СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Темæ «Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок посвящен бессмертному подвигу 7 братьев Газдановых из селения Дзуарикау Северной Осетии по балладе Плиева Гриша "Семь черкесок"

Просмотр содержимого документа
«Темæ «Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты»»

Темæ «Плиты Грис. Балладæ «Авд цухъхъайы» - ныййарæг мад æмæ адæмы хъысмæт хæсты».


Нысан. 1) Поэты сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

2) Уацмысы сæйраг идейæ бамбарын кæнын.

Хъомыладон хæс.

Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, национ æмбарындзинад, сæвзæрын кæнын.

Ахуырдзауты ахуыр кæнын аив кæсын æмæ дзурын мадæлон æвзагыл.

Нæ адæмон сфæлдыстадæн, нæ аивадæн, нæ фыдæлты хæзнатæн – стыр аргъ кæнын.

Урочы æрмæг.

Презентаци.

Музыкæ Р. Гамзатовы зарæг «Журавли». Гæздæнты авд æфсымæры зарæг.


Урочы эпиграф.


«Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе

уым ирон туг дæр ныккалд.» (Плиты Грис)


Ахуыргæнæг. 1941 аз 22 июнь. Бонырдæм. Тарф фынæй кæнынц куыствæллад адæм. Æнæмæт сты разæй сæм æнхъæлмæ кæсы улæфты бон, хуыцаубон. Æвиппайды фынæй æрдзыл азæлыд хæдтæхджыты уæззау уынæргъын. Ныгууыр – гуыр кодтой мотортæ, ныхситт кодтой бомбæтæ, ныннæрыдысты мæлæтхæссæг æвирхъау срæмыгъдтытæ. Баиу сты хæцæнгæрзты ниуын, тарст сывæллæтты кæуын æмæ зæрдæрыст мадæлты цъæхахст. Афтæ райдыдта, зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, уый фыццаг райсом – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райсом.

Бакæсæм ма нæ урочы эпиграф: «Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».

Ирон адæм дæр уыцы тохы æгаддзинад сæ сæрмæ не 'рхастой, знаджы ныхмæ тох кодтой сæ фæстаг туджы æртахы онг.

Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йе'мгъуыдæй раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, зæрæдтæ æнцой куынæуал зыдтой, нæ чызджытæ хæстон дарæс куы скодтой æмæ хæцæнгæрзтимæ тохы быдырмæ куы рацыдысты.

Царды цинæй чи нæ бафсæст, уыцы æрыгон лæппутæ сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ.

Хъæбатырæй Фыдыбæстæйы сæрвæлтау тохы фæмардысты Гæздæнты авд æфсымæры, Хестанты æхсæз æфсымæры, Хъалæгаты фондз æфсымæры. Фæндзгай фырттæ нал сыздæхтысты 15 ирон хæдзармæ, цыппæргай фырттæ – 52 ирон бинонтæм.

Байхъусын Гæздæнты авд æфсымæры зарæгмæ.

Иры зæххыл арф носæй баззад Гæздæнты авд æфсымæры мæлæт.


Хæсты цæхæры архайдтой нæ фысджытæ дæр: Плиты Г., Калоты Х., Кочысаты М.


I. Абон та нæ ныхас уыдзæнис балладæ «Авд цухъхъа»-йыл. Балладæ «Авд цухъхъайы» у ирон поэзийы хæзнатæй. Поэт ссардта ахъаззаг формæ Фыдыбæстæйы сæраппонд сæ цард цы авд æфсымæры радтой, уыдоны сгуыхтытæ равдисынæн.

Балладæ ныффыссыны тыххæй Грисы бинойнаг радзырдта: «…Уый размæ ахæм хъуынтъызæй рацу-бацу кодта, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауд. Стæй дын апрелы иу дыццæджы йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ суанг сабатмæ йæ тæфтыл никæй ауагъта. Тарстæн, мæ уд фыртасæй сцæйхауд, зæгъын, йæхицæн мацы кæнæд. Майрæмбоны спектаклы фæстæ фæсæмбисæхсæвмæ не ´рбацыдтæн. Куыддæр дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид. Фæджихау дæн, зæгъын, нæ кæрты зианæй Хуыцау бахизæд! Уалынмæ дын сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс баивта.

Сомы дын кæнын мæ фыды сыгъдæг сыджытæй, аст хуызон хъæлæсы дзы банымадтон. Мæ кæуындзæг мæ æргæвста, ныббогъ кæнын мæ фæндыд, фæлæ мæхи урæдтон, зæгъын, куы йæ бахъыгдарон. Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн уым. Райсом раджы Гришæ дуар фегом кодта æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыд. Фæсдуар мæ табуреткæйыл бадгæ куы федта, уæд мæм ахæм каст фæкодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмарæй раирвæзт. Мæ къухы мын скрепкæйæ кæрæдзимæ баст сауфыст гæххæттытæ фæсагъта, йæ цæсгомыл йæ дыууæ къухы æруагъта æмæ загъта: «Хазинкæ, æнхъæлдæн цыдæр æрцахстон!» Лыстæг фыст цæджындзы сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы «Авд цухъхъайы». Æртыккæгæм майы Гриш йæ балладæ Фысджыты Цæдисы æмбырды бакаст æмæ йæхæдæг куыд куыдта, афтæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон дæр, мæ фыды цæсгомыстæн!..»

Ахуыргæнæг. Сылгоймаг æмæ хæст. Куыд ныхмæвæрд сты ацы дыууæ дзырды: иу дзы зæрдæйы 'нцой, иннæ – зæрдæйы 'нкъуыст.

Грис йæ балладæйы сарæзта мады диссаджы символикон фæлгонц, уыцы фæлгонцæй равдыста æппæт хæстæфхæрд мадæлты рыст.

Уый у фæлмæнзæрдæ, рæвдауаг, фæлæ фидар æмæ хъæбатыр адæймаг. Зæрдæагайгæ ныхæстæй аразы поэт ацы фæлгонц.

Уым цæринаг авд хъæбулæй

Баззад афтидæй сæ мад».

Зæрдæ ныккæрзы афтид ингæнты æмæ æнæуд цухъхъаты коймæ. Фидар фæрстæ хъæуы ахæм æбуалгъ хабар бауромынæн царддæттæг сылгоймагæн.

Балладæйы арф бæрæггонд цæуы нæ патриотизм. Авд ирон лæппуйы, авд æфсымæры фесæфтысты нæ паддзахады алы кæрæтты.

Мæхæмæт

«Севастополы къуыпрагъыл

Рацыд танчыты зæй махыл;

Загътон: ме 'знæгтæй мæ маст

Ацы тохы хъуамæ райсон!

Фарсыл авд гранаты 'рбастон

Æмæ карз фыдгултæн раст

Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,

Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы

Сау рыг фестадтæн æваст.


Дзæрæхмæт

Дыккаг – Мæскуыйы раз:

«Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, -

Тас Фыдыбæстæн æрцыд,

Уым лæджы мæлæт куы хъуыд:

Бабырстон фыдгултæм тыгъды,

Фехстон развæлгъау гранат

Æмæ суагътон автомат…»


Хадзысмел

Æртыккаг – æнæбæрæг ран:

«Хæсты фондз сырды ныццагътон,

Стæй мæ хъуыры туг фæбадт…»


Уацмысы сæйраг идейæ дæр ирдæй зыны æртыккаг хъæбулы, Хадзысмелы, ныхæсты:

«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у,

Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй

Хъуамæ радта уæд йæ уд…»


Махар

Цыппæрæм – немыцаг инæлар Клейсты æфсад Кавказмæ куы бырста, уæд гъе уым:

«Клейсты 'фсад бырста Кавказмæ,

Æз Хъубаны был йæ размæ

Ме 'фсæддонтимæ лæууын…»


Фаззæттæ – Шамил æмæ Созыр – басыгъдысты танчы.

«… знаджы

Бомбæ сæмбæлд, æмæ танчы

Иумæ басыгъдыстæм мах…»

Хасан

Кæстæр фырт – Берлины раз

«Хæст Берлины цыд кæронмæ,

Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,

Акалдта йæ гæрзтæ знаг,

Уæд америкæгты бомбæ

Не 'хсæн фехæлди…»


Кæстæр лæппу се 'ппæты номæй дзуры:

«Æмæ кадимæ нæ фæстæ

Зарæг анæрдзæни дард, -

Мах хæларæй радтам бæстæн

Авд æфсымæрæй нæ цард!»


Уацмысы фæстаг аккордтæ мад æмæ цоты трагедийыл бафтауынц æндæр авд трагедийы!

«Æмæ зæронд мадмæ къулæй

Джихæй цухъхъатæ кæсынц…

Авд хæдзары та лæууынц

Авд ирон чызджы сæркъулæй…»

Амонды аккаг чи уыд æмæ йæ амонд хæсты азарæй кæмæн басыгъд, уыцы чызджыты хъысмæт у уæззау трагеди канд сæхицæн нæ, фæлæ æнæхъæн Ирыстонæн дæр. Уыдон баззадысты куырдуаты, нæ систы царддæттæг æмæ нæ базыдтой хъæбулы ад.

Уымæй уæлдай, сæркъулæй кæй лæууынц, уым ис ирон æгъдау, чызгон æфсарм.

Афтæмæй Грисы поэмæ чиныгкæсæджы æфтауы бирæ хъуыдытыл…

Æнæмæнг зæгъын хъæуы Дзæуджыхъæуæй Алагирмæ фæндаджы был цы егъау цыртдзæвæн ис Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрæн, уый тыххæй. Скульптор спайда кодта Расул Гамзатовы æмдзæвгæ «Журавли»-йы /«Хърихъуппытæ»/ сæйраг идейæйæ цыртдзæвæн аразгæйæ.

II. Нæ фыдæлты æмбисæндтæ дæр æнæ равзаргæ нæй. Цавæр æмбисæндтæ зонут сымах?

Хæстон лæг адзалæй нæ тæрсы.

Лæгдзинад дзыхы ныхæстæй нæу.

Хæсты боны сгуыхтæн йæ кад мыггагмæ цæры.

Бирæ хъизæмæрттæ федта мад хæсты рæстæг. Уымæй зындæр никæмæн у зæххыл мæрдтæ æмæ тугтæ уынын, уæлдайдæр та цоты мæлæт, уымæн æмæ царддæттаг у. Рагæй-æрæгмæ мадæлты фæндон у,– Макуыуал уæд хæст!

Фæрстытæ:

1) Цæмæн схуыдта поэт йæ уацмыс «Авд цухъхъайы»?

2) Цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта поэт?

(Эпитеттæй- сау рыг,уынгæг бон,фыдбоны балц)

(Олицетворенитæй-бонгай хæст куы фæци давд, джихæй цухъхъатæ кæсынц)

3) Цы фендзæн барæг, Куырттаты комы дуарыл йæ бæхæй куы рахиза, уæд?

4) Цы уавæры ис мад? (Балладæйæ пайда кæнын) –

«Уым цæринаг авд хъæбулæй

Баззад афтидæй сæ мад…»

5) Раиртасут балладæйы сæйраг идейæ - Хадзысмелы ныхæстæ:

«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у,

Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй

Хъуамæ радта уæд йæ уд…»

6) Раиртасут Махарбеджы ныхæсты мидис:

«Хæсты хорзæх æмæ кадæй

Æз æнæнымад куы дæн…»

7) Раиртасут Хасаны ныхæстæм гæсгæ, зарæг цæй тыххæй анæрдзæн, уый.

«Мах хæларæй радтам бæстæн

Авд æфсымæрæй нæ цард!»

(Ома æвдыст цæуы патриотизм)

8) Цы цæстæнгасæй кæсы Грис хæстмæ?

(Хоны йæ «сырд», «фыдгул», уымæн æмæ алы адæймаг дæр райгуыры цард аразынæн:

«Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй

Цард рæсугъд кæнынæн у»

III. Рефлекси.

  • Мæ зæрдæмæ арф райстон…

  • Æз ма иу хатт базыдтон…

  • Сæрыстыр дæн…

  • Æз никуы ферох кæндзынæн…

IV. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.


V. Хæдзармæ куыст: сахуыр кæнын балладæйæн йæ райдайæн зæрдывæрдæй.