Ирон литературæйы урок 5-æм къласы
Темӕ: «Ном лæггæг нæу.» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).
Урочы нысантӕ:
Æрдзурын Мамсыраты Дæбейы радзырд «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыдыйыл. Бамбарын кæнын,адæймаджы ном зынаргъ æмæ кадджын цæмæй у,уый.
Бакусын ныхасы рæзтыл. Ахуыр кæнын адæмон сфæлдыстадæй пайда кæныныл.А
Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ.Адæймаджы кад æмæ намыс,лæгдзинад æмæ хъару цæй мидæг сты,уый æмбарын кæнын.
Урочы хуыз: Зонæн-беседæ
Урочы фӕлгонц: ахуыргæнæн чингуытӕ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг, сывæллæтты нывтæ, мæсыджы ныв.
Техникон фæрæзтæ: презентаци.
Урочы эпигрӕф:
Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.
(æмбисонд)
Нæу сусæг хорзæн йе цæг ном, Налатæн та-йæ фæсномыг.
Коста.
Æмбисæнтæ æмæ базырджын дзрырдтæ:
Йæхицæн ном скодта.
Номдзыд лæг зынаргъ у.
Лæгмæ дзурынц номæй.
Куыст цардæн фæрæз.
Магуса –æввонгхор.
Куыстæн йæ сæр сындз,йæ бын –сой.
Йæ зивæджы –йæ мæлæт.
Зивæггæнаджы гуыл хомæй баззад.
Урочы цыд:
Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг
Скъоладзауты сразӕнгард кӕнын урочы архайынмӕ.
-Сывӕллӕттӕ, бакӕсут-ма фӕйнӕгмæ. Нывгонд дзы сты Ирыстоны къӕдзӕхтӕ. Урочы кӕрон алчи йӕхицӕн куыд бакуса, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕрдзӕн бӕрӕггӕнӕн. Къӕдзӕхтӕ сты ӕртӕ: дӕлдӕр цы къӕдзӕх ис, уый у бӕрӕггӕнӕн «3» , астӕуккаг - «4», ӕппӕты уӕллаг- «5».( Скъоладзаутæ ныхасдзысты нывгонд къӕдзӕхтыл стъалытæ æмæ афтæмæй Ирыстоны хæхтæ сфидаудзысты се ‘нтыстытæй).
- Нæ урочы райдиан бакæсдзыстæм радзырд «Ном»
Алы адæймагæн дæр ис сæрмагонд ном.Æнæ ном ничи у.Ном вæййы хорз лæгæн дæр æмæ æвзæрæн дæр.Ном,дам,фæкæсынмæ у. Афтæ иу дзырдтой нæ фыдæлтæ.Фæлæ уый бынтон раст нæу.Хорз лæгæн йæ ном нæ сæфы:цæргæйæ йын баззайы йæ мæлæты фæстæ дæр,сæдæгай,мингай азты дæргъы.
Ахæм адæймагæй фæзæгъынц:йæхицæн скодта ном.
Фæлæ айхъуысы худинаггæнæджы ном дæр.Уымæй та фæзæгъынц:йæном фесæфæд,йе та,йæ ном авд дæлдзæхы,зæгъгæ.
Эпигрӕф:
Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.
(æмбисонд)
3. Хæдзармæ куыстæй фæрсын.
- Скъоладзаутӕ, ацы урокмӕ уын хæдзармæ куыстæн цы лӕвӕрд уыд?
-Чи уыдис Хъæндил?
-Цæмæн рауад Хъæндилæй магуса?
-Цæмæй тæрсы æппæты тынгдæр Хъæндил?
-Цы у адæймаджы царды нысан?
-Уӕдӕ мах абон нæ ныхас дарддæр кæндзыстӕм Мамсыраты Дӕбейы радзырд «Хъӕндил»- ыл . Хуыздӕр бацархайдзыстӕм сæйраг архайæджы миддуне æмæ йæ номы æвæрд бамбарыныл.
- Зæгъут-ма, Дæбейы сфæлдыстадимæ раздæр зонгæ уыдыстут? Цавæр уацмыстæ йын зонут? («Хърихъупп Бипп-Бипп»…)
- «Хъæндил»…Цавæр диссаджы ном у уый? Цæмæн ис æвæрд нæ уацмысы хъайтарыл «Хъæндил» ном?( Сывæллæттæ
дзурынц сæ хъуыдытæ)
-Уый адæймадж ном у,æви цы у? (Фæсномыг)
- Куыд уӕм кӕсы, йӕ радзырд Дӕбе афтӕ цӕмӕн схуыдта?
- Ном Хъӕндил уæ зæрдæмæ цæуы? Цӕуылнӕ?
- Йе’ цӕг ном та куыд хуыйны? (Чермен)
Æвзаргæ каст:Тексты ссарын æмæ бакæсын,ном ыл куыд æвæрдтой,уыцы бынат.
- Ирон хъӕбатыртӕй та чи у Чермен?
- Цы зонут Чермены тыххӕй? Цавӕр таурӕгътимӕ базонгӕ стӕм Чермены тыххай?
-Уæдæ цавæр хъуамæ уа æцæг ирон адæймаг?
- Зӕгъут-ма, Чермен ном хӕссыны аккаг у нæ сӕйраг архайӕг? Цæуылнæ?
- Ахæм ӕгуыдзӕг кӕй уыд, уый йӕхи аххос у, ӕви ма дзы ис аххосджынтӕ? Ссарӕм уыцы бынат тексты ӕмӕ йӕ бакӕсӕм.
-Уæ зонгæтæй , мыййаг, Хъæндилы хуызон исчи ис? Цы сæм ис иумæйагæй ? (Æрдзурын)
4. Аулæфты минут. - Цавæр куыстытæм кодта зивæг Хъæндил?
( Скъоладзаутæ æвдисынц хос куыд кæрдынц, суг куыд сæттынц, мæкъуыл куыд амайынц…).
5. - Цавӕр ӕмбисӕндтӕ ӕрлӕууыд уӕ зӕрдыл урочы темæмæ гæсгæ?
Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад.
Куыст цардӕн – фӕрӕз.
Магуса – ӕввонгхор.
Куыстӕн йӕ сӕр сындз, йӕ бын – сой.
Йӕ зивӕджы- йӕ мӕлӕт.
Йæхицæн ном скодта.
Номдзыд лæг зынаргъ у.
Лæгмæ дзурынц номæй.
Кæсын радзырд «Ном».
6. Къорды куыст. Алы къордӕн дӕр ис хӕслӕвӕрдтӕ.
1 къорд .
Лæвæрд дзырдтæн сæ бакомкоммæ ныффыссын сæ антонимтæ:
Магуса-кусаг
Æгад –кадджын
Тæппуд- хъæбатыр
Æвзæрдзинад –хорздзинад
Зивæггæнаг-сæрæн
Номдзыд-æгадгæнæг
Дзырдтæй иуимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад.
2 къор
7. Синквейн
Хъæндил
2. Тæппуд, зивæггæнаг,магуса,æгадгæнæг
3. Зивæг кæны, тæрсы, хæры
4. Тæппуддзинад æгад у.
5 .Саск (уырынгон)
- Уæдæ цы у радзырд «Хъæндил»-ы темæ æмæ идейæ?
8. Рефлекси:
- Нæ урочы нысан цавæр уыди?
-Сæххæст æй кодтам?
- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?
- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?
-Йӕ цард куыд арвыста, ууыл лӕмбынӕг ӕрныхас кодтам урокӕн йӕ сӕйраг хауы. Ныр та уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут Хъӕндил куыд амард, уый. Куыд уӕм кӕсы, автор ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста радзырды сӕйраг архайӕгӕн?
Урочы кӕрон сывӕллӕттӕ сӕхицӕн фӕйнӕгыл ӕвӕрынц бӕрӕггӕнӕнтӕ ( ныхасынц
стъалытæ)
- Нæ урочы эпигрæф – ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.(æрдзурын ыл)
9. Хӕдзармӕ куыст.
- Сывӕллӕттӕ, хӕдзармӕ мӕ фӕнды раттын ахæм хӕслӕвӕрд:
1. Ныффыссын цыбыр нывæцæн «Цæмæн хъæуы адæймаджы ном».
10. Урочы кӕрон.
Лæг хъуамæ йæ номы аккаг уа?Уæдæ кæд нæуацмысы сæйраг хъайтарыл дæр фæснамыс йæ номы аккаг кæй нæ уыд,уый тыххæй æвæрд æрцыд. Нæ уæм кæсы афтæ?
13. Бæрæггæнæнтæ æвæрын.