СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урочы конспект .

Нажмите, чтобы узнать подробности

  1. Базонгӕ кӕнын номдары сӕйраг ӕууӕлтимӕ  (цы нысан кӕнынц, цавӕр фарстытӕн дӕтты дзуапп );
  2. Амонын дзырдтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын, кӕцытӕ домынц фарстытӕ чи?, цы?
  3. Номдартӕ иннӕ ныхасы хӕйттӕй хицӕн кӕнын;
  4.  Урочы саразын хорз психологон уавӕр , цӕмӕй сывӕллӕттӕ темӕ хуыздӕр бамбарой :

 

 

 

 

5.  Хъомыл   ӕмӕ ӕмбарын кӕнынӕрдзы рӕсугъддзинад ,гуырын  кӕнын уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ нӕ алфамбылай ӕрдзмӕ.

Просмотр содержимого документа
«Урочы конспект .»

Урочы технологон картӕ


Урочы афыст

Предмет/кълас

Ирон ӕвзаг, 6 кълас

Нымӕц

06.10.2016

Ахуыргӕнӕг

Санахъоты Л.М.

Ахуыргӕнӕндон

33-ӕм скъола

Темӕ

Аныхас кӕнӕм ахуыры тыххӕй.Номдар.

Чиныг

Дзодзыккаты З.Ирон ӕвзаг. 6 кълас

Урочы тип

Ног зонындзинӕдтӕ райсын.

Куысты формӕтӕ

Ахуыргӕнӕджы диалог, индивидуалон куыст, фронталон куыст, къордты куыст.

Урочы нысан

Скъоладзауты базонгӕ кӕнын номдаримӕ.

Урочы хӕстӕ


  1. Базонгӕ кӕнын номдары сӕйраг ӕууӕлтимӕ (цы нысан кӕнынц, цавӕр фарстытӕн дӕтты дзуапп );

  2. Амонын дзырдтӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын, кӕцытӕ домынц фарстытӕ чи?, цы?

  3. Номдартӕ иннӕ ныхасы хӕйттӕй хицӕн кӕнын;

  4. Урочы саразын хорз психологон уавӕр , цӕмӕй сывӕллӕттӕ темӕ хуыздӕр бамбарой :

5. Хъомыл ӕмӕ ӕмбарын кӕнынӕрдзы рӕсугъддзинад ,гуырын кӕнын уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ нӕ алфамбылай ӕрдзмӕ.


Урочы дӕргъы хъуамӕ базоной .

Предметон:

  • Зонын:

- цы нысан кӕнынц номдартӕ;

- цавӕр фарстытӕн дзуапп дӕттынц номдартӕ;

- куыд сӕ хъӕуы бынӕй хахх кӕнын , куыдӕй фыссын хъӕуы.

  • Арӕхсын:

- номдартӕ иннӕ ныхасы хӕйтты ӕхсӕн хицӕн кӕнын;

- раст дӕттын фарстытӕдзырдтӕм (чи? цы? кӕй? цӕй? ӕмӕ аф.д..);

- нӕ ныхасы раст пайда кӕнын номдартӕй.

Удгоймагон:

Скъоладзауты тырнындзинад ахуырмæ рæзын кæнын;

- эстетикон домындзинӕдтӕ ӕмӕ рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ ӕвзӕрын кӕнын скъоладзаутӕм;

скъоладзауты фӕцайдагъ кӕнын иумӕйаг куыстыл;

Метапредметон:

  • Регулятивон

- ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй сбӕлвырд кӕнын урочы нысантӕ;

- урочы архӕйдтытӕ фӕткыл равӕрын;

- зонындзинӕдтӕн аккаг аргъ скӕнын зонын;

- хи архайдтытӕн пълан аразын зонын урочы нысанмӕ гӕсгӕ;

- хи хъуыдытӕ дзурын:

Ӕмбарынадон:

- ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй зонындзинӕдтӕй пайда кӕнын зонын;

-ног зонындзинӕдтӕ базонын: фарстатӕн дзуаппытӕ арын,урочы цы информации базыдтой ,уымӕ гӕсгӕ;

  • Коммуникативон :

- арӕхсын хи хъуыдытӕ дзурын;

- искӕй ныхасмӕ хъусын ӕмӕ йӕ ӕмбарын ; къорды кусгӕйӕ зонын иннӕ скъоладзаутимӕ баныхас кӕнын;

Предметон:

- ӕмбарын,цы ӕвзаг ахуыр кӕны, уый кӕй у адӕмӕн сӕ культурӕ ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ дзурыны фӕрӕз;

- раст литературон ӕвзагылдзурын;



Урочы дидактикон структура.








1. Урочы дидактикон структура.

I. Организацион момент.

II. Дзырдуатон куыст.

III. Сыгъдӕг фыссыны минут.

IV.Зонындзинӕдты актуализаци

V. Хи разӕнгард кӕнын архайдмӕ

VI.Темӕмӕ гӕсгӕ зонындзинӕдтӕ систематизаци кӕнын.

VII. Темӕмӕ гӕсгӕ зонындзинӕдтӕ фӕарфдӕр кӕнын «Номдар-ныхасы хай».

VIII.Физминуткӕ «Хъахъхъӕн дӕ цӕстытӕ!»

IХ.Темӕ бафидар кӕнын.

Х.Физминуткӕ.

XI. Хибарӕй куыст.

XII. Урочы кӕрон. Рефлекси.

XIII. Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд.

Урочы ӕрмӕг

Компьютер, интерактивон фӕйнӕг «SMART», проектор, карточкӕтӕ, бæласы сыфтæ рефлексийӕн.

Ахуырадон ӕрмӕджытӕ

Мыхуыргонд:

Дзодзыккаты З. Ирон ӕвзаг.6 кълас

Презентаци:

  1. Презентаци урокмӕ бацӕттӕ кодта Санахъоты Л.М.. программӕ MicrsoftOffcePowerPoint-ы


Интернет-ресурстӕ:

Нывтӕ



Урочы конспект .


Ахуыргӕнӕджы куыст

Скъоладзауты куыст


  1. Организацион момент

Нысан – скъоладзаутӕй алкӕй дӕр кусын фӕцайдагъ кӕнын.

Къухтӕ, къӕхтӕ ӕмӕ сӕр,

Цӕнгтӕ, уӕхсчытӕ, фӕсонтӕ-

Иууылдӕр ысты нӕмттӕ…

Бакастыстӕм, бахудтыстӕм, ӕрбадтыстӕм мах раст.

Мах цӕттӕ стӕм мадӕлон ӕвзаг зонынмӕ!

Сывӕллӕттӕ змӕлынц дзырдтӕм гӕсгӕ.

Сӕхи цӕттӕ кӕнынц урокмӕ.

II.Дзырдуатон куыст

Нысансфӕлхат кӕнын «фӕззыгон » дзырдтӕ.

- Раст сбадут , фысгӕ –фыссын ма гуыбыр кӕнут.


- Ныффыссут дзырдтӕ. Иумӕйагӕй сын цы ис?

-Ирон ӕвзаджы та сӕ куыд хонӕм ацы мӕйты нӕмттӕ?

- Цавӕр иу темӕмӕ хауынц?

- Ныртӕккӕ кӕцы мӕй у?

- Цы у уӕ бон радзурын ацы мӕйы тыххӕй?



-Нывгӕнӕг йӕ хъуыдытӕ , йӕ зӕрдӕйы ӕнкъарӕнтӕ равдыста йӕ ныв «Фӕззӕг» -ы . Нывы равдыста рухӕны бонтӕй иу райсом , арв , бӕлӕстӕ . Фӕззӕг.



- Уырыссаг композитор Петр Ильич Чайковский фӕззӕджы йе ‘нкъарӕнтӕ йӕ музыкӕ «Времена года» . Байхъусӕм музыкӕмӕ.

Сывӕллӕттӕ раст бадынц

- Ацы дзырдтӕ сты дзырдуатон дзырдтӕ уырыссаг ӕвзаджы.

ӕззӕг

ӕфты мӕй





Кӕсынц ныв «Фӕззӕг»-мӕ




Хъусынц П.И. Чайковскийы музыкӕ «Времена года»

  1. Зонындзинӕдты актуализаци .

Нысан - зонындзинӕдтӕ сфӕлхат кӕнын, урочы темӕ бахӕццӕ кӕнын скъоладзаутӕм.

- Цӕмӕй арӕзт у нӕ ныхас?


- Цӕмӕй арӕзт у хъуыдыйад?

- Раздӕры урочы мах нӕ дзырдтӕ адихтӕ кодтам стыр къордтыл . Цавӕр къордтӕ сты?


- Уыцы къордтӕ ма нӕ бон у схонын цавӕр иу дзырдӕй ?

- Ӕркӕсут ма «Ныхасы хӕйтты»тымбылӕгмӕ, йӕ хӕйттӕй алкӕцы дӕр цӕмӕннӕ у фыст?


- Хъуыдыйӕдтӕй, кӕцытӕ сты кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст.

- Дзырдтӕй

- Номдартӕ, миногонтӕ, мивдисджытӕ.

- Ныхасы хӕйттӕ.

- Иннӕ ныхасы хӕйттӕ ахуыр кӕндзыстӕм уӕлдӕр кълӕсты.

V.Хи разӕнгард кӕнын архайдмӕ

Нысан: урочы темӕ хибарӕй базонын.

-.Абон мах ӕрӕвналдзыстӕм арфдӕр ныхасы хӕйттӕй иуы ахуыр кӕнынмӕ.

-Базонут- ма йӕ цавӕр ныхасы хай ахуыр кӕндзыстӕм цалдӕр урочы дӕргъы.

-Слайдыл фӕзындзысты дзырдтӕ, уыдонмӕ гӕстӕ базонут , цавӕр ныхасы хай ахуыр кӕндзыстӕм абон.

- Абон мах базыдтам номдар, фӕлӕ-ма ноджыдӕр базондзыстӕм цавӕрдӕр сусӕгдзинӕдтӕ ацы ныхасы хайы тыххӕй.

- Уӕ разы ис фӕззыгон бӕлас номдары ролы.Бакӕсут ӕм ноджыдӕр ,цас цыдӕртӕ базондзыстӕм ацы диссаджы ныхасы хайы тыххӕй.

- Цы нӕ хъӕуы мах, цӕмӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм ӕмӕ хорз бахъуыды кӕнӕм номдары тыххӕй зонындзинӕдтӕ?



- Номдар






- Цы нысан кӕны номдар.

-Цавӕр фӕрстытӕн домы дзуапп.

VI. Темӕмӕ гӕсгӕ зонындзинӕдтӕ систематизации кӕнын.

Нысан – зонындзинӕдтӕ систематизации кӕнын номдары.

- Ӕрхъуыды кӕнӕм цавӕр фарстытӕн дӕттынц дзуапп номдартӕ . Бакӕсут дзырдтӕ ӕмӕ алкӕцымӕ дӕр раттут фарст.


- Скӕнут хатдзӕг. Цавӕр фарстытӕ домынц номдартӕ?

- Ракӕсут, ацы дзырдтӕ фестадысты нывтӕ .Бакӕсут сӕм лӕмбынӕг ӕмӕ зӕгъут цы нысан кӕнынц ?

- Уӕ бон суыдзӕнис раиртӕст зӕгъын «Номдар»-ы тыххӕй?

- Ӕз дӕн диссаджы дзырд,-

Загъта номдар.

Нысан кӕнын предмет,-

Уӕлдӕф ,хур, дон,

Зӕхх, хъӕд ӕмӕ горӕттӕ.

Дзуапп фӕдӕттын фарстатӕн:

Чи?Цы?-йӕн

-Номдар мах хахх кӕндзыстӕм иу хаххӕй_____ ӕмӕ йӕ цыбыртӕй та фысдзыстӕм Н.

Куыд пайда кӕнӕм номдартӕй, уымӕ гӕсгӕ Номдар ахсы фыццаг бынат.

Кӕсынц дзырдтӕ ,фарстытӕ сӕм дӕттынц:

Сыф–цы?, дидинджытӕ – цы?, кӕрдӕг – цы?, бӕлас – цы?, чызг – чи?,

- Чи? Цы?

- Предметтӕ


- Дзурынц раиртӕст, слайдыл фӕзынынцнывтӕ .


VII. Темӕмӕ гӕсгӕ зонындзинӕдтӕ фӕарфдӕр кӕнын «Номдар-ныхасы хай».

Нысан – практикон куыст бакӕнын цӕмӕй номдары тыххӕй зонындзинӕдтӕ фӕарфдӕр.

1. –Ракӕсут дзырдтӕм . Цы сӕ ис зӕгъӕн?

- Цавӕр ныхасы хаймӕ хауынц ацы дзырдтӕ?

- Раттут сӕм фарстытӕ.

- Сымах загътат номдартӕ,уӕдӕ цӕмӕн дӕттынц дзуапп ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕн?

- Ацы фарстайӕн уын дзуапп раттынмӕ феххуыс уыдзӕни уӕ чиныг. 5 фарс,

4-ӕм фӕлтӕрӕн.

- Цавӕр ногдзинад базыдтат номдары тыххӕй ?





- Чи йӕ зоны ахӕм ном цӕмӕ сӕвӕрдтой номдарыл?

- Номдар дзуры йӕхиуыл афтӕ:

"А дунейыл рагӕй цӕрын ӕз,

алы предметӕн дӕр ӕз раттын ном ".

- Ӕз ӕм бафтаудзынӕн: … предметтӕ, кӕцытӕ сты нӕ алыварс ,уыдон бонӕй-бонмӕ кӕнынц фылдӕр. Цӕмӕн?


- Уӕдӕ чи зӕгъдзӕнис , цӕмӕн фылдӕр кӕнынц номдартӕ азӕй-азмӕ?


2. –Ӕрмӕст предметтӕ фӕнысан кӕнынц номдартӕ?

Слайдыл бакӕсут дзырдтӕ.

- Цы ма фӕнысан кӕнынц номдартӕ?

3.Темӕ «1 сентябрь» ӕрдзурын.Пайда кӕнын номдартӕй

Сӕ хъуыдытӕ дзурынц сывӕллӕттӕ. (у номдар, иу дзырд зымӕджы алыхуызон формӕтӕ)

- Номдартӕ сты?

Ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй фарстатӕ дӕттынц.

Сӕ хъуыдытӕ дзурынц сывӕллӕттӕ.

- Номдартӕ дзуапп дӕттынцӕрмӕст чи? ӕмӕ цы? -йӕн нӕ , фӕлӕ ма номдартӕ дзуапп дӕттынц фарстытӕ цӕй? кӕй? ,кӕмӕн?,цӕмӕн?,кӕмӕй?,цӕмӕй.кӕмӕ?

цӕмӕ,кӕуыл?,цӕуыл?,кӕимӕ?, цӕимӕ?,кӕйау?,цӕйау?

Сӕ хъуыдытӕ дзурынц сывӕллӕттӕ.



Сӕ хъуыдытӕ дзурынц сывӕллӕттӕ.




- Ацы предметтӕ уӕд нӕ уыдысты.



- Ног предметтӕ мысынц, дӕттынц сын нӕмттӕ.

Сӕ хъуыдытӕ дзурынц сывӕллӕттӕ.

Дзурынц ,цы бакастысты слайдыл,уый

VIII. Физминуткӕ«Хъахъхъӕн дӕ цӕстытӕ»!


Сывӕллӕттӕ аразынц физминутку для глаз


IX. Темӕ бафидар кӕнын.

Нысан: цы зонындзинӕдтӕ райстой сывӕллӕттӕ,уыдонӕй практикон ӕгъдауӕй пайда кӕнын зонын.

Темӕ бафидар кӕнын.

1. Слайдтимӕ куыст.

2.Чиныгимӕ куыст 5 фарс, 5 фӕлтӕрӕн.


3. Къордты куыст. - Ӕууӕлтӕм гӕсгӕ ныффысс номдартӕ:

Предмет –

Ӕрдзон фӕзынд –

Адӕм –

Цӕрӕгойтӕ –

Географион нӕмттӕ–

Хабӕрттӕ –

Адӕймаджы уавӕр –

Адӕймаджы гъӕд –

4. – Бакӕсут рудзынгмӕ, хур нӕм ӕрбакаст.Ӕрбахаста нын хӕслӕвӕрд. Базонут, цавӕр хӕслӕвӕрд ӕрбахаста хур.


5. Хъазт «Ссар номдар»


6. Къӕйттӕй куыст. 8 фӕлтӕрӕн, 6 фарсыл.


7. «Чи фылдӕр?» Зарӕгмӕ байхъусынӕмӕ ныффыссын номдартӕ, кӕцытӕ фехъуыстой зарӕгмӕ хъусгӕйӕ.



Хибарӕй куыст , сӕ куыстӕн аргъ кӕнынц слайдмӕ гӕсгӕ.


Къордты куыст.Сӕ куыстӕн аргъ кӕнынц.








- Номдартӕ фарстатӕм гӕсгӕ адих кӕнын.

Сывӕллӕттӕ номдартӕ «ӕвӕрынц» пъартфелы.


Хибарӕй куыст



Сывӕллӕттӕ фыссынц зарӕгӕй номдартӕ (райдайӕн формӕйы, стӕй ӕндӕртӕ ). Сӕ куыстытӕ бӕрӕг кӕнынц. Сӕ куыстӕн аргъ кӕнынц.

X. Физминуткӕ

Нысан–скъоладзаутӕ баулӕфой.


Скъоладзаутӕ ӕххӕст кӕнынц физминуткӕ.

XI.Хибарӕй куыст

Нысан – темӕмӕ гӕсгӕ кӕм ӕййафынц сывӕллӕттӕ къуыхцытӕ, уый базонын ӕмӕ сыл дарддӕркусын .

Хибарӕй куыст. 7фӕлтӕрӕн ,6 фарс

Ӕххӕст цӕуы фӕлтӕрӕн хибарӕй.


XII. Урочы кӕрон. Рефлекси.

Нысан – скъоладзаутӕ сӕ куыстӕн аргъ кӕнын зонын.

- Урочы хӕстӕм ӕркӕсӕм.

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм,нӕ разы цы хӕстӕ ӕрӕвӕрдтам, уыдон сӕххӕст кодтам ӕви нӕ?


- Алчидӕр йӕ куыстӕн аргъ скӕнӕт бӕласы сыфты руаджы .










(Дзурынц урочы хӕстӕ, куыд базыдтой темӕ).

(Кӕрӕдзимӕ дӕттынц бӕлас , йӕ уӕлӕ йын ауындзынц алыхуызон фӕззыгон сыфтӕ )

- ӕз разы дӕн мӕ куыстӕй



- ӕз разы дӕн мӕ куыстӕй, фӕлӕ мӕ бон у фылдӕр,хуыздӕр



- нӕ бакуыстон хорз, нӕ дӕн мӕ куыстӕй разы

XIII. Хӕдзармӕ куыст

Алчидӕр . фӕлтӕрӕн , 6 фарсыл. Раиртӕст.

Кӕй фӕнды.




Хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд фыссынц.