СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сценарий38

Нажмите, чтобы узнать подробности

БРЫТЪИАТЫ  ЕЛБЫЗДЫХЪО   «ДЫУУÆ  ХОЙЫ»

АРХАЙДЖЫТÆ:

Тæтæрхъан  

Муссон        -

Буцæ            -

Хансиат       -

Асиат            -

Касалы фырт –

Агубечыр       -

Пупæ              -

Гæлæуон        -

Хъамболат    -

Саламджери  -

Асламбег      -

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

(Чызджыты уат.  Агъуысты Сидахъон, Мусон, Гæлæуон.)

Мусон. Ахæм ма нæртон æмбисонд уыдзæн?

Гæлæуон. Дæ хорзæхæй, Мусон, цы хабар у? Дæ-дæдæй, кæд исты фыдбылыз…

Мусон. Цы хабар  ма уа: нæ хъал чызджы нын фæсхъæуы лæппутæ аскъæфтой.

Гæлæуон. У, мæ фæрстæ йын фехæлой мæгуыр сидзæрæн.

Мусон. Æмæ йын кæй аххос у, цы цæуыны æфсæрм æй уыд?

Сидахъон. (сонт каст фæкодта Мусонмæ) Уый та цы ныхас у? Мæгуыр чызджы фыдбылызы ныссагътай, ныр ын йæхи аххос кæныс?

Мусон. Чи?

Сидахъон. Адæмы фыдбылыз чи у, дæу йедтæмæ

Муссон. Мæнг чи зæгъы, уый адæмы фæхъхъау фод!

Сидахъон. Оммен!      (ацыдысты)

                          Æрбацыдысты Хансиат, Агубечыр

Хансиат. Мæ фæрстæ куыд нæ фехæлынц адæмы алы ныхасмæ…. Чи та мын сæм хъусдзæн….

Агубечыр. Уымæн хос ис: макæй ныхасмæ хъус

Хансиат. Уæлдайдæр зæрæдты ныхæстæ.

Агубечыр. Дæ зæрдæмæ макæй ныхас хæс, кæй цы фæнды, уый дзурæд.

Хансиат. Кæй цы фæнды, уый  дзурдзысты, æмæ замана уый у. ( Хансиат ацыд)

Фæзынд Тæтæрхъан, Аслæмбег, Хъамболат.

Тæтæрхъан. ( цæугæ-цæуын) Куыд мын уромын кæныс мæ маст. Ханæгатæ дам, уын уæ чызджы аскъæфтой. Йæ фæстæ хабар райхъуыст: фæстæмæ йæ байстой нæхионтæ.

Хъамболат. Агубечыр, радзур-ма, хабар куыд уыд?

Агубечыр.  Фæндаджы фæйнæфарс бабадтысты æмæ ахастой Хансиаты. Сæ фæдыл фæпырх стæм.

Ныхъхъус сты.

Аслæмбег. Ницы сæ къухы бафтыд?

Агубечыр. Ницы

Хъамболат. Дис кæнын æз, Асиат æмæ Хансиат æфхæрд сты, хъæрзгæ æмæ дзы нæтгæ  та Тæтæрхъан сси.

Тæтæрхъан. Дæ хорзæхæй! Нæтын уæдæ цы. Уый дын Хансиат у. Радтам йæ Касалатæн. Байста сæ йæхи. Асиаты хъуыддаг та бынтон фыдбылыз. Дзырд Лакатæн радтам, скъæфгæ та йæ Ханæгатæ акодтой; кæимæ ма дзы чердæм дзырдæуа?

Аслæмбег. Зæгъ, дæ хорзæхæй, æнæфсæрмæй, Хансиат, цæмæн афтæ?

Хансиат. Цы зындзинады дæн, уымæй схицæнæн амал куы арин, уæд дзы схицæн уаин. Мæхицæй зындæр та кæмæн у? Бинонтæ дæр æмæ хæстæджытæ дæр азамы мæн дарынц. Сывæллоны онг мыл дзы уайдзæфы хай чи не ? рбаппардзæн, ахæм нæй…

Хансиат (иунæгæй) Мæ фæндæгтæ мын алырдыгæй сæхгæдтой. Скъæйных мæ кодтой сæхимæ æмæ сын дзурын, цы аккаг сты, уыдæттæ. Мæ зонд æмæ тых сараздзынæн, Асиат йæ бонтæ хъæлдзæгæй æмæ рæсугъдæй цæмæй арвита, уымæ… Ныридæгæн ын сагъæс йæ зæрдæйы фæкодтой, сæ арт бауазал уа… (Фæхъус) Фæлæ цы кодтон мæхæдæг дæр ? Цы кодтон, Нана? (Кæуы) Нæ тæригъæдæй фæндараст ма фæуат, мах чи нæ уадзы.

Касалы-фырт рудзынгæй æрбазынд.

Касалы-фырт. Цæй æнцад бадыс, хъал Хансиат?

Хансиат. Ацу, фæдис хъæр кæнын. Ацу, ардыгæй!

Касалы-фырт. Хъæр ма кæн! Æрмæст дыууæ ныхасы зæгъынмæ æрбацыдтæн.  Бæрæгбонты та дæм нæ бинонтæ фидауджытæ  æрвитдзысты

Хансиат. Сау ингæн хуыздæр дæумæ ацæуынæй.

Касалы-фырт. Кæнæ дæу, кæнæ æппындæр нал курын ус

Хансиат. Дæ хорзæхæй, рæсугъд, æхсадæй быдырты йе хæхты балцы цал хатты уыдтæ? Кæй зоныс? Чи дæ зоны? Адæмы æхсæн цал зондджын ныхасы ракодтай?

Касалы-фырт. Куыдзау рæйынмæ дæсны дæ, уый хъусын, фæлæ мæн лæгъз ныхасæй нæ асайдзынæ. Æз цалынмæ дæу æрхæссон æмæ дын дæ æрчъирæхсæнтæй дæ рæсугъд былтæ снæмон, уалынмæ никæй курын!

     ( ацыдысты фæйнæрдæм)  ( Рацыд Асиат. Йæ фæстæ фæзынд Буцæ)

Буцæ. Фезмæл, уазджытææрбацæуынц

Асиат. Цæй уазджытæ та сты? Иннæ уатмæ сæ акæн.

Буцæ Хъуыддаг сæ ис ам

Асиат. Цы та у, чи сты?

Буцæ. Лакатæ сты!

Асиат. Цы нæм агурынц?

Буцæ. Чызг, чызг, Асиат-æхсин!

Асиат. Цы?

Буцæ. Чызг дын куы загътон! Усгур сты, афтæмæй чызг агурынц

Асиат (цыдæр фæхъуыды кодта) Чи у, цавæр Саламджери у?

Буцæ. Лакайы фырт

Асиат. Хорз бæх ын ис, зæгъыс?

Буцæ Ай-гъай!

Асиат. Ме? гасæй уæ къухы ницы бафтдзæн.

Æрбацыд Тæтæрхъан.

Тæтæрхъан. Ацу, рацагур Хансиаты. (Асиатмæ) Ды дæр æй нæ зоныс, Асиат, кæм ис, Хансиат?

Асиат. Кæд Хъамболаттæм

Тæтæрхъан. (Буцæмæ) Цу, абæрæг æй кæн.  ( Буцæ ацæуы )

Тæтæрхъан. Дæуæн æз цы зæгъон, уый бакæндзынæ, дæу тыххæй мæ зæрдæ фидар у. Фæлæ мын а Хансиатимæ куы бадзурис. (иннæрдæм фездæхта ныхас) Дæ уат афснай.  ( ацыд)

Асиат (иунæгæй) Мæ бындур йæ бынæй куыд ныззылд! Æнхъæлдæн æмæ та мæ алыварс цыдæр фыдбылыз рæзы. Буцæ ахæм æвзагæй кæм дзуры, Тæтæрхъан мæ мæт кæнын кæм байдыдта, уым сæм цыдæр уынаффæ ис… Хансиаты куыд ауæй кодтой, афтæ мæ ауæй кæндзысты. (аджих) Чи ахæццæн мæ фарс? Хъылцыхъо? Æмæ йæм чи байхъусдзæн?... Пупæ йæ ныхас фæсайдта. Кæд æй нæ хъæуын, мыййаг… (тæргайæ) Мæтæй мæ амарæд… Кæд мæ ферох кодта? (хъæлдзæгæй) Уæд мыл хур нал кæсид æмæ дуне иннæрдæм афæлдæхид.  ( Сындæггай ацыд)

 

(Х оты уат.  Агуыбечыр æмæ Буцæ.)

 

Аг. ( Цæугæ- цæуын)  Æмæ уæдæ сразы сты?

Буцæ. Æмæ сын æнæ сразы ис. Чындзхæсджытæ куы  рбацæуынц.

Аг.Тæрсын куы ницы дзы рауайа.

Буцæ.  Хуыцау бахизæд, уæд æнæ бæхæй  баззайдзынæн.

Аг. Цæй бæх?

Буцæ. Уæдæ цы? Саламджерийæн мæ хойы лæвар дæттын? Асиат- уымæн, бæх- мæнæн.(ацæуы Буцæ, фæзындысты  Хансиат æмæ Асиат)

Хансиат . Тæрсын, цыдæр мæ хъыгдары.

Асиат.   Сау хъæды куы нæ стæм,  цæмæй тæрсыс?

Ханс. Сау хъæды къаддæр тæрсин.Цыдæриддæр кæд дзуры Тæтæрхъан, уæддæр ыл не ууæндын.Мæ зæрдæ æгомыг рыст кæны.

Асиат. Ой, дæ гуырысхотæ- хæппæй дæр тæрсгæ кæныс.

Ханс. Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны.

Асиат. Æмæ цæмæй тæрсыс?

Ханс.  Мæ сæнтты дын цы амонд мысыдтæн, уый райсом мæ цæстæй фендзынæн. Къуыримæ дæ ачындз кæндзынæн.

Асиат. Махмæ  ачындз кæнинаг ды куы дæ. Мæ мæтæй хус, æмæ  дæ дæхи сагъæс дæр кæй ферох, уый уынын.

Ханс. Æбуалгъ фæуай! Не фсымæртæ нæ куы фæхицæн кæной.

Асиат.  Нал бауæнддзысты.

Хансиат.  Фидыды кой куы айхъусой, уæд, ома, ныссабыр уыдзысты? Пупæ дæ нал ныууадздзæн.

Асиат. Къахыс мæ æмæ дын зæгъын. Уарзондзинад æнахуыр цыдæр у. Адæймаджы цъыфы дæр тулы, уæларвы стъалытæм дæр æй хæстæг кæны.

Уарзын æй- уарзы мæ.

   (хъæбыс кæнынц, ацæуынц. Фæзындысты Касалы-фырт, Агуыбечыр æмæ Хансиат)

 

Касалы-ф. (Хансиатæн) Ай ныхæстæм дæсны у, фæлæ-ма мæ бар бауадз, сафинаг!

Ханс. Дард,æнæгъдау, сафинаг!

Кас.-ф. Банцай, джауыр!

Агуыб. Æддæмæ ут, уæ хуыздæр амард! (раластой Хансиаты)

Ханс.  Мæ бындур ныззылд, мæ уарзон æфсымæр  Агубечыр , цасыл мæ ауæй кодтай?

( Æдде Ханс. хъæлæба.Æрбацыд Хъамболат, йæ дæларм Хансиаты  æрбакодта , йæ рахиз къухы хъримаг)

Хъамб. Цы фæдæ , цы , Хансиат?

Ханс. Бузныг, бузныг! Мæрдтæм цæугæйæ… зонын æз, …. Абон ды стыр хорз хъуыддаг бакодтай…

Хъамб. Дæхи æнцад æруадз. Стырдæр былæй ахаудтæ?

Ханс. Мæхи барæй аппæрстон… уыцы æнаккагмæ фæцæуыны бæсты  мæм мæлæт хуыздæр фæкаст.Амардтай йæ.

Хъамб.  Мард у.

Ханс. Асиат цы фæци?

Хъамб. Нал æй æрбаййæфтон, фæлæ Хъылцыхъо йæ фæдыл фæцæуы. Худинаг æм не руадздзæн.

Ханс. Оу, мæлын…

Хъамб. Ма ма фæтæрс, Хансиат. ( фæзындысты  Тæтæрхъан, муссон, буцæ ….)

Тæтæрхъ.  Цы хабар у ? ( Хансиат стырныдта тæтæрхъаны ныхасмæ æмæ æрхауд)

Хъамб. (æнкъардæй) Сцин кæн, Тæиæрхъан. Дæ фыдбылыз кæй хуыдтай , уыдонæй иу амард. Аннæ дæр хуыздæр нæу… Рухсаг у Хансиат, дæ ныхас сæххæст кодтай, адæмы æхсæнæй сæнхъизын кодтай стыр диссæгтæ!...(ацыдысты)

 

 

Пупæ. Кæдæм цон? Цы кæнон, мæ дуне, мæ уарзон, Асиат? Зæрдæ  дын бæргæ бавæрдтон. Мæ уарзон, мæ дуне. Ныббар мын.

( хъуысы чызджы цъæхахаст. Фæзынд Саламдж.)

Саламдж.  Ма хъæр кæн,!

Хъамб. Ардæм, мæнæ æвæджиау ран.Æрбадын-ма кæнут рæсугъд Асиаты дзуары бадæны.Ардæм!

Асиат. Гормон, хæстæджы  хатыр  уæддæр  бакæн.

Хъамб. Цæй хатыр?

Саламдж.Æвæццæгæн мын Ханæджы-фырт æнхъæл уыдысты. ( йæхи Асиатмæ балласта) Рацу-ма ардæм.

Асиат. Хæстæг мæм мА цу!

Саламдж. ( тыхæй йæ ахсы) Рацу… ныхъхъæбыс мæ кæн.

Асиат( нæ комы) Мæ бындурыл, уый та куыд?

Хъамб.( худы) Куыд вæййы, афтæ!

Асиат. Цæмæн мæ хынджылæг кæныс?

Саламдж. Дзургæ къаддæр кæн.

Асиат. Чи  дæ мæн ахуыр кæнынмæ?

Саламдж. Æз дæн ирон лæг, ирон æгъдауыл хæцæг.

ХЪамб. Сылгоймаг æфсармæй фидауы.Цы фæндараст фæци Хансиат дæр .Касалы-фырт æй нæ хъуыди, ныр та?

Асиат. Цы ныр та? Цы мæ æбæхсут?

Хъамб.  Касалы-фырт дæр  скъæфынмæ бацыд.

Асиат. Æмæ йæ къухты бафтыд йæ къухы.

Саламдж. Уæдæ куыд?

Асиат. Аскъæфта йæ ,? Уæ мæ мæгуыр , ме фхæрд , æнамонд иунæг хо!

                     ( фæзынд Пупæ)

Асиат. ( хъæбыс кæны) Цæй бирæ фыдæбон федтон. Ацы сахатмæ бæлгæйæ ! Цал æфхæрды, цал зыны… Фæлæ мæ ныр куы айрох сты, Пупæ!

Пупæ. Ацы амонды аккаг æз дæн, фæлæ ды, кæд куыд зæгъыс, æцæг афтæ дæ, уæд дæ амонд дæхæдæг лæгдыхæй ссардтай. ( занавес )

 

 

 

 

 

 

 

 

 

 

Категория: Литература
19.01.2015 20:17


Рекомендуем курсы ПК и ПП