СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок работы над текстом изложения

Нажмите, чтобы узнать подробности

Не легко писать изложение . Разаботка дана в помощь учителю для наиболее легкого воспроизведения текста по смыслу , грамматике и орфографиии. 

Просмотр содержимого документа
«Урок работы над текстом изложения»

Работа над изложением , текст ,и виды работы над ошибками.

Таурæгъ


Дыууæ бæлццоны фæндагыл баиу сты. Сæ иу - Уастырджи, иннæ - Сауджын. Иу хъæды астæумæ бахæццæ сты, æмæ Уастырджи загъта:

-Цæй, чысыл аулæфæм фæндаджы фарсмæ.

Бæхтæй æрхызтысты æмæ сæ идæттæй æрбастой бæласмæ. Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йын Сауджын йæ хордзен асгæрста: хордзены мидæг уыдис æртæ гуылы æмæ авджыдзаг. Сауджын æххормаг уыдис, гуылтæй иу фелвæста æмæ йæ сусæгæй ахордта.

Уастырджи æрбацыд, фæсарцæй хордзен райхæлдта æмæ йæ нæууыл æрæвæрдта. Æрбадтысты бæласы бын.

- Мæнæ диссаг, - загъта Уастырджи, - хордзены æртæ гуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йеддæмæ куы нал ис!

- Ницы федтон, - дзуапп радта Сауджын.

Цы гæнæн ма уыд. Уастырджи сыкъа байдзаг кодта æмæ скуывта:

- Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ нæ разы сыгъзæрин æхцайы кæри куыд феста, ахæм ахъаз бакæн!

Æхцайы кæри сæ разы февзæрд. Уастырджи йæ дыстæ бафæлдæхта æмæ кæри æртæ дихы кæны. Сауджын кæрийы алыварс рауай-бауай кæны. Нал фæлæууыд æмæ афарста:

- Дæ хорзæхæй, дыууæ йеддæмæ куы нæ стæм, уæд æхца æртæ дихы цæмæн кæныс?

- Иу хай - мæнæн, иннæ - дæу, æртыккаг та, гуыл чи адавта, уымæн, - загъта Уастырджи.

Сауджыны цинæн кæрон нал уыди:

- О, мæнæ хорз лæг, уый æз уыдтæн, æз! Баууæнд мыл. Афтæ тынг æххормаг мын уыд, æмæ гуылмæ нал фæлæууыдтæн, сусæгæй йæ ахордтон.

Уыцы ныхæсты фæстæ нал дæр æхцайы кæри, нал дæр йе 'мбæлццон уыд йæ разы Сауджынæн. Фæтары сты йæ цурæй.



Урочы цыд:


1.Текстыл куыст хъуамæ райдайа ахуыргæнæджы ныхасæй адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты тыххæй. Фауинаг миниуджытæй тексты бындурыл æрдзурын хъæуы гæды ныхас кæнын æмæ гуыбыныл хæцын нæ фæразыныл. Скъоладзауты бафæрсæн ис, адæмон сфæлдыстадæй ма ацы дыууæ миниуæгыл ныхас кæм цæуы, цавæр æмбисæндтæ фехъусæн ис фыдгуыбын æмæ сайæгой адæймæгты тыххæй, зæгъгæ.

Беседæйы хуызы зæрдыл æрлæууын кæнын хъæудзæн Нарты кадджытæ, æмбисонд «Гæдыйы къах цыбыр у». Æмбисæндтæй уæлдай ма скъоладзаутимæ равзарæн ис кадæг «Нарты æмбырд, кæнæ Нарт чи хуыздæрыл куыд дзырдтой»-йæ ист скъуыддзаг. Кадæджы Батрадз разындис гуыбыныл хæцгæ.

Тексты бындурыл дзырдуатон куыст бакæнынæн фæйнæгмæ рахæссын хъæуы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ: бæлццæттæ, Уастырджи, Сауджын, фæсарц, нæуу, йеддæмæ, йе 'мбæлццон. Ацы дзырдты растфыссынад амонгæйæ, ахуыргæнæг скъоладзаутимæ æвзарынц сæ нысаниуæг дæр. Уымæй уæлдай ма ахуыргæнæг беседæйы рæстæг пайда кæны, скъоладзаутæн зонгæ цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ не сты, уыдонæй дæр, дзургæйæ сын амоны сæ хъуыды. Тексты уыдон сты: идон, хордзен, асгæрста, фæсарц, кæри, сгарын.


Текст фыццаг хатт бакæсыны размæ ахуыргæнæг хъуамæ зæгъа: «Æххормагæн адæймаг зынтæй фæразы, фæлæ алцæмæн дæр ис æгъдау. Цы текстмæ байхъусдзыстут, уым персонажтæй иу уыцы æгъдауы сæрты ахызтис. Йæ гуыбыныл хæцын кæй нæ зыдта, уый тыххæй стыр рæдыд æруагъта. Цавæр рæдыд æрцыд, цымæ, таурæгъы персонажыл? Дзуапп мын ратдзыстут текстмæ байхъусыны фæстæ».


2. Ахуыргæнæг кæсы текст.

3. Тексты бындурыл арæзт беседæ:

- Цавæр рæдыд æруагъта Сауджын?

- Куыд фæрæдыдис дыккаг хатт та?

- Цæуылнæ басастис Сауджын, гуыл кæй адавта, ууыл?

- Куыд скуывта Уастырджи Хуыцаумæ?

- Цæуыл дис кодта Сауджын?

- Цавæр дзуапп радта Уастырджи Сауджынæн?

- Цæуыл бацин кодта Сауджын?

- Цæмæн фесæфтысты Уастырджи æмæ æхцайы кæри Сауджыны разæй?

- Цæуыл нæ ахуыр кæны таурæгъ?

- Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнын.





4. Тексты структурон æвзæрст.

- Цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ? (таурæгъон текст: цаутæ хъæрæдзи ивынц, фылдæр дзы æмбæлы мивдисджытæ æмæ фæрсдзырдтæ).

- Текст таурæгъ кæй у, ома адæмон сфæлдыстадæй ист кæй у, ууыл йæ цавæр æууæлтæ дзурынц? (ис дзы таурæгъы элементтæ: дзырдтæ – цы гæнæн ма уыд; Уыцы ныхæсты фæстæ нал дæр …., архайджытæ дзы сты Сауджын æмæ Уастырджи, Хуыцæутты Хуыцау; тексты æвзаг у хуымæтæг, æмæ а.д.).

- Цал абзацæй арæзт у текст? Цæмæн? (алы абзац дæр æвдисы ног хъуыдыйы райдайæн).

Æркæсæм, хъуыдыйæдтæ абзацты куыд баст сты, уымæ. Зæгъæм, фыццаг абзац:

Дыууæ бæлццоны фæндагыл баиу сты. Сæ иу - Уастырджи, иннæ - Сауджын. Иу хъæды астæумæ бахæццæ сты æмæ Уастырджи загъта: -Цæй, чысыл аулæфæм фæндаджы фарсмæ.


Фыццаг дыууæ хъуыдыйады баст сты цæгон-номивæгон бастдзинадæй, æртыккаг хъуыдыйад у æнæххæст, цухгонд дзы æрцыдысты сæйраттæ.

Тексты хъуыдыйæдтæ æнгом баст цæуынц диалогон ныхасы фæрцы дæр, фарстон æмæ дзуаппон хъуыдыйæдтæй.


5.Тексты пъланыл куыст.

Текстæн ахуырдзаутимæ иумæ скæнæн ис ахæм пълан:

  1. Дыууæ бæлццоны фæндагыл баиу сты.

  2. Бæлцæттæ фæндаджы фарстмæ æрлæууыдысты.

  3. Сауджын хордзенæй сусæгæй иу гуыл фелвæста.

  4. Сауджын нæ басаст, гуыл кæй адавта, ууыл.

  5. Уастырджи сыкъа байдзаг кодта æмæ скуывта.

  6. Бæлццæтты раз æхцайы кæри февзæрд.

  7. Сауджыны цинæн кæрон нал уыди.

  8. Уастырджи æмæ æхцайы кæри æрбайсæфтысты.


Куыд уынæм, афтæмæй изложенийы пълан арæзт у хи хъуыдыгонд æмæ текстæй ист хъуыдыйæдтæй. Фæлæ архæйдтытæ сæ кæрæдзи тагъд кæй ивынц, уымæ гæсгæ изложенийы пълан саразæн уыд æрмæст текстæй ист хъуыдыйæдтæй дæр.


6.Тексты æвзаджы анализ.

1). Ссарын синонимтæ дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæм: бæлцæттæ (фæндаггонтæ), баиу сты (фембæлдысты), аулæфæм (нæ фæллад суадзæм), асгæрста (федта), фелвæста (адавта), ахъаз бакæн (баххуыс кæн), кæри æртæ дихы кæны (æртæ хайы кæны), баууæнд мыл (бауырнæд дæ), фæтары сты (фесæфтысты) æмæ а.д.

Бацамонын æнгом дзырдбаст сауджыны цинæн кæрон нал уыди-йы нысаниуæг.


Тексты æмбæлы комкоммæ ныхас, вазыгджын хъуыдыйæдтæ. Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй скъоладзаутæ арæх фæрæдийынц ацы синтаксисон арæзтытæ фæлхат кæнгæйæ. Ахæм рæдыдтытæ бафæдзæхсынæн хорз у рагацау синтаксисон синонимтыл бакусын. Зæгъæм:

Иу хъæды астæумæ бахæццæ сты æмæ Уастырджи загъта:

-Цæй, чысыл аулæфæм фæндаджы фарсмæ.

(Иу хъæды астæумæ куы бахæццæ сты, уæд Уастырджи загъта, фæндаджы фарсмæ чысыл аулæфæм, зæгъгæ);

Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йын Сауджын йæ хордзен асгæрста (Уастырджи æддæдæр куы ауад, уæд ын Сауджын йæ хордзен асгæрста);

Сауджын æххормаг уыдис, гуылтæй иу фелвæста æмæ йæ сусæгæй ахордта (Сауджынæн æххормаг кæй уыдис, уымæ гæсгæ гуылтæй иу фелвæста æмæ йæ сусæгæй ахордта);

Хордзены æртæ гуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йедтæмæ куы нал ис!

( Хордзены æртæ гуылы куы уыд, уæд дзы дыууæ йедтæмæ куы нал ис!);æмæ а.д.


2). Схемæтæм гæсгæ, текстыл æнцой кæнгæйæ, вазыгджын хъуыдыйæдтæ саразын: куы – уæд, куыд – ахæм, афтæ – æмæ.

Схемæтæм гæсгæ саразын хъуыдыйæдтæ комккоммæ ныхасимæ:

3). А : « К.» æ). А : « К?» б). « К», - а. в). « К, - а, - к .»


4). Æрмæст мивдисджытæй пайда кæнгæйæ, абзацты цаутæ радзурын: æрхызтысты, æрбастой, ауад, асгæрста, æххормаг уыдис, фелвæста, ахордта, æрбацыд, райхæлдта, æрæвæрдта, æрбадтысты.

Зæгъын, куыд æххуыс сты мивдисджытæ, цаутæ кæрæдзи куыд ивынц, уый æвдисынæн.

5). Хъуыдыйады сраст кæнын дзырдты рæнхъæвæрд:

Сæ разы кæрийы æхца фестад; уыцы ныхæсты фæста нал кæри дæр, нал Сауджын дæр; æртыккаг та уымæн, чи адавта гуыл; æмæ а.д.

6). Хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнын:

Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ … .


7). Хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын, сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ, бацамонын сын сæ растæвæрд:

- Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ нæ разы сыгъзæрин æхцайы кæри куыд феста, ахæм ахъаз бакæн!


8). Хъуыдыйæдтæ, къæлæтты æвæрд дзырдтæй пайда кæнгæйæ, кæрæдзиуыл бабæттын.

Æхцайы кæри сæ разы февзæрд. Уастырджи … дыстæ бафæлдæхта æмæ кæри æртæ дихы кæны. … кæрийы алыварс рауай-бауай кæны. … нал фæлæууыд æмæ афарста.

(йæ, уый, Сауджын)


9. Ацы текстыл кусгæйæ дæр та атасындзæг кæнын хъæудзæн цæсгомон номивджытæ сæ æлвæст формæтимæ: уый (æй, йæ, ын, æм, дзыл,ыл,йемæ), семæ саразын дзырдбæстытæ. Синтаксисон æвзæрст ракæнын хъæуы, тексты мидæг ацы номивджытæй пайдагонд кæм æрцыд, ахæм хъуыдыйад.

Текстæй рафыссын хъæуы, æлвæст номивджытæ кæм æмбæлы, уыцы дзырдбæстытæ: æрбастой сæ, уæдмæ йын, йæ хордзен, æмæ йæ ахордта, æмæ дзы дыууæ йеддæмæ куы нал ис, баууæнд мыл, æххормаг мын уыд, сусæгæй йæ ахордтон.




ИЗЛОЖЕНИЙЫ РÆДЫДТЫТЫЛ КУЫСТ


Методикæ куыд амоны, афтæмæй фысгæ куыстыты рæдыдтытыл бакусынæн хъæуы сæрмагонд урок.

Изложенийы рæдыдтытыл куыст райдайы орфографион рæдыдтытæ æвзарынæй. Фæлæ изложени ныхасы рæзтыл куысты хуыз кæй у, уымæ гæсгæ урочы фылдæр рæстæг хардз кæнын хъæуы ныхасы рæдыдтытæ равзврыныл. Растфыссынады æгъдæуттыл æрдзурынæн хардзгонд хъуамæ цæуа æрмæст 10-15 минуты. Урочы куыст цæуы æрмæст 5-7 типикон рæдыдыл (сколадзауты фылдæр хай цы рæдыдтытæ скодта, уыдоныл).

Орфографион рæдыдтытæ равзарынæн æнæмæнг хъæуы таблицæ саразын. Таблицæйы фыст цæуынц, фылдæр сывæллæттæ кæм фæрæдыдысты, уыцы дзырдтæ, амынд цæуынц сæ растфыссынады æгъдæуттæ, дæнцæгтæн та ахуырдзаутæ таблицæйы бафыссынц текстæй ист дзырдтæ. Афтæмæй, урочы, 5-7 дзырды растфыссынадыл дзургæйæ, æвзæрст æрцæуынц 10-15 текстæй ист дзырды. Зæгъæм:


Дзырд

Орфографион æгъдау

Дæнцæг

дыууæ

Дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад

Иннæ, бахæццæ, æххормаг, нæууыл, фæлæууыд, æххормаг, баууæнд.

загъта - зæгъын

Æзылангон æмхъæлæсон йæхи хуызæн кæны зылангоны

Асгæрста, æрхызтысты, скуывта, адавта.

авджыдзаг

Вазыгджын дзырдты растфыссынад

сыгъзæрин, рауай-бауай


ахордта

Ивгъуыд афоны мивдисджыты кæрæтты растфыссынад

райхæлдта, æрæвæрдта, æрбадтысты, федтон, уыдтæн, ахордтон, фæлæууыдтæн


баиу сты

Вазыгджын мивдисджыты растфыссынад

бахæццæ сты æххормаг уыдис, байдзаг кодта




Иумæйагæй, амынд уроктæй æртыккаджы цы изложенийы текст лæвæрд цæуы, уым æмбæлы ахæм орфограммæтæ:


1. Сæрмагонд номдарты растфыссынад: Уастырджи, Сауджын.

2.Дзырдты растфыссынад дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ: дыууæ, бæлццоны, иннæ, бахæццæ, æххормаг, нæууыл, диссаг, Хуыцæутты, идæттæй, фæлæууыд, æртыккаг, æххормаг, баууæнд, æддæдæр.

3. Зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонты растфыссынад: загъта, асгæрста, æрхызтысты, загъта, скуывта, адавта,

4. Вазыгджын мивдисджыты растфыссынад: баиу сты, бахæццæ сты æххормаг уыдис, байдзаг кодта.

5. Вазыгджын дзырдты растфыссынад: авджыдзаг, сыгъзæрин, рауай-бауай.

6. Ивгъуыд афоны мивдисджыты (кæрæтты) растфыссынад: ахордта, райхæлдта, æрæвæрдта, æрбадтысты, федтон, уыдтæн, ахордтон, фæлæууыдтæ.

7. Хайыгты растфыссынад: йеддæмæ, куы нал, ницы.

8. Хъæлæсонты æлвæстад: йе 'мбæлццон.


Орфографион рæдыдтытæ равзарыны фæстæ урочы бакусын хъæуы цалдæр пунктуацион рæдыдыл дæр. Æркæсын хъæуы, скъоладзаутæ фылдæр цы пунктуацион рæдыдтытæ ныууагътой, уыдонмæ. Зæгъæм, ацы тексты ахуырдзаутæм зындæр фæкæсы вазыгджын хъуыдыйæдты æрхæцæн нысæнттæ раст сæвæрын. Пунктуацион нысæнттæ раст нæ сæвæрынц, комкоммæ ныхас кæм æмбæлы, уыцы хъуыдыйæдты. Нæ сарæхсынц æнæххæст хъуыдыйæдты цухгонд уæнгтæ пунктуацион æгъдауæй фæнысан кæнынмæ. Зæгъæм:

1. Сæ иу - Уастырджи, иннæ - Сауджын.

2. Уастырджи цалынмæ æддæдæр ауад, уæдмæ йын Сауджын йæ хордзен асгæрста: хордзены мидæг уыдис æртæ гуылы æмæ авджыдзаг.

3. - Мæнæ диссаг, загъта Уастырджи, - хордзены æртæ гуылы уыд, æмæ дзы дыууæ йедтæмæ куы нал ис!

4. - Дæ хорзæхæй, дыууæ йеддæмæ куы нæ стæм, уæд æхца æртæ дихы цæмæн кæныс?

5. - Иу хай - мæнæн, иннæ - дæу, æртыккаг та, гуыл чи адавта, уымæн, - загъта Уастырджи.

Урочы, иу хъуыдыйады пунктуацион рæдыдтытыл дзургæйæ, ахуырдзаутæ сæ куыстытæй хæссынц дæнцæгтæ, кæсынц, æрхæцæн нысæнттæ цы хъуыдыйæдты нæ сæвæрдтой, уыдон. Афтæмæй та ам дæр къухы бафты цалдæр рæдыдыл æрдзурын.

Пунктуацион рæдыдтытыл бакусынæн хорз у иу хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын.

Изложенийы рæдыдтытыл кусгæйæ, сæйрагдæр у ныхасы рæдыдтытæ равзарын. Ныхасы рæдыдтытыл нымад сты:

- лексикон рæдыдтытæ (дзырдæй раст не спайда кæнын; лексикон бастдзинады нормæтæм хъус не ’рдаргæйæ, дзырдтæ кæрæдзиуыл бабæттын; дзырдты арæзт фехалын; æнгом дзырдбастæй раст не спайда кæнын). Ацы текст ныффысгæйæ, скъоладзаутæ фылдæр цы лексикон рæдыдтытæ скæнынц, уыдон сты: Уастырджи арахъ нывгæдта, Сауджын аскъæфта хордзен, дыууæ йедтæмæ куннæ ис, йæ дыстæ скъæдз кодта, хæринаг мын уыди, сæ разы сыгъзæринтæ фестадысты; йе ’хцайы кæри цыдæр баис, нæ разы нын æхцайы кæри куыд суа, æхца дих кæнын райдыдта æртæ дихыл, дыууæ бæлццоны иумæ баиу сты; йерын та, бауырн мыл; лæгæн фырцинæй æрлæууæн дæр нал уыд;

- грамматикон рæдыдтытæ (дзырдты грамматикон формæтæй раст нæ пайда кæнын). Сæ хуызтæм гæсгæ вæййынц морфологион æмæ синтаксисон. Морфологион рæдыдтытæ бацамонæн ис, скъоладзаутæ дзырдты формæты ивынадимæ зонгæ кæй нæ вæййынц, уымæй. Арæхдæр фысгæ ныхасы уагъд æрцæуы номдарты бирæон нымæц аразгæйæ кæнæ цæсгомон номивджыты цыбыр формæтæй пайда кæнгæйæ. Зæгъæм: хъуссæгтæ (хъуссæджытæ), куырмтæ (куырмытæ), кæркытæ (кæрчытæ); систа сыкъа æмæ дзы арахъæй байдзаг кодта (дзы), сауджын йын зæгъы (ын), æз йæ бафарстон (æй).

Синтаксисон рæдыдтытыл нымад сты, скъоладзаутæ синтаксисон иуæгтæ (дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ) аразгæйæ цы рæдыдтытæ скæнынц, уыдон. Зæгъæм: рæдыдтытæ хъуыдыйады дзырдты рæнхъæвæрды (Иу гуылтæй фелвæстон, æххормаг уыд мын); уæлдай дзырдтæ хъуыдыйады (уæд ын уый йын йæ дзæкъул асгæрста); цухгонд дзырд хъуыдыйады (Æз адавтон гуыл æмæ сусæгæй бахордтон); хъуыдыйад аразæг дзырдты ’хсæн логикон æмæ синтаксисон бастдзинад нæй (загътой дзуаппæн Сауджын).

Ныхасы рæдыдтытæ сырх хаххы æдде нысангонд цæуынц дамгъæ Н-йæ.

Хицæнæй иртасынц стилистикон, логикон æмæ фактон рæдыдтытæ.

Стилистикон рæдыдтытæ сты: синонимтæй раст нæ пайда кæнын (Уастырджи йе стакъан байдзаг кодта), æмуидагон дзырдтæ фæрсæй-фæрстæм æвæрын (иумæ баиу сты), номивджытæй раст нæ пайда кæнын, тексты сæ арæзтмæ гæсгæ æмхуызон хъуыдыйæдтæй пайда кæнын; ныхасы штамптæй, æнкъарæнджын ахуырст дзырдтæй æнæхъуаджы пайда кæнын æмæ æнд.

Логикон рæдыд у тексты хъуыдыйæдтæ раст фæткыл нæ равæрын, сæ бастдзинады мадзæлттæй раст не спайда кæнын.

Изложенийы текст æмæ скъоладзауы куыст сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзийæ куы фæхицæн кæнынц, уæд уый вæййы фактон рæдыдыл дзурæг.

Ныхасы рæдыдтытыл бакусынæн ахуыргæнæг рагацау бацæттæ кæны фæлтæрæнтæ, кæцытæ сæ нысаниуæг æмæ сæ хæстæм гæсгæ æнгом баст вæййынц скъоладзауты куыстытимæ. Фæлтæрæнтæ арæзт вæййынц, куыстыты цы рæдыдтытæ фембæлы, уыдонмæ гæсгæ. Цæмæй сæ равзарыныл куыст ахадгæдæрæй ацæуа, уый тыххæй фæйнæгмæ рахæссын фæхъæуы цалдæр дæнцæджы рæдыдимæ, бакæсын сæ кæнын ахуырдзаутæн, иумæ сæ равзарын, куыстыты ма ссарын се ’нгæс рæдыдтытæ.

Ныхасы рæдыдыдтытыл бакусынæн бацæттæгæнæн ис ахæм куысты хуызтæ:

1). Хъуыдыйад кæнæ тексты скъуыддзаджы рæдыдтытæ сраст кæнынмæ арæзт куысты хуызтæ. Зæгъæм:

- лæвæрд хъуыдыйады дзырдты рæнхъæвæрд сраст кæнын;

-синтаксисон бастдзинады мадзæлттæй раст пайда кæнгæйæ, хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бабæттын;

- стилистикон рæдыд сраст кæнынæн синонимты рæнхъæй æмбæлгæ дзырд равзарын;

- хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын;

- хъуыдыйады уæлдай дзырд сбæрæг кæнын, кæнæ та цухгонд дзырд баххæст кæнын;

- къæлæттæ гом кæнгæйæ, дзырдтæ кæрæдзиуыл раст бабæттын;

- комкоммæ ныхасæй фæрссаг ныхас саразын, кæнæ фæрссаг ныхасæй – комкоммæ ныхас;

- хъуыдыйад фæхъæздыгдæр кæнын бæрæггæнæнтæй, æнгом дзырдбæстытæй, бавæргæ дзырдтæй, сидæнтæй, иртæстгонд æмæ æмхуызон уæнгтæй æмæ æнд.

2). Дзырдты рæдыдтытæ сраст кæнынæн лæвæрд фæлтæрæнтæ:

- дзырдтæ атасындзæг кæнæ аифтындзæг кæнын (цавæр ныхасы хай уа, уымæ гæсгæ);

- дзырдтæм синонимтæ кæнæ антонимтæ ссарын;

- дзырдмæ æмуидагон дзырдтæ ссарын;

-дзырдтæ морфологион, лексикон, морфемикон (дзырды хæйттæм гæсгæ), фонетикон æвзæрстæй равзарын;

- дзырдтимæ дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ саразын;

- дзырдты цухгонд дамгъæтæ баххæст кæнын, бацамонын сын сæ æвæрд æмæ æнд.


10



Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!