30.04.2020 аз Урочы темæ: Плиты Грис Балладæ «Авд цухъхъайы»-хæсты азар æмæ адæмы хъысмæт.
Плиты Дзамболаты фырт Грис (1913-2013)
Зӕххыл рӕсугъд цӕрынӕн фидар
Дыууӕ стыр ныфсы ис лӕгӕн:
Фыдыбӕстӕ ӕмӕ сӕрибар, -
Циу цард ӕнӕ сымах? - Ингӕн.
«Уӕлахизы кадæг»
Ирыстон сси 79 Хъœбатыры œмœ 9 Кады ордены œххœст кавалеры райгуырœн къона.Хœсты быдырœй нал сыздœхтысты 40 мин салдатœй фылдœр. Дœсгай мин ирон бинонтœ баззадысты œнœ дарœг,œнœ кœстœрœй.
Куыд фыста балладœ?
«…Уый размæ ахæм хъуынтъызæй рацу-бацу кодта, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауд. Стæй дын апрелы иу дыццæджы йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ суанг сабатмæ йæ тæфтыл никæй ауагъта. Тарстæн, мæ уд фыртасæй сцæйхауд, зæгъын, йæхицæн мацы кæнæд. Майрæмбоны спектаклы фæстæ фæсæмбисæхсæвмæ не ´рбацыдтæн. Куыддæр дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид. Фæджихау дæн, зæгъын, нæ кæрты зианæй Хуыцау бахизæд! Уалынмæ дын сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс баивта .
Сомы дын кæнын мæ фыды сыгъдæг сыджытæй, аст хуызон хъæлæсы дзы банымадтон. Мæ кæуындзæг мæ æргæвста, ныббогъ кæнын мæ фæндыд, фæлæ мæхи урæдтон, зæгъын, куы йæ бахъыгдарон. Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн уым. Райсом раджы Гришæ дуар фегом кодта æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыд. Фæсдуар мæ табуреткæйыл бадгæ куы федта, уæд мæм ахæм каст фæкодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмарæй раирвæзт. Мæ къухы мын скрепкæйæ кæрæдзимæ баст сауфыст гæххæттытæ фæсагъта, йæ цæсгомыл йæ дыууæ къухы æруагъта æмæ загъта: «Хазинкæ, æнхъæлдæн цыдæр æрцахстон!» Лыстæг фыст цæджындзы сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы «Авд цухъхъайы». Æртыккæгæм майы Гриш йæ балладæ Фысджыты Цæдисы æмбырды бакаст æмæ йæхæдæг куыд куыдта, афтæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон дæр, мæ фыды цæсгомыстæн!..»
Мæхæмæт
«Севастополы къуыпрагъыл
Рацыд танчыты зæй махыл;
Загътон: ме 'знæгтæй мæ маст
Ацы тохы хъуамæ райсон!
Фарсыл авд гранаты 'рбастон
Æмæ карз фыдгултæн раст
Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,
Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы
Сау рыг фестадтæн æваст».
Дзæрæхмæт
Дыккаг – Мæскуыйы раз (фарс 352)
«Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, -
Тас Фыдыбæстæн æрцыд,
Уым лæджы мæлæт куы хъуыд:
Бабырстон фыдгултæм тыгъды,
Фехстон развæлгъау гранат
Æмæ суагътон автомат…»
Хадзысмел
Æртыккаг – æнæбæрæг ран «Хæсты фондз сырды ныццагътон,
Стæй мæ хъуыры туг фæбадт…»
Уацмысы сæйраг идейæ дæр ирдæй зыны æртыккаг хъæбулы, Хадзысмелы, ныхæстæ:
«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд…»
Махар
Цыппæрæм – немыцаг инæлар Клейсты æфсад Кавказмæ куы бырста, уæд гъе уым:
«Клейсты 'фсад бырста Кавказмæ,
Æз Хъубаны был йæ размæ
Ме 'фсæддонтимæ лæууын…»
Фазæттæ – Шамил æмæ Созыр
Фазæттæ – Шамил æмæ Созыр – басыгъдысты танчы.
«… знаджы
Бомбæ сæмбæлд, æмæ танчы
Иумæ басыгъдыстæм мах…»
Хасан
Кæстæр фырт – Берлины раз
«Хæст Берлины цыд кæронмæ,
Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,
Акалдта йæ гæрзтæ знаг,
Уæд америкæгты бомбæ
Не 'хсæн фехæлди…»
Кæстæр лæппу се 'ппæты номæй дзуры:
«Æмæ кадимæ нæ фæстæ
Зарæг анæрдзæни дард, -
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрæй нæ цард!»
Цы цæстæнгасæй кæсы Грис хæстмæ?
(Хоны йæ «сырд», «фыдгул», уымæн æмæ алы адæймаг дæр райгуыры цард аразынæн:
«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у»
Степанова Епистиния Федоровна Хœсты быдырœй йын нал œрбаздœхт 9 фырты
Прасковья Еремеевна Володичкина хœсты быдырœй йын нал œрбаздœхт 9 фырты
Рефлекси
- Мæ зæрдæмæ арф райстон…
- Æз ма иу хатт базыдтон…
- Сæрыстыр дæн…
- Æз никуы ферох кæндзынæн…
Уæ рухс нæмттæ нæ зæрдæты цæрынц…