
Темӕ: Хъуыдыйады уӕнгтӕ
Ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.
Нысан: 1. Скъоладзаутӕ цы ӕрмӕг рацыдысты хъуыдыйады
уӕнгты тыххӕй,уый зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.Хицӕн кӕнын сӕйраг ӕмӕ фӕрссаг уӕнгтӕ,сӕ хуызтӕ.
2.Ахуырадон нысан ӕвӕрын
3.Хи хъуыдытӕ ӕргом кӕнын.
4.Сывӕллӕттӕм ӕвзӕрын кӕнын уарзондзинад мадмӕ,
аргъ ӕмӕ йын кад куыд кӕной.
Ӕрмӕг:Карточкӕтӕ,уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг,компьютерон технологи
Зынӕмбарӕн дзырдтӕ:
Айнӕг-къӕдзӕх
Цӕджджинаг-бӕгӕны фыцӕн ӕрхуы аг
Ахуыргӕнӕг
Бакӕсын ӕмбисонд
Мады сагъӕс йӕ хъӕбулты сӕрмӕ хурау ӕрттивы.
Куыд ын ӕмбарут йӕ хъуыды?
Раттут ма фӕрстытӕ дзырдтӕм хъуыдыйады мидӕг.
Фарст цы дзырдтӕм фӕдӕттӕм хъуыдыйады мидӕг,уыдон
куыд хуыйнынц?
Цы у абон нӕ урочы темӕ?(Хъуыдыйады уӕнгтӕ)
Хъуыдыйады уӕнгтӕ ӕвагзонынады цавӕр хай ахуыр кӕны?
Нӕ размӕ цавӕр хӕс ис?
Синтаксисӕй цы ӕрмӕг рацыдыстӕм,уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм.Бӕлвырддӕр та хъуыдыйады уӕнгтӕ,сӕ хуызтӕ.
Фарст
Хӕдзармӕ цавӕр хӕс лӕвӕрд уыд?
Дзуапп
Ныффыссын цыбыр нывӕцӕн «Хӕрзбон,сызгъӕрин фӕззӕг»
Тексты мидӕг ссарын фадатон дзырдтӕ
Ахуыргӕнӕг
Абон фӕззӕджы фӕстаг бон у,ӕмӕ йын фӕндараст зӕгъӕм.Уӕ хъуыдытӕ,уе нкъарӕнтӕ куыд равдыстат уе сфӕлдыстадон куысты?
Скъоладзаутӕ кӕсынц сӕ нывӕцӕнтӕ,ссардтой дзы фадатон дзырдтӕ
Слайдтӕ фӕззӕджы тыххӕй
Индивидуалон куыст(карточкӕ)
Хӕс:Равзар хъуыдыйад хъ-ды уӕнгтӕм гӕсгӕ.Бацамон, цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт сты?
Ныййарӕг зӕхх ӕмӕ ныййарӕг мад кӕрӕдзимӕ хӕстӕг лӕууынц.
Фарст:Цӕмӕн лӕууынц хӕстӕг?Куыд ӕй ӕмбарыс?
Скъоладзаутӕ кӕрӕдзимӕ дӕттынц фӕрстытӕ рацыд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ.
1.Цы ахуыр кӕны синтаксис?
2.Цы у хъуыдыйад?(Дӕнцӕг)
3.Цы хонӕм хъуыдыйады уӕнгтӕ?
4.Цавӕр 2 къордыл дих кӕнынц хъ-ды уӕнгтӕ?
5.Цы хонӕм сӕйрат,зӕгъинаг?Цавӕр ныхасы хӕйттӕй арӕзт вӕййынц?
6.Цы хонӕм ӕххӕстгӕнӕн,бӕрӕггӕнӕн?(Дӕнцӕгтӕ)
7.Ранымайут фадатон дзырдты хуызтӕ.Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц?
Экраныл слайдтӕ
Фысгӕ хӕслӕвӕрд:Хъуыдыйӕдтӕ фӕрстытӕм гӕсгӕ баххӕст кӕнут хъӕугӕ дзырдтӕй.Бацамонын цавӕр хъуыдыйады уӕнгтӕ сты?
Фӕззӕг( цӕмӕй?)сыфтӕрӕй фӕлмӕн уат бакодта зӕххыл.Уадз ӕмӕ миты фыццаг гӕлӕбутӕ хъӕбӕрыл сӕхи ма ныццӕвой.Уадз ӕмӕ кӕрӕдзийыл сӕмбӕлой(куыд?) хъӕлдзӕгӕй,зӕрдӕрухсӕй
2)Хӕс:Лӕвӕрд дзырдтӕй саразут хъуыдыйӕдтӕ.
Бӕрзонд айнӕгӕй схъиудтой ӕхсӕрдзӕнтӕ.
Сӕууон хуры тынтӕм судзӕгау кодта сӕ фӕздӕг.Хӕхты бынтӕй цӕссыгау лӕдӕрстысты суадӕттӕ.
Дзырдуатон куыст
Бамбарын кӕнын дзырдты растфыссынад.
Хорздзинӕдтӕ,мысинӕгтӕ,ссарын,рӕсугъддӕр,лӕвӕрттӕ,цард-дӕттӕг.
Ахуыргӕнӕг
Абон мах нӕ урочы дзырдтам фӕззыгон бонты тыххӕй,ӕмӕ ма иу хатт фӕззӕджы бӕрӕгбӕттӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм
Дзуаппытӕ
Къостайы гуырӕн бон,Иудзинады бон,Мады бон.
Фарст.Уыцы бон уӕ мадӕлты ӕрхъуыды кодтат?
Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.
Ахуыргӕнӕг
Кӕд уыцы бон аивгъуыдта,уӕддӕр мады тыххӕй алы бон дӕр дзурӕн ис.Мады ном,мады цӕсгом,йӕ хъарм,йӕ уарзтӕн рохгӕнӕн нӕй.Цард нын чи радта,зонд нын чи амоны,раст фӕндагыл нӕ чи ӕвӕры,нӕ циныл цин чи кӕны,нӕ мастыл-маст,уыцы уарзон мад.
Релаксаци(байхъусын мелодимӕ)
Байуарын текст «Мад»
Хӕс:Бакӕсын текст.Сбӕрӕг кӕнын тексты хуыз,йӕ сӕйраг хъуыды.
Дзуапп.Тексты хуыз-тӕрхӕттӕ ӕрфысты элементтимӕ.Йӕ сӕйраг хъуыды:алы кӕстӕр дӕр ӕмбара,зона мады зӕрдӕ,йӕ фыдӕбон,йӕ хорздзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ буц дара,ӕгъдау ын дӕтта,кад ын кӕна.
Фарст.Цал абзацӕй арӕзт у?Цавӕр микротемӕтӕ дзы ис?
Дзуапп.
1.Зӕххыл ӕцӕг амонд фенӕн ис,мады рухс цӕсгом уынгӕйӕ.
2.Мад у царддӕттӕг.Уды рӕсугъддзинӕдтӕ чи лӕвар кӕны.
3.Мад йӕ хъӕбулы зӕрондӕй дӕр хоны йӕ хъӕбул.
Фарст.Сымахӕн та цы бынат ахсы мад уӕ царды?
Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.
Фарст.Цавӕр ӕмбисӕндтӕ зонут мады тыххӕй?
Дзуаппытӕ
Мады хорздзинӕдтӕ ничи ма бафыста.
Мады зӕрдӕ риссаг у.
Мады зӕрдӕ фӕлмӕн у.
Мадӕн йӕ хъӕбул зӕронд нӕ кӕны.
Мады къухӕй лӕг адджынӕн хӕры.
Ныййарӕгыл,мадыл бирӕ зарджытӕ арӕзт ӕрцыд.Мады сурӕтмӕ се ргом здӕхтой нывгӕнджытӕ дӕр.Зӕгъӕм,зындгонд уырыссаг нывгӕнджытӕ Суриков,Репин,Маковский.
Слайдтӕ
Уыдоны сфӕлдыстадыл ахуыр кодта номдзыд поэт ӕмӕ нывгӕнӕг Хетӕгкаты Къоста Бетъырбухы Аивӕдты Академийы.
Ацы нывты ӕмрӕнхъ ӕрӕвӕрӕн ис йӕ диссаджы ныв «Дондзау»
Слайд
Фарст.Кӕй равдыста ацы нывы?Цы зонут нывы историйы тыххӕй.
Дзуапп.Сыхӕгты,зонгӕты,хӕстӕджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ ныффыста йӕ сурӕт.Ныв куы федтой,уӕд дис кодтой-бынтон йӕхи хуызӕн рауад.
Фарст.Мад ӕмӕ хъӕбулы хсӕн бастдзинад,уарзондзинад куыд ӕвдыст цӕуы?
Дзуапп.Мад йӕ иу къухӕй хӕцы хъӕдын ведрайыл(къӕртайыл),
иннӕ къухӕй та хӕцы сывӕллоны уӕхскыл,ӕххуыс ын кӕны,хӕххон дурджын фӕндагыл йӕ къах ма скъуыра,ма ахауа,ӕмцыд кӕна.Лӕппу дӕр фидар хӕцы мады къабайыл,стыр къахдзӕфтӕ кӕнгӕйӕ.Архайы ӕмдзу кӕнын йӕ мадимӕ.Кӕрӕдзийыл ӕнувыд кӕй сты,уый нывы аивӕй зыны.
Ахуырг.Мад ӕддаг бакастӕй у рӕсугъд,уӕздан ирон сылгоймаг!
Сӕххӕст кӕнын чиныджы 99-ӕм фӕлтӕрӕн.
Равзарын 3 хъ-ды хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ.
Рефлекси.Скъоладзаутӕ цы бамбӕрстой урочы кӕрон,уый сбӕрӕг кӕнын.Скъоладзаутӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ,цымыдисаг сӕм цы фӕкаст,цы базыдтой.
Ахуыргӕнӕг
Абон мах нӕ урочы пайда кодтам дзырд «мад»-ӕй.Фӕнды мӕ,цӕмӕй уӕ хъуыдытӕ,уе нкъарӕнтӕ мады тыххӕй равдисат уе сфӕлдыстадон куысты ахӕм сӕргондимӕ: «Мад хъӕбулӕн йе стъалы,йӕ хур у»
Уый ӕцӕгдӕр афтӕ у
Мад….Уый номимӕ баст сты адӕймаджы рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕлдзӕгдӕр бонтӕ.Уый у царддӕттӕг,амондхӕссӕг.Уый йӕ зӕрдӕйы хъарм фӕдӕтты сабийӕн.Алы кӕстӕр дӕр хъуамӕ зона мады фыдӕбон,йӕ тухӕнтӕ.Мады хорздзинӕдтӕ бафидӕн нӕй,фӕлӕ алчидӕр хъуамӕ архайа,цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты ма бацӕуа,йӕ зӕрдӕ йын ма фӕриссын кӕна,рӕвдыд уа йӕ цотӕй.
Дзӕгъӕлы нӕ баззад ӕмбисонд «Мады бӕллиц-цоты хур».Уыдонӕй йӕ хур куы тава,йӕ зӕрдӕ рухс куы уа,уӕд уый амондджын мад у
Слайд (хъуысы Баллаты Вл. «Мады зарӕг»)