СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Уарзын дæ, Ирыстон!

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан: 1. Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.

 2. Сфæлхат кæнын номдарты бирæон нымæцы равзæрды хицæндзинæдтæ.

3. Ныффидар кæнын рацыд æрмæг миногонты бæрцбарæнты æмæ фразеологион дзырдбæстыты тыххæй.

4. Скъоладзауты ахуыр кæнын монологон ныхас раст аразыныл.

Просмотр содержимого документа
«Уарзын дæ, Ирыстон!»

Темæ Уарзын дæ, Ирыстон!

Урочы нысан 1. Зонгæ лексикæ темæйæ иу системæмæ æркæнын.

2. Сфæлхат кæнын номдарты бирæон нымæцы равзæрды хицæндзинæдтæ.

3. Ныффидар кæнын рацыд æрмæг миногонты бæрцбарæнты æмæ фразеологион дзырдбæстыты тыххæй.

4. Скъоладзауты ахуыр кæнын монологон ныхас раст аразыныл.

Хъомыладон хæс ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинады æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ Райгуырæн бæстæмæ.


Цæстуынгæ æрмæг Ирыстоны æрдзы нывтæ, магнитофон, кассетæ 1-аг фæлтæрæнимæ.


Урочы методикон рацарæзт


I. Бацæттæгæнæн хай

– салам раттын

– скъоладзауты цæттæдзинадыл цæст ахæссын

– радгæсимæ бакусын

(фæбæрæг кæнын, къласы чи нæй, уыдоны. Æрдзурын боныхъæды ахастыл).


II. Ныхасы зарядкæ. – фæлтæрæн 1

Байхъусын æмæ бакæсын.

Фæрстытæн æххæст дзуæппытæ раттын.

Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын.


З∕м. Дзуæппытæ • Нæ фыдæлтæ номдзыд уыдысты, уымæн æмæ уыдысты тыхджын æмæ æхсарджын.

• Аланты аргъуантæ сты архитектурæйы егъаудæр æнтыстытыл нымад, уымæн æмæ сты тынг диссаджы рæсугъд.


Сæргонд Номдзыд æмæ курдиатджын адæм.


III. Грамматикон фæлтæрæнтæ.

Фæлтæрæн 2. Мивдисджытæ нырыккон æмæ суинаг афонты сæвæрын (цæсгом нæ ивгæйæ).


зарыдыстут – зарут-зардзыстут

хордтам – хæрæм-хæрдзыстæм

бамбæрста – бамбары-бамбардзæн

цардæ – цæрыс-цæрдзынæ

уарзтон – уарзын-уарздзынæн


Фæлтæрæн 3. Таблицæ баххæст кæнын номдартæй.

аразæг, цæрджытæ (1), цæст, зæххытæ (2), фыдæлтæ, мад (3), уæйыг, чингуытæ. (4)


• Ацы фæлтæрæны хъус æрдарын номдарты бирæон нымæцы арæзтмæ. Адих кæнын къордтыл 1, 2, 3, 4.


IV. Нывтæм гæсгæ куыст.

• Дзырдбæстытæ саразын, спайда кæнын æххуысгæнæн æрмæгæй.



Фæлтæрæн 4.

• райдзаст кълас

бæрзонд хæхтæ


Хур бон

Æгъдауджын скъоладзау

Ацæргæ лæг

Зæронд сылгоймаг


Фæлтæрæн 5. фразеологион дзырдбæстытæ

Саразын нывтæм гæсгæ

Бамбарын сæ кæнын


Сæрмæ хæссын – æрвæсын

Зæххыл абадын – æрызгъæлын, ахауын

Цæсты фæныкъуылдмæ – тынг тагъд


V. Фысгæ ныхасыл куыст.

Фæлтæрæн 6.

• рафыссын æмдзæвгæ

• фæбæрæг кæнын миногонты бæрцбарæнтæ

Хæрзконддæр – барæн бæрц

Бæрзонддæр, уарзондæр, зынаргъдæр-барæн бæрц


Дзуапп Поэт йæ Райгуырæн бæстæ бары хæрзконд чызг, бæрзонд Хох, мад æмæ цардимæ.


Монологон ныхасы куыст Фæлтæрæн 7. Бакæсын. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

• Сбæрæг кæнын хъуыдыйады хуызтæ сæ арæзтмæ гæсгæ.


1 хъуыд.-ДВХъ

2 хъуыд-хуымæтæг, иувæрсыг, æбæлвырдцæсгомон

3 хъуыд-хуымæтæг даргъ

4 хъуыд-хуымæтæг, иувæрсыг, æбæлвырдцæсгомон

5 хъуыд-хуымæтæг даргъ

6 хъуыдыйад-ДВХъ

7 хъуыдыйад-хуымæтæг даргъ

8 хъуыд-хуымæтæг, иувæрсыг æбæлвырдцæсгомон

9 хъуыд-ÆВХъ

10 хъуыд-хуымæтæг, иувæрсыг, æнæцæсгомон


8-æм фæлтæрæн. Текст бакæсын пъланмæ гæсгæ.

9-æм фæлтæрæн. Текст хи ныхæстæй радзурын.


VI. Кæронбæттæн хай

– хатдзæгтæ, бæрæггæнæнтæ

– х∕к фæбæрæг кæнын

Хъуыдыйæдтæ баххæст кæнын.


З∕м

1хъ … уымæн æмæ дзы ис рæсугъд æрдз

2 хъ … уымæй æмæ у рæсугъд (у Дыгургомы фидауц)

3 хъ … уымæн æмæ тынг диссаг сты сæ кондæй.

4 хъ … уымæн æмæ никæмæй тарстысты.

– скъоладзауты афæндараст кæнын