дзуры Сосланмæ сусæгæй:

— Абон нæ сыхаг чызгмæ сусæгцыд уыдзæн.

Сослан: — Ооо, гъеуый дын ног хабар! Хуыцауæй разы, кæдæй – уæдæй Хазби ус курыны фæнд скодта! Уæдæ тагъд рæстæджы æнæхъæн хъæуæй дæр чындзæхсæвыл цин кæндзыстæм!

Мæдинæ дзуры Сосланмæ:

— Æмбæлы, мах ацæуæм?

Сослан дзуры йæ хотæм:

— Тынг хорз хабар у уый! Уæдæ, лидзгæут уæ хæлармæ.

Аслан:

— Уæхи хъахъхъæнут, фæндагыл уæ мачи аскъæфæд!

Æхсар хъуыдыты аныгъуылд. Кæсы чызджыты фæдыл. Дзуры Сосланмæ:

— Замманай хотæ дын ис. Уæлдайдæр Зæлинæ! Уæларвон зæд! Мæнæ бакусдзынæн ирæды фаг æмæ уæм минæвæрттæ барвитдзынæн.

(Аслан мидбылты худгæйæ кæсы Æхсармæ æмæ дзуры):

— Мæнæ ма иу усгур. Дыккаг Хазби! Быдыры та ма чи кусдзæн? Мауал кæсут чызджыты фæдыл, фаг у! Сослан, ды та цы ныхъхъус дæ? Фынæй бадæ?

Сослан сыстад , дзуры Æхсармæ:

— Æнхъл дæн, æмæ сæндæг , сойыфых , уæливых æмæ лывзæйы тæфæй дæ сæр разылд, раст цыма нарты æлутон банызтай. Диссæгтæ! Зæлинæ йæ зæрдæмæ цæуы! Уыйбæсты мæнæ Фатимæйы конд сæндæг , дзæрна æмæ дзыккайæ саход, йæ цæхæраджынмæ та мард дæр рабаддзæн!

(Лæппутæ минас кæнынц).

Сослан сыстад, æмæ мæстыйæ дзуры йе 'мбæлттæм:

—Æцæг лæг бирæ нæ фæдзуры , хæрдыл хæлоф нæ фæкæны, цыфæнды хæсты дæр вæййы ныфсхаст æмæ хъæбатыр – дзырдтой –иу нæ фыдæлтæ.

Æхсар дзуры Сосланмæ:

— Чи куыд кусы, афтæ хæры.

Аслан:

— Уый нын нæ зæрдиаг хæрдмæ хæлæг кæны!

Æрбадти æмæ цæгъды. Фæсивæд хъусынц. Æвиппайды фæуагъта йæ цæгъдын.

Сослан:

— Куыд тынг рæсугъд цæгъдыс , Аслан! Раст, нарты Ацæмæзы хуызæн!

Æхсар:

— Æз дæр æм хъусыныл фæдæн.

(Цæгъды уадындз).

Сослан:

— Ноджыдæр –ма иу ног хабар! Ницы фехъуыстат? Нæ бæстæмæ , дам, ссыдысты зындгонд ахуыргæндтæ, семæ , дам, Всеволод Миллер дæр! Фарон дæр ма нæм ссыди, мæ дадайы мын ирон адæмы ивгъуыдæй фарста, йæ болокноты цыдæртæ фыста.

(Райхъуыст арвы нæрын).

Æхсар:

— Уыцы арвæрттывд Уациллайы фæзындимæ баст у. Тагъддæр ацæуын хъæуы. Цы нæ вæййы.

(Хъуысы фæдис).

Аслан бацыди Æхсармæ. Дзуры тыхстæй:

— Хистæртæ мæ сымахмæ рарвыстой. Быдыры астæу , дам, арвыцæфæй Музафер амарди. Хъæубæстæ, стырæй, чысылæй, æмбырд кæнынц уыцы бынатмæ. Тынг хорз адæймаг уыди. Иудадзыг мемæ хъазыди, нарты тыххæй мын – иу дзырдта.

(Æрбадти дзуддзæджы, йæ къухæй йæ цæсгом бахгæдта).

Лæппутæ сæ худтæ систой , сæ сæртæ 'руагътой.

Сослан:

— Рухсаг у, Музафер!

Æхсар:

—Дзæнæты бад!

Аслан хæстæг бацыд лæппумæ æмæ йæм дзуры , сабыр æй кæны:

— Лæппу, нæ фыдæлтæ – иу афтæ дзырдтой , ахæм мардæй чи амæлы, ууыл , дам, кæуын не 'мбæлы, уый , дам, стыр тæригъæддзинад у. Уый Хуыцауы æвзæрст лæг у. Рухсаг у, Музафер!

(Сослан кæсы дардмæ, бацыди сценæйы кæронмæ).

Сослан:

—Æз æй хъусын, адæм стырæй , чысылæй куыд «Цоппай» кæнынц, уый. Уæртæ æрбакæнынц богъ ифтыгъдæй. Цом сæ размæ.

(Ацыдысты сценæйæ).

6 – æм архайд.

Экраныл æвдыст цæуы Тугъанты Махарбеджы ныв «Цоппай». Сценæйы бынæй кафы чызг, йæ къухы сау – сырх лентæ. Æмбæрзæн байгом. Алыгъди.

Дарддæр цæуы кафт «Цоппай». Кафты астæу залы фæзынди Миллер бæлццонимæ. Ныхас кæнынц.

Бæлццон:

— Всеволод Владимирович, цыдæр æнахуыр фæткмæ гæсгæ кæнынц сæ зианы хабар ирон адæм! Кæуыны бæсты зæрæдтæ цæгъдынц рагон инструменттыл, кафынц йæ алыварс «Цоппай» хъæр кæнгæйæ. Кæс – мА , Всеволод Владимирович, богъ ифтыгъдæй æрлæууыд уым æмæ ныгæнынц зианы.

Миллер:

— Мæ чысыл хæлар, Ацы зиан ныгæныны фæтк æз ныффыстон мæ очерк «Осетинские этюды» - йы. Хорз уаид, куы йæ бакæсис æмæ уый фæдыл дæ хъуыдытæ куы зæгъис, уæд.

Бæлццон:

—Всеволод Владимирович! Ды дæ тынг ахуыргонд. Ис дын немыцаг уидæгтæ. Тынг диссаг , зæрдиагæй кусыс ирон адæмы истори æмæ этнографийыл, сыгъдæг дзурыс иронау. Тынг уарзон цæстæй дæм кæсынц хохаг адæм, аргъ дын кæнынц!

Миллер:

— Мæн тынг дисы æфтауынц ирон адæм, сæ хъæздыг истори, сæ ивгъуыд. Мæ археологон къорд алы аз дæр уалдзæджы райдайæны фæаразынц къæхтытæ. Æрæмбырд кæнæм, аргъ кæмæн нæй , ахæм æрмæг , суанг- мА дунеон историйæн дæр. Æнæдызæрдыгæй , ирæттæ сты скифты , аланты фæдонтæ. Нарты эпос у ирон адæмы. Æрмæстдæр ирæттæ дзурынц уыдоны æвзагыл æмæ уацамонгæйæ фæкувынц Стыр Хуыцаумæ. Мæ хæлар, искуы хордтай ирон чъиритæ, нызтай Сатанайы æрхъуыды æлутон?

Бæлццон:

—Нæ. Æлутон та цы у?

Миллер:

— Æлутон у хуымæллæгæй конд нозт. Æртæ чъирийæн дæр ис сæхи нысаниуæг. «Симд» дæр , зæгъæн ис, у кафты хуызы Хуыцаумæ куывд. Мæ хур, цыма бафæлладтæн , афтæ мæм кæсы.

(Æрбадти).

Фарон уазæгуаты уыдтæн иу зæронд лæгмæ, кадджын, зындгонд фæндырдзæгъдæгмæ. Хъазмæхæмæт хуынди, фæлæ , хъыгагæн, нал хъуыды кæнын , кæм царди, уый.

(Хъавынц ацæуынмæ. Сæ размæ фесты хо æмæ æфсымæр).

Бæлццон:

—Хъуамæ , æнæмæнгæй, базонгæ уон йемæ.

(Хъуысы «Хонгæ». Фæзындысты дыууæ чызджы гогонтимæ. Куы ауыдтой дыууæ æнæзонгæ нæлгоймаджы , уæд сæ цыд фæсабырдæр кодтой. Æрлæууыдысты).

Миллер лæппуйы куы ауыдта, уæд бацин кодта æмæ йæм дзуры:

— Дæ бон хорз, Аслæмбег Амырханы фырт!

Аслæмбег:

— Æз дæ, бæгуыдæр , базыдтон. Дæ мыггаг у Миллер, дæ ном – Всеволод Владимирович. Ды дæ немыцаг, фæлæ Уæрæсейы цæрыс. Стыр ахуыргонд лæг дæ. Ам иууылдæр дæ кой куы кæнынц.

Миллер:

— Аслæмбег, Хъазмæхæмæт та кæм цæры?

Аслæмбег:

— Уый мæ дада у, мæ фæстæ цомут.

Миллер:

— Цомут, мæ хуртæ, Аслæмбег нæ бахæццæ кæндзæн Хъазмæхæмæты хæдзармæ.

(Ацыдысты).

7- æм архайд.

Райдайæн.

Сабыргай гом кæнын æмбæрзæн. Цæуы «Симд» - кафт. Кæрæдзийы фæдыл сценæйы астæумæ рацыдысты æртæ хуызы ; бур, сырх, урс.

— Уæ хæдзæрттæм фарн бацæуæд! Æнусон царды арт судзæд уæ фæрныг къонаты!

(Райдыдта «Чызджыты кафт» гогонтимæ).

Ныхас кæнынц дыууæ хойы:

Зæлинæ:

—Æвæдза, цæй тагъд згъоры рæстæг. Цыма знон уыдыстæм Ацырухсы «сусæг цыды». Чындзæхсæв дæр ахицæн. Мæй агæпп ласта. Нырма Ацырухсы уæдæй нырмæ донмæ рацæугæ нæма федтон. Тынг æй æрымысыдтæн. Бынтондæр нæ ферох кодта.

Фатимæ:

— Æдылы ныхæстæ мА кæн, мæ хо! Махмæ ахæм æгъдау ис. Æрмæстдæр мæйы фæстæ у йæ бон чызджытимæ донмæ рацæуын.

(Фæндыры цагъдмæ фæзындысты Сæлимæт йæ сыхаг Мæдинæимæ).

Сæлимæт:

— Чызджытæ! Чызджытæ! Æз уын ног хабар æрбахастон! Нæ сыхæгтæм ноггуырд ис! Æмæ цы дзæбæх у, уый та! Раст, уæларвон зæд! (дзуры кафгæйæ).

Зæлинæ:

—(мæстыхуызæй дзуры) Фæуадз – ма уал дæ кафын. Цы зæгъынмæ хъавыс, уый мА нын бæлвырддæр бамбарын кæн. Чызг у , æви лæппу?

Сæлимæт:

—Сымахæн цы уæлдай у, чызг , æви –лæппу, сывæллон æнæниз уæд, æндæр.

Фатимæ:

— Бирæ уæлдай! Дæлæ нæ сыхæгтæн цыппар чызджы ис. Фæндзæм дæр та йын чызг куы уа, уæд æй Налхъуыддæ схондзысты.

Зæлинæ:

— Уыцы ном та цы нысан кæны?

Фатимæ:

—Бинонтæн фæд –фæдыл чызджытæ куы фæгуыры , уæд фæстаг чызг – ноггуырдыл сæвæрынц ацы ном , ома , нал хъуыддæ, зæгъгæ. Нæ йæ зонут, махмæ лæппу бинонты дарæг кæй у, уый?

Зæлинæ:

— Мæгуыр йæ бон! Кæд чызг у, уæддæр æй Хуыцау амондджын фæкæнæд!

Сæлимæт (мæстæймарæгау дзуры):

— О, чызг у! Ныр уын куывд дæр нал уыдзæн , кæхц дæр, авдæнбæттæн дæр.

(Хъуысы лæппуты зарын ноггуырды номыл).

Фатимæ дзуры Зæлинæмæ:

—Мæнмæ гæсгæ, лæппутæ ноггуырд лæппуйыл зарынц.

Зæлинæ:

— Уæдæ лæппу у, нæ?! Асайдта та нæ ацы хатт дæр Сæлимæт.

Сæлимæт:

— Цæй, о. Уыдзæн уын чъиритæ дæр, хъазт дæр, хынджылæг дæр. Уыдзæн уын кæхц дæр, куывд дæр, авдæнбæттæн дæр.

(Цæуынмæ хъавы, фæлæ æвиппайды йæ размæ фесты лæппутæ).

Дзуры чызджытæм: —Чызджытæ , рауайут –ма, уæртæ Сослан æрбацæуы, Æхсар æмæ Аслан дæр йемæ сты!

Зæлинæ:

— Æхсар дæр семæ ис?

Сæлимæт(мæстæймарæгау):

— Æхсар дæр семæ ис!

Фатимæ:

— Аслан дæр?

Мæдинæ:

— Аслан дæр!

(Райдыдта «Рог кафт»)

8 – æм архайд.

Лæппутæ схызтысты сценæмæ. Салам дæттынц.

Сослан:

— Уæ бонтæ хорз , нæ хотæ!

Æхсар:

— Кафыны бар уын нæ дæ дæттынц?

Аслан:

—Ноггуырд лæппуйы тыххæй иу кафт!

(Фæсивæд кафынц «Рог кафт»).

Мæдинæ æмбырд кæны дидинджытæ, фæлæ хистæрты куы федта æрбацæйцæугæ, уæд тагъд кæны кафджытæн фехъусын кæнынмæ.

Мæдинæ:

—Хистæртæ ардæм æрбацæуынц. Хазби , Косерхан æмæ , цыма, Ефризæт æмæ Дуккæ æртæ чъириимæ.

Фæндырдзæгъдæг Аслан кæсы иуфарсырдæм, дзуры фæсивæдмæ:

Аслан:

— Бабын дæн! Чысылæй Ефризæтæй тынг тарстæн. Зæххыскъуыды – иу куы ныххаудаин, уый дæр – иу мæ фæндыди. Мæ хъус мын – иу сивæзта , æмæ – иу мын цалынмæ рагон хабæрттæ нæ ракодта, уæдмæ мæ – иу не суагъта. Бамбæхсут мæ, кæннод æнæ хъустæй баззайдзынæн.

(Райхъуыст «Сой» - йы мелоди).

Мелодимæ залæй сценæмæ хизынц Хазби , Гугыттæ . Хъазмæхæмæт, Косерхан йæ дыууæ хоимæ – Дуккæ æмæ Ефризæт. Фæсивæд ахæлиу сты. Хистæртæ салам дæттынц æмæ арфæтæ кæнынц.

Хазби:

—Бирæ нын цæрут! (дыгуронау).

Гугыттæ:

— Æнæниз , æнæмаст , амондджын ут! (иронау).

Хъазмæхæмæт:

—Хуыцау уын хорздзинæдтæ раттæд! Ноггуырд рæсугъд цард фæкæнæд!

Хазби:

— Афтæ цæмæ лæуут, фæсивæд? Хъазт –ма саразут! (дзуры хистæртæм) Мах та сбадæм, бакæсæм фæсивæдмæ.

(Хъазт йæ тæмæны бацыд).

Хазби кафынмæ рахуыдта Фатимæйы. Кафы. Уромæг æй уромын нал фæразы. Аслан æмæ йæм Сослан бацыдысты феххуыс кæнынмæ, фæлæ сæ уый аиуварс кодта. Дзуры дыгуронау:

—Æз æрыгонæй цы лæппу уыдтæн! Сæ хуыздæрты хуыздæр! Ус курын!

(«Сой» - йы музыкæмæ хистæртæ цæуынц сценæйæ, сæ фæдыл фæсивæд).

Ефризæт ауыдта Асланы.

Ефризæт:

—Мæ хæдзар! Аслан дæр ам куы ис! Кæс – мА йæм, йæхи мæ куыд амбæхста, уымæ! Ацы лæппу гыццылæй тынг фыдуаг уыди. Ныртæккæ та – усгур , куклайы хуызæн лæппу. Тагъд дæ чындзæхсæвы мыдæй ахæрдзыстæм.

КАосерхан:

— Хуыцау зæгъæд, æмæ уæ чындзæхсæвтыл цин куыд кæнæм!

Уыйфæстæ дзуры йæ хо Дуккæмæ:

—Ды та куыд зæгъыс, Дуккæ?

Дуккæ:

— О, иунæг кадджын Хуыцау! Мады Майрæм нæ ныхæстæ фехъусæд! Фыдбылызæй нæ бахъахъхъæнæд!

Ефризæт:

—Чызджытæ , æвæццæгæн æй фехъуыстат, лæппу нæм кæй райгуырд , уый.

Чызджытæ:

—Фехъуыстам, фехъуыстам.

Косерхан:

— Цомут – мА , чызджытæ мемæ, аххуыс нын кæнут , сывæллоны авдæны бабæттæм.

(Чызджытæ сразы сты).

Фатимæ:

— Æнæмæнгæй уын аххуыс кæндзыстæм. Цыдæриддæр хъæуы , уый скæндзыстæм, Косерхан.

Косерхан:

— Тæхудиаг , йæ хæдзары ахæм чындзытæ кæмæн ис!

(Иууылдæр ацыдысты сценæйæ. Æмбæрзæн сæхгæд).

11-æм архайд.

Авдæнбæттæн.

Чызджытæ , Фатимæ, Зæлинæ æмæ Сæлимæт.

Косерхан, Дуккæ, Ефризæт.

Сылгоймæгтæ цæттæ кæнынц авдæнбæттæнмæ. Зæлинæ узы авдæн æмæ дзуры Косерханмæ:

— Косерхан , сывæллоны мад – Ацырухсмæ фæдзурон?

Косерхан:

—Зæлинæ, мæ хур, нырма раджы у, куы хъæуа , уæд дын зæгъдзынæн. Фатимæ , дæхорзæхæй , уæртæ –ма мæм æфсæйнаджы гæбаз радæтт! (Фатимæ йæм дæтты æфсæйнаджы гæбаз). Зæлинæ, ды та –ма уал сывæллоны фæуадз Мæдинæйы бар , хæдзармæ бауай æмæ æфсинтæй кард кæнæ хæсгард ракур. Зонут æй , чызджытæ , цæмæн, уый? Цæмæй дæлимонтæ хæстæг мА уæндой сывæллонмæ æмæ йæ мА тæрсын кæной.

Ефризæт:

— Æнæзæгъинæгтæ, дам, тæрсгæ кæнынц цыргъагæй. Хистæртæ – иу дзырдтой.

(Зæлинæ рахаста хæсгард, æмæ йæ дæтты Косерханмæ).

Косерхан:

— Фатимæ , уæртæ –ма мæм сывæллоны тухæн хæцъил радæтт , æцæг сырх , кæнæ хъулон куыд нæ уа , фæлæ æндæр хуыз. Сывæллоны батухын хъæуы.

Фатимæ дзуры Дуккæмæ:

—Косерхан сывæллоны сырх кæнæ хъулон хæцъилы цæуыннæ тухы?

Дуккæ:

—Нæ хистæртæ афтæ кодтой.

Косерхан дзуры Мæдинæмæ:

—Мæдинæ , мæ къона, цу – ма , зæронд хæдзарæй гæдыйы æрбахæсс.

(Мæдинæ æрбахаста гæдыйы).

Стыр бузныг! Амондджын у!

Ефризæт:

—Ацы гæдыйы цалдæр боны сывæллоны уаты ныууадзын хъæуы, уымæн æмæ гæды тынг фидар уды хицау у , æмæ уыцы фидардзинад сывæллонмæ рахиза.

Дуккæ:

— Нæ хистæртæ дæр афтæ кодтой. Мæдинæ , хæсгард – ма мæм радæтт!

Хæсгард йæ къухы , афтæмæй сывæллонмæ хæстæг бацыд æмæ дзуры:

— Цæмæй мА фæцæстдзыд уа , уый тыххæй йын йæ сæрыхъуынтæй иу ралыг кæндзынæн æмæ йын æй йæ базы бынг бакæндзынæн.

Косерхан:

—Ныр та сывæллоны бахæссæм хæдзары ахсджиагдæр бынатмæ – къонамæ.

(Райста сывæллоны).

Ацы къонайы арт макуы ахуыссæд! Нæ мыггаг фылдæр кæнæд! Сафайы рæхыс æй хъахъхъæнæд!

Ефризæт:

—Хъахъхъæнæд æй Сафа хин æмæ кæлæнæй!

(Дуккæ чызджытимæ бахастой æртæ чъирийы æмæ бæгæны къонайы размæ).

Косерхан дзуры Сæлимæтмæ:

—Æрбакæн – ма сывæллоны мады.

(Сæлимæт æрбакодта Ацырухсы. Чызджытæ йæ размæ рацыдысты æртæ чъириимæ).

Косерхан сывæллоны йæ къухмæ райста æмæ дзуры Ацырухсмæ:

— Бирæ азты æнæнизæй фæцæр! Ноггуырд дæхи фæндиаг уæд! Цæй , æмæ йыл сæвæрæм ном – Цæра. Уый царды нысан у.

(Сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ арфæтæ кæнынц).

Косерхан:

—Дæхи фæндиаг уæд!

Дуккæ:

— Æнæниз ут!

Фатимæ:

—Хуыцау уын бирæ хорздзинæдтæ раттæд!

Зæлинæ:

— Мады Майрæм уын æххуысгæнæг уæд!

Сæлимæт:

— Æнæмаст ут! Бирæ фæцæрут!

(Косерхан рацæуы размæ куывдимæ, иннæ сылгоймæгтæ йæ фæстæ).

Мады Майрæмы куывд.

—О, Мады Майрæм! Ды дæ не стыр ныфс æмæ табу Дæхицæн! Сыгъдæг МадыМайрæм! Нæ сывæллæттæ дæ фæдзæхст!

Иумæ: — Оммен!

— Дæ хорзæх нæ уæд!

Иумæ:— Оммен!

—О, Сыгъдæг МадыМайрæм! Мах дыл зæрдиагæй æууæндæм. Табу Дæхицæн!

Иумæ: —Оммен!

(Æмбæрзæн сæхгæд).

(Æмбæрзæн байгом).

Мад баззад йæ сывæллонимæ иунæгæй. Сылгоймаг ссыгъты цырагъ, æрбадт авдæны цур æмæ зары «Алолай» (Хет. Къ.). Уатмæ сабыргай бацыди Косерхан æмæ сабыргай дзуры Ацырухсмæ:

— Ацырухс , райсом раджы цæттæ у, хъуамæ ацæуæм «Сырх дзуары» кувæндонмæ. Алардыйæ ракурын хъæуы , цæмæй нын нæ ноггуырды бахъахъхъæна алы низтæй.

( Бацыди Цæрайы цурмæ æмæ кувы).

—О, Рухс Аларды! Цæра дæ фæдзæхст! Низтæй йæ бахъахъхъæн!

(Косерхан ацыд).

(Æмбæрзæн сæхгæд).

13- æм архайд.

Сценæйы астæу æртæкъахыг фынг, æртæ бандоны.

Архайджытæ- Лæппу –Аслан , Зæронд лæг – Хъазмæхæмæт, Миллер æмæ бæлццон, сылгоймæгтæ – Ацырухс, Косерхан, чызг – Мæдинæ.

Фынджы уæлхъус бадынц Хъазмæхæмæт, Миллер æмæ Бæлццон – иртасæг. Сæ блокноты цыдæртæ фыссынц , Хъазмæхæмæты зарынмæ хъусынц , афтæмæй.

Миллер дзуры Хъазмæхæмæтмæ:

—Стыр бузныг дын! Тынг цымыдисаг æрмæг! Æмæ Эпос та?! Цæй , бавдæлон , æмæ райдайон кусын 2-аг томыл «Осетинские этюды». Тынг разы уæ дæн.

Хъазмæхæмæт:

— «Осетинские этюды» та цы у?

Миллер:

—Уый у этнографион – иртасæн очерк ирон адæмы царды тыххæй, мæ фиппаинæгтæ.

Хъисынфæндыр.

Хъазмæхæмæт:

— Хуыцау уæ æнæниз уадзæд! Ирон адæмæй рох никуы уыдзысты дæ хорздзинæдтæ. Лæгтыдзуар дын æххуысгæнæг уæд дæ алы хъуыддаджы дæр! Куы ницы бахордтай! Ахæр – ма! Лæппу нæм райгуырд фондз чызджы фæстæ. Абон нæ сылгоймæгтæ Алардыйы кувæндонмæ цæуынц.

Бæлццон:

—Бахатыр кæн , фæлæ Аларды та чи у?

Хъазмæхæмæт:

— Аларды царди уæларвы æмæ – иу уырдыгæй æрхызти сыгъзæрин кæнæ æвзист асинтыл. Хуыдтой йæ «Сыгъзæрин» кæнæ «Рухс». Нывондæн ын – иу æрхастой урс фыс æмæ куырдтой, цæмæй сывæллæтты бахиза фадынæгæй. Ацы дзуарæй сомы фæкæнынц æрмæстдæр сылгоймæгтæ , у сæм тынг кадджын.

Миллер:

— Уый у сæйрагдæр , цæмæй низтæ сывæллæттæм хæстæг ма цæуой.

Хъазмæхæмæт:

— О, тынг раст у. Всеволод, ды сæ мæнæй хуыздæр базыдтай.

Ай та мæнæ нæ джигит, Аслæмбег.

Бæлццон:

— Æцæг джигит!