| № | Ныхасы темæ | Текст Сæргонд | Æнцойгæнæн дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ | Хъомыладон куыст | Практикон куысты хуызтæ | Уæлæмхасæн æрмæг, хибарæй куыст | Сах. Бæрц. | Нымæц. |
| 1. | Разныхас | «Æрдзы диссæгтæ.».«Хъæды чиныг» .Гæглойты В.(Чеджемты Геор.) | Æрдзы диссæгтæ, диссаджы лæвæрттæ;цы хоны фыссæг æрдзы чиныг. | Æрдз уарзын æмæ йыл аудын. Фæллой кæнын уарзын. | Æмдзæвгæ аив кæсын .Æнцойгæнæн дзырдтыл куыст.Сæрды мысинæгтæ-радзурын. | Æрдз-нæ дарæг-сабиты хъуыдытæ (радзырд) |
1 | |
| 2. | Ралууыди сæрд-байдзаг цинæй кæрт | « Кæм бамбахсы сæрд». Сергуненков Б. | Ралæууыд сæрд, цины къори зæхх. Ног сыфтæр, бумбулиау зæхх,ихцъар,бæлæсты къуыбæрттæ, хæлхæлгæнгæ згъорынц. | Æрдзы миниуджытæ сæрдыгон, зымæгмæ хи цæттæ кæнын. Афæдзы афонтæ кæрæдзи куыд ивынц. | Радзырд кæсын æмæ æвзарын. Æнцæйгæнæн дзырдтыл куыст. | Улæфты бонты тыххæй радзырд |
1 | |
| | | «Худæй ахстон».Тъехты А. | Мæргъты зард, æхсиды. | Цъиуты пайда æрдзæн, адæймагæн,сывæллæтты æххуыс мæргътæн. | Радзырд кæсын æнцойгæнæн дзырдты мидис æмбарын кæнын | Æрдзурын мæргъты цардыл. |
1 | |
| | | «Хъæбатыр Габо.»Коцойты А. | Фыдбылыз, æрчъицын,æвиппайды,тас уыди. | Хæлардзинады ахадындзинад царды.Хорз йæ митæй бæрæг вæййы. | Радзырд кæсын, зынæмбарæн дзырдтæ æмбарын кæнын. | «Арт æмæ донимæ ма хæц.» |
1 | |
| 3. | Тагъддæр уайут уе скъоламæ! | 5)»Лæгау.» Къоста. | Зондамонæг,ахуырдзаутæ, скъоламæ тагъд уайын. Хызын, зондамонæг, æнæзивæг. | Æнæзивæг уæвын: хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæнын. | Æмдзæвгæйы мидисыл æрдзурын. .Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй зонын, зынæмбарæн дзырдтыл куыст. | Æнæзивæгæй съоламæ уайын. |
1 | |
| | | 6)«Партæйы бын.»Голявкин В. | Фæззæг, скъола,æрымысын, фæдисхуыз. | Скъолайы хи дарыны æгъдæуттæ. Дæхи дарын зон урокты. | Радзырды дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ дзырдтæ ссарын (бакусын сыл). Радзырд кæсын. | Скъолайы фыдуаг митæ кæнæн нæй. | 1 | |
| 4. | Уарзын дæ,сыгъзæрин фæззæг! | 7) «Мыст æмæ сырддонцъиуы аргъау.» Быгъуылты Ч. | Бæркадджын, бурзагъе фæззæг, гонтæ,æмбисонды зад,кæри,байуарын,фæхъæлæба кодтой,æрдджытæ. | Зыд ма кæн.Æмбæлтты дзырд хъуамæ кæрæдзийыл бада . | Аргъау рольтæм гæсгæ кæсын, дзырдуатон куыст бакæнын. | Аргъау радзурын æндæр сырдты тыххæй. |
1 | |
| | | 8) «Сырддонцъиу». Ситохаты С | Сырддонцъиу, къуырцц-къуырцц, æхсынæнтæ, дзулы муртæ. | Цъиутæн æххуыс кæнын. Цы пайда хæссынц,æрд æн. | Радзырд бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын зæрдыл бадарын. Сырддонцъиуты тыххæй дзурын, сырддонцъиуы зонд. | Æрæгвæззæджы миниуджытæ. |
1 | |
| | | 9) «Æрæгвæззæг». Чеджемты Г. | Фæззæг фехъал,æнкъардæй, сыфтæртæ, хъæды бæлæстæ. | Æрæгвæззæджы миниуджытæ, æрдзы рæсугъддзинад | Æмдзæвгæ аив кæсын,фæззæджы мæйтæзонын. | «Сыфтæртæ згалы,мигътæ суры,ниуы,дымы»-цæуыл цæуы ныхас. |
1 | |
| 5. | Хорзæй хорз зæгъын хъæуы,æвзæрæй та-æвзæр. | 10)«Æххуысгæнджытæ».Дзесты К. | Хорз æмбал ,зын сахат рабæрæг вæййы.Дурын фæдæлдон. Къаннæг хъуывгъан, æнæзонд, æххуысгæнджытæ | Æххуыс дзыхы ныхæстæй нæу, фæлæ митæй. | Радзыр хæйттыл адих кæнын, анализ скæнын, лæппутæй йæхи чи куыд равдыста, ууыл æрдзурын. Биттуйы архайд сын сæ ныхмæ æрæвæрын. Нывимæ куыст. | Дзесты К. «Рынчынфæрсæг» |
1 | |
| | | 11)«Хæларзæрдæ чызг». ОсееваВ. | Зæрдæхæлар,æфсин, сойæ сæрстау,фæлмæнпакъуыджын,сцахта,дзæмбытæ. | Хорз æмбалы миниуджытæ. | Радзырд хайгай кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын.Хæлæртты раив-баив кæнæн нæй. | Хорз æмбал гадзрахатæй никуы рацæудзæн. | 1 | |
| | | 12) «Æнæрхъуыды чызг.» Джиоты К. | Æнæрхъуыды уæвын, мады уарзт. Æнцойы бон. | Мадмæ уæрзон цæстæй кæсын,æххуыс кæнын. | Нывимæ куыст,радзырд кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын сбæрæг кæнын. | «Бирæ дзурынæй бирæ кусын хуыздæр у». |
1 | |
| 5. | Скодта Митын лæг йæ урс кæрц. | 13) «Зымæг». Хъайтыхъты Г. | Хъал зымæг,фаронау,бæркад,дымгæйы цъæхахст. | Афæдзы афонтæ,æрдзы ивддзинæдтæ. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй зонын,ног дзырдтæ базонын. | Æрдзы ивддзинæдтæ зымæджы. |
1 | |
| | | 14) «Тудзи æмæ сырддонцъиу». Ситохаты С. | Баргъæвст бæласы къалиуыл,уазал -хъызт,æххормаг зымæг. Рудзынджы тæрхæг,къæбиц, æваст джихæй,расхъиудта. | Цæрæгойтæ æмæ мæргътæм хорз цæстæнгас дарын,тæригъæд сын кæнын. | Радзырд кæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бацамонын. | Цæрæгойт æ-нæ чысыл хæлæрттæ,сæ кæрæдзийæн дæр ма æххуыс кæнынц. (радзурын) |
1 | |
| | | 15) «Зымæгон уазал бон». Асаты А. | Фæкъуылых,æнæзивæгæй,хойраг,æппынфæстаг,хæрхæмбæлд,къæбицы хойраг,уæларт авæрдта,мæра,æмпъузынæн. | Æмбалыл хинæй макуы рацу.Хорзæн рохгæнæн нæй. | Радзырд бакæсын, ног дзырдтыл бакусын, æмбисæндтыл куыст. | Нывмæ гæсгæ бакусын.(71 ф.) |
1 | |
| | | 16) Зымæгон аргъау». Чеджемты Г. | Райдзаст у нæ бæстæ, æнæкæрон-йæ зæхх. | Райгуырæн бæстæйы æрдзы рæсугъдзинад, поэты зæрдæйы цин. | Æнцойгæнæг дзырдбæстытыл куыст, уыци-уыцитæ, нывтимæ куыст. | Сочинении (фысгæ кæнæ дзургæ) зымæджы тыххæй. |
2 | |
| | | 17) «Заз». Цæрукъаты В. | Ногбонтæ, Ног аз,заз бæлас,сфæлыстам,фæччи. | Адæмы уарзондæр бæрæгбон _Ног аз. | Æмдзæвгæйы мидис равзарын, анализ кæнын, зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. | «Куыд сæмбæлыс Ног азыл ды та»? (радзырд) | 1 | |
| | | 18) « Зæронд Ног азы æхсæв». Будайты М | Æртытæ кæнын,басылтæ,хæдзаронтæ,цухъхъа,разгæмттæ. | Ирон бæрæгбæттæ,æгъдæуттæн аргъ кæнын. | Радзырдыл бакусын,ног дзырдтæ зæрдыл бадарын. | Радзурын зæронд ог азы тыххæй. |
1 | |
| | | 19) «Залты мит»..Къадзаты С. | Залты мит,ныкъулыс,æмызмæлд,дзинг кæны. | Алы афæдзы афон дæр рæсугъд у,уарз æрдз. | 1.Радзырдæн анализ скæнын, æрдзурын йæ мидисыл. Нывимæ куыст.(148ф.) | «Зымæг хъæды.»радзурын. |
1 | |
| | | 20) «Зымæгон райсом». Къадзаты С | Митгæлæбу,хæмпус,зæлланг кæны,фиййаг,мады курдиат. | Мæргътæн зымæг хæринаг нал фаг кæны æмæ сæм фæкæсын хъæуы. | Радзырды мидисыл бакусын.Беседæ саразын «зымæгон куыд æххуыс кæнын мæргътæн». | Уазалы дæс цъиуæй аирвæзы иу! |
1 | |
| 6. | Æнæзивæг куы уай-хуыздæр бынат дæ бар. | 21) «Скъоламæ». Æмбалты Ц | Æнæзивæг уæвын,сахъгуырд, цырд,уаргъ,къуыззит,хосгæрст,дыгоппон,уис хæссы. | Хорз хъуыддæгтыл хæст, скъолайы хорз ахуыр –царды рухсмæ фндаг,зивæггæнаг æгад. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй зонын. Хорз æмæ æвзæр хъуыддæгыл æрныхас кæнын. | Хуыгаты С. «Бæтæ æмæ Дзодзæ» |
1 | |
| | | 22) Дыууæ гутоны». К .Ушинский. | Куырдадз, гутон,мæнгагъуыст,згæхæрд,хуым кæнын. | Зивæггæнаджы гуыл хомæй баззад. Адæймаджы уæнгтæ дæр згæ афтæ бахæрдзæн. | Радзырд кæсын, йæ сæйраг хъуыдыйыл аив беседæ саразын, æнцойгæнæг дзырдтæй иуыл бакусын. | «Сæрдасæн». Згæ йæ бахордта. |
1 | |
| | | 23) «Хъæбулы зæрдæ». Баситы М. | Раздарæн,буцдарæн,мидбылты,хъæбул. | Мады зæрдæ рухс кæнын хъуыддæгтæй | Аив бакæсын, йæ сæйраг хъуыды йын бамбарын кæнын | «Мады уарз хъæбулмæ» радзурын |
1 | |
| | | 24)«Хæдзармæ куыст». Джиоты К.. | Бафиппайдта,æвæндонæй,æрызгъæлдысты,уайдзæф. | Хинæйдзаг,зивæггæнаг æгад у. Мадæн æххуыс кæнын хъæуы хæдзары куыстыты. | Æмдзæвгæ аив кæсын,анализ скæнын чызджы митæн. | Куыд æххуыс кæнæм нæ ныйарджытæн. Дзурын) |
1 | |
| | | 25) «Филя». Пермяк Е. | Къуымых цæвæг,ацъыввытт ласы,стуртæ,баркасскъæрæг,фесхъиудта,хъисфæндыр, | Цы кусай ,-уый зæрдæйæ. | Радзырд кæсын ,æвзарын. Хи ныхæстæй дзурынмæ йæ бацæттæ кæнын. | «Дзурын æнцон у,кæнын зындæр у.» |
1 | |
| | | 26) «Мæ бандон». Баситы М | Тыргъ,фæкъуылых,фæрæт. | Куысуарзаг-кадджын у. Зивæджы мад мæгуыр у. | Æмдзæвгæ аив кæсын. Филяимæ абарын лæппуйы. | Уыци-уыцитæ равзарын. |
1 |
|
| | | 27)«Æгънæг». Тъехты А | Дæ нывонд фæуон,арм. | Дæхи бон цы у, уый искæй бæрны ма кæн. | Радзырды сæйраг хъуыды бамбарын кæнын.Хи ныхæстæй дзурынмæ йæ бацæттæ кæнын. | Уыци-уыцитæ равзарын. |
1 | |
| | | 28) «Дыууæ адджын гуылы». Дзуццаты З.(тæлмац) | Цæлгæнæн,гуылтæ,тезгъо кæнын,фелхынцъ кодта, | Мадыл хинæй цæуæн нæй, æххуыс кæнын ын хъæуы. | Радзырд рольтæм гæсгæ кæсын,цæмæн баззад чызг æнæ адджын гуылæй. | Абарын радзырд « æгънæг»-имæ. |
1 | |
| | | 29) «Кæсаг,хæфс æмæ цъиусур». Гæдиаты С. | Цъиусур,денджыз,фæнд нæ цыди. | Æмзонд бинонтæ цард арынц. | Æмдзæвгæ наизусть сахуыр кæнын. | Æмбисæндтæ æвзарын. |
1 | |
| | | 30) «Йæ зивæджы йæ мæлæт». Гæззаты И. | Лыстæн,хъоппæгдзæст,фæлмæцгæ,дæллагхъуырыл. | Зивæгæй цард нæй. | Кæй аххосæй сси Мыстачъе зивæггæнаг?Аргъауæн кæрон æрхъуыды кæнын. | Æмбисæндтæ æвзарын. | 1 | |
| | | 31) «Хъазтæ». Ушинский. | Хъарм бæстæ,раздæрау,аудынц, | Хи хъаруйæ архайын хъæуы,искæмæ ма кæс. | Куыд систы хæдзарон хъæддаг цæрæгойтæ?Æрдзурын уыцы темæйыл. Рольтæм кæсын. | |
1 | |
| 7. | Мæргътæ æмæ цæрæгойты дуне. | 32) «Зараг цъиу». В Бианки. | Канариуаг цъиу,фæдæлгоммæ,цъиуы къалати,цъиу æрчъицыдта. | Цæрæгойтæм уарзондзинад рæзын кæнын. | Цæрæгойты миниуджытæ зонын хъæуы,хæдзары сæ куы дарай ,уæд. Радзырды мидисыл кусын,хорз кæсын. | 113-114 фарс.Бакусын нывтимæ. | 2 | |
| 8. | | 33) «Асайдта нанайы». Хъантемыраты К. | Æнхъæлдта,фенкъард. | Цæрæгойтæм уарзондзинад рæзын кæнын. | Хæларзæрдæ лæппу ,уарзы цæрæгойты.Сымахмæ та цавæр цæрæгой ис æмæ йæм куыд зилыс. Радзурын | Сайын хорз нæу,фæлæ де*мбалæн хъуамæ хай кæнай. |
1 | |
| | | 34) «Рувас æмæ зыгъарæг». Аргъау. | Зыгъарæг,мыды чыргъæд,фæхъæстæ дæн,минас. | Æмбалыл хинæй ма цу. | Радзырды мидисыл бакусын,хорз æмбалы миниуджытыл æрдзурын. | Чи уыдысты Нартæ? |
1 |
|
| 8. | Æгас цæуай,уалдзæг! | 35) «Сабиты зарæг». Нигер. | Тынтæ уадзы,хъæдбынæй,сæнтсырх. | Уалдзæджы рæсугъддзинад,æрдз уарзын,аудын ыл. | Æмдзæвгæйы мидисыл бакусын,цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг,уыдоныл æрдзурын.Æмдзæвгæ наидзусть сахуыр кæнын. | Уалдзæг –рæсугъд у. |
1 | |
| | | 36) «Мыдыбындзытæ».Ушинский. | Фароныккон,къуыбыр анæрсыд,цæгатаг дымгæ,чыргъæд,къуск. | Куыстуарзаг мыдыбындзытæ. | Радзырдыл бакусын,уалдзæгæн кæцы афон цæуы архайд,цавæр дидинджытæ фæзыны уалдзæджы. | Адæмон сфæлдыстад цы хонæм. Адæмон аргъау у æи литературон. |
1 | |
| | | 37) «Зæрватыкк», Къоста. | Æнæхъыг,фæхæтай,фæрнæй. | Зæрватыкк –ирон адæмæн уарзон маргъ. | Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын. | Уалдзыгон мæргътæ. | 1 | |
| | | 38) «Мыст æмæ нартхоры нæмыг». Уырымты П. | Нæмыг, кауæй къуту,æвиппайды,хæмхудтæ-мукъу,æнæнхъæлæджы,сæрсæфæн,йæ алфæмбылай. | Зæхх –царддæттæг,нæ дарæг. | Радзырды мидисыл бакусын. Цæмæн æкъард кодтой нартхоры гагатæ,цы уыд сæ бæллиц. | Цы у литературон аргъау? |
1 | |
| | | 39) «Уалдзыгон нывтæ». Хъодзаты Æ. « Хур æмæ мигъ». Джанни Родари. | Æмбойны,басаста йæ дойны. Парахатæй,сæндæттæ,хæлуарæг. | Уалдзыгон æрдзы рæсугъддзинад. Æрдз уарзын. | Æмдзæвгæйыл æрдзурырын,къæвда сой дæттæг зæххæн. Æрдзы алы фæзынд дæр диссаг у. | Кæмæн дæтты хур йæ тынтæ. |
1 | |
| 9. | Кæм райгуырдтæн,мæхи кæм базыдтон. | 40) «Райгуырæн бæстæ».Хозиты П. | Фыдыбæстæ,Хуссар,Цæгат,цъитиджын,дæлвæзтæ,фыдæлты. | Райгуырæн бæстæмæ уæрзондзинад рæзын кæнын. | Радзырды мидисыл бакусын,дзырдуатон куыст кæнын,Цæмæн дих кæны Ирыстон дыууæ хайыл,ууыл æрдзурын. | Ирыстоны истори, йæ горæттæ, хъæуты рæсугъдзинад. | 1 |
|
| | | 41) «Бæрзонд æфцæгыл». Дж.Ш. | Æфцæг,къахвæндаг, суадон,сатæг уддзæф,цъититæ,скъамотæ,сæрибар,тарстхуызæй. | Адæмы тых сæ иудзинады ис. | Цæмæн у фыдыбæстæ мад, хо, æфсымæр, фыдау адджын.Дыууæ Ирыстоны -цæргæсы дыууæ базырау. Радзырды мидисыл бакусын, лæмбынæг бакæсын хæдзары. | Ирыстоны æрдзы фидауц хæхтæ æмæ уазал суадæттæ. |
2 | |
| | | 42) «Цин.» Ходы Камал. | Цæхæрцæст, Райдзаст у нæ бæстæ, æнæкæрон-йæ фæз, зæхх,бæркад. | Райдзаст у нæ бæстæ, æнæкæрон-йæ фæз. | Райгуырæн бæстæйы рæсугъдзинад, поэты зæрдæйы цин.Æмдзæвг» аив кæсын. | Æнцойгæнæг дзырдбæстытыл куыст, уыци-уыцитæ, нывтимæ куыст. |
1 | |
| | | 43) «Уызыны хæдзар». Дж.Ш. | Хъистæ,галуан,фæрдгуытау тылдысты,тындзы размæ,сындзы къутæр. | Райгырæн бæстæ зынаргъ у. | Радзырд кæсын æмæ йын йæ сæйраг хъуыды æвзарын. | Æмбисæндтæ æвзарын райгуырæн бæстæйыл. |
1 | |
| | | 44) «Баба,уæлахиз мæ хъæуы». Хъайтыхъты А. | Сырх Æфсад, Рейхстаджы,æфсæддонтæ,хæстон хæрзиуджытæ,йæ дæллагхъуырмæ нылхъывта ,хордзен. | Ирыстоны лæппутæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты –уæлахиздзаутæ. | Радзырд кæсын æмæ йын йæ сæйраг хъуыды æвзарын. | Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй цы зоныс,дæ хæстæджытæй чи хæцыдис,бафæрс хистæрты æмæ радзур. |
2 | |
| | | 44)«Мæсгуыты хабар».Дж.Ш. | Рагон мæсгуытæ,цагъартæ скæнын, фидæрттæ,уæртджын хæфс,æфсæддонтæ,къуыбылойау,барджытæ,тыхгæнджытæ. | Лæгæй –лæгмæ тохы хъæбатыр уæвын зын у, фæсвæдмæ та-æнцон. Æмвæнд адæмæн хох дæр нæ лæууы. | Радзырды сæйраг хъуыды бамбарын кæнын.Ирæтты хъæбатырдзинад хæсты. | Ныв равзарын. «Зæрæмæг изæрыгон.» 155 фарс. Рагон ирон хæдзары арæзт. |
1 | |
| | | 45) НРК | Зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæг. | Сывæллæтты лæмбынæг хъусын ахуыр кæнын. | Цы базыдтай,уый радзур. | 146 фарсыл нывтам гæсгæ радзурын. |
2 | |
Ирæттæ сæ рæвзæрдæй фæстæмæ аудынц сæ мадæлон æвзагыл, уымæн æмæ æмбарынц: цалынмæ æвзаг цæра, уæдмæ фидар уыдзæн национ культурæ, национ хиæмбарынад.
Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад се ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа йæ ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.
Райдайæн скъолайы бындур æвæрд æрцæуы сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн.
Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;
- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты. Райдайæн скъолайы кæсыны уроктæн лæвæрд цæуы 1,5 сахаты.
Кæсыны урокты хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц сабиты миддуне, ахъаз сын сты сæ эстетикон рæзтæн, æвзæрын сæм кæнынц алыхуызон бæллицаг æнкъарæнтæ. Ахуыр сæ кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдзы рæсугъддзинад æмбарын, хистæрæн, ныййарæгæн кад кæнын, фæллой уарзын æмæ а.д.
Иудзырдæй сæ алывæрсыгæй хъомыл кæнынц. Хъомыл кæнын та, В.Г. Белинскийы загъдау, цытджын хъуыддаг у, адæймаджы хъысмæт уымæй аразгæ у.
Литературон кæсынад сабитæн æнкъарын кæны нывæфтыд ныхасы ад, йæ аивдзинад, амоны йын ныв æмæ фæлгонц уынын
Райдайæн кълæсты литературон кæсынадæн йæ сæйраг нысан у скъоладзауты раст æмæ æмбаргæ кæсыныл сахуыр кæнын.
Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр цы у, уый рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын, сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.
- зындгонд фысджыты нæмттæ зонын, сæ уацмыстæ сын ранымайын.