«НЕ ВЗАГ - НÆ ХÆЗНА»




Сценарий исаразта райдайæн
кълæсти ахуыргæнæг
Æбати Альбина
Киристонгъæу2015анз
Язык — это тот родник, который зачахнет, иссохнет, если к нему не будут приходить, чтобы напиться его чистой воды. Но и хранить его необходимо от засорения…
Хъуысы мелоди
( Рацыдысты сывæллæттæ)
Ды искуы федтай дидинæгджын фæзтæ
Æгæндæг хъæдтæ, зад мæнæуы хуым?
Уый у мæ Ир –
Мæ Райгуырæн хæхбæстæ,
Зæххы фидауц,
Дунейы фарны къуым.
- Æвæццæгæн, æртиндæс анзей размæ нæ республики уæди президент Дзасохти Алаксандр хуымæтæги нæ рахаста ирон æвзаги бæрæгбон аразуни унаффæ.
Уæд дæр тæссаг бунати адтæй ирон æвзагæн йæ уавæр. Абони, куд зонæн, уотемæй еугонд нациты организаций – ООН, ке хонунцæ, йе ирон æвзаг бахаста, тагъд ка фесæфдзæнæй , уоци æвзæгти нимадмæ. Гъулæгкагæн, æцæгæйдæр уотæ уодзæнæй, не΄ргом имæ ку нæ раздахæн, уæд.
Сты зондæн уацхæссæг æппæт дунейы взæгтæ,
Нæ дзы взæры хæстæг æмæ дæрддаг.
Фæлæ ныххойыс зæрдæйы къæсæртæ
Æрмæстдæр ды, мæ мадæлон æвзаг!
Алли адæймагæн дæр æрдзæй лæвард фæууй еу æвзаг, хуннуй мадæлон æвзаг, уомæн æма æй сабий райсуй йæ мадии æхсири хæццæ.
Мадæ… Цуппар дамугъайемай арæзт цубур, артхуæрæн дзурд.
Цубур дзурд æй, фалæ дзи æнæгъæнæ цард ес, æнæкæрон уарзондзийнадæ, рæсугъддзийнадæ æма сæрустурдзийндæ, бæгъатæрдзийнадæ æма амонд.
Суваллон фиццаг зарæг ци æвзагбæл фегъосуй,йæ фиццаг къахдзæфти хæццæ ци фиццаг дзурдтæ фæззæгъуй, йетæ фæуунцæ мадæлон æвзагбæл.Махæн нæ мадæлон æвзаг æй ирон æвзаг.
Ирон æвзаг, æй нæ фидтæлти хæзна, æй рагон æмæ гъæздуг, берæвæрсуг æма къабазгун.
Æрмæстæдæр ирон æвзагбæл ес арф балæдæрæн Ири хуæнхти уорс ферттивд, æносон Терки зарæг, ирон авдæни хуыссæг сувæллони адгин фун, дургъбæлæсти сæбар - субур, нæуæг хумæгонд будурти цийнæ æма ма сауæнг хуари мисти катай идзаг къутуй аллифарс.
Ахсгиаг æй мадæлон æвзаг. Гъæуама алли ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг.
Йе уотæ ку нæ уайдæ, уæд мах абони куд игъосианæ æма лæдæрианæ ирон адæми уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы гъæлæс? Куыд зонианæ, ци фист ес нæ фидтæлти хæзна « Нарти кадæнгити?»...
У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат.
Нæ намыс – не взаг, зарджытæн сæ таг
Ирæттæй нæ æрмæстдæр зонынц уымæн,
Кæй нын ис « Нартæ», «Симд» æмæ Къоста
( Кафт « Симд»)
Нæ фидтæлтæй нин хуарзæй ци байзадæй, йетæ æнцæ ирон æвзаг, ирон фарнæ æма æгъдау.
Иронæгъдæутти ахсгиагдæр æма рæсугъддæр æй хестæртæн кадæ кæнун, хестæри боц дарун. «Цард æгъдауæй рæсугд æй»- байзадæй фидтæлтæй нихас.
Алли адæймаг дæр йе΄ взаг фæззонуй, цæйбæрцæй фæууарзуй, уойбæрцæ. Цæрукъати Алæксандир загъта: « Ирон зæлланг дзубанди райсæ мæнæй, ма уодзæнæн къуру æма курмæ. Нæ арв æма зæнхæн нæбал уиндзæнæн сæ хузæ»
Ирон æвзаг æй аргъæуттæ, таурæхътæ, æмбесæндтæ, Нарти кадæнгити æвзаг, Къоста, Васо,Багъæрати Созур, Малити Геуæрги æма иннæ курухон лæгти æвзаг.
Ирон æвзаг, нæ фидтæлти хæзна, æй хъæбæр рагон æма гъæздуг. Æносæй æносмæ алли рауæнти цæугæй ирон адæмæн адтæй берæ аллихузон синхонтæ. Уомæ гæсгæ не взаг æй берæварсуг, къабазгун. Ирон æвзаг æй , зæнхи къорибæл рагондæр ци фондз æвзаги ес, уонæй еу.
Уæ мæ ирон æфсымæр,
Абон булæмæргъ зарыди таджы
Зарæг афтæ мыдамæст, рæсугъд уыд,
Цыма зæлыд нæ ирон æвзагыл.
« Æвзаг æгъдау амонæг æй» Уой мах абони хуарз лæдæрæн. Уомæн æма нæмæ ирон æгъдау, ирон æфсармæ фагæ нæбал ес. Куд æнгъезуй, уотæ нæ зонæн нæ мадæлон æвзаг, хъаурæ нæмæ фагæ нæбал ес æгъдау дæттунмæ. Лæмæгъ адæм ба æнцон сæттæн æнцæ рæстæгæн.
( Сценка «Æз нæ жонун»)
Бæласæ ракæлуй, æ уедæгтæ ин зæнхæй ку истонай, уæд. Æвзаг рамæлуй, йæ уедæгтæ ин бинонти æхсæнæй ку исискъунай, уæд.
Абони мах дзорæн æмхузонæй, корæн æгас ниййергутæй дæр, уæ бийнонти æхсæн, уæ сувæллæнттæмæ дзоретæ Нæртон æвзагбæл, рæсугъд æма аййев æвзагбæл.
Ирон æвзагæн иунæг бон куыд дæттут?
Куы нæ йын ΄сты мин азтæ дæр фаг.
Цæры ма уым нæ фыдæлты нæргæ дуг,
Нæ фидæнмæ дæр уый кæны фæндаг.
Мах гъæуамæ багъæуай кæнæн цæстигагуйау нæ фидтæлти хæзна-мадæлон æвзаг, уæн сæрустур нæ Иристонæй, не’гъдæуттæй, нæ адæмæй.
Еумæ
- Мах дзордзинан кæддæриддæр иронау
Нæ феронх кæндзинан мадæлон æвзаг!
Самоанализ
Еукурухонлæг уотæ загъта: «Адæмæн сæ егъаудæр гъæздугдзийнадæ æй севзаг». Цæмæй сувæллæнттæ еци егъау гъæздугдзийнадæй бундорон зонундзийнæдтæ есонцæ, уой туххæй гъæуамæ ахур кæнонцæ мадæлон æвзаг. Еба айдагъ дзорун, кæсун æма финсун базонун нæй, ирон адæми истори æмæ культурæ сахур кæнуни фæрæзнæ, фæлæ ин ес егъау этикон æма эстетикон ахадундзийнадæ дæр.
Гъулæгагæн, Иристони цæрæг ниййергутæй беретæ кудфæндий цæстæй кæсунцæ мадæлон æвзагмæ æма ирон æвзаги уроктæмæ. Хæдзари сæ сувæллæнттæмæ иронау нæ дзорунцæ, алли æфсæнттæй сæ уæгъдæ кæнунцæ ирон æвзаги уроктæй. Елхоттæй дæлæмæ, дан, нæ гъæуй, зæгъгæ. Уомæ гæсгæ ба не взаг æй хъæбæр зин уавæри.
Нæ литературæ æмæ æвзаги бундорæвæрæг Хетæгкати Къоста æмхузон хуарз зудта ирон æмæ уруссаг æвзæгтæ, финсгæ дæр сæбæл кодта. Фæлæ уæддæр фæдзахста, цæмæй сæ мадæлон æвзаг гъæуай кæнонцæ æмæ æй кæстæртæн рæсугъдæй амононцæ.
Мæ зæрди алкæддæр æрлæуунцæ Чеджемти Æхсари дзурдтæ:
«Куыд хорз, куыд кадджын дæ мæ цæсты
Мæ ирон мадæлон æвзаг!»
Куд хуарз уайдæ, нæ алли ирон лæг дæр уотæ ку гъуди кæнидæ, уæд.