СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

«9 май - Уӕлахизы бон».

Нажмите, чтобы узнать подробности

 Адæймагмæ сæрыстырдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ гуырын кæнынц, Петр Павленкойы уыцы фыдæвзарæнты рæстæг загъд ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Просмотр содержимого документа
««9 май - Уӕлахизы бон».»

«9 май- Уӕлахизы бон».

  Амонæг. Мин фарастсæдæцыппор фыццæгæм азы дыууын дыккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ бæстæмæ. Фехæлдтой Советон адæмы сабыр цард.

Адæм стырæй, чысылæй сыстадысты тыхгæнджыты ныхмæ, сæ уарзон Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Советон адæмтæ, кæрæдзимæ ноджы æнгомдæр æрбалæугæйæ, ард бахордтой: нæ туг фæстаг æртахы онг ныккалдзыстæм, уæддæр басæтдзыстæм знаджы.

Амонæг. Гитлеры балбирæгътæ æнхъæл уыдысты, æмæ Советон Уæрæсе дыууæ мæймæ дæрæнгонд æрцæудзæн. Фæлæ сæхи бæрзæйыл бавзæрстой Советон адæмы тых æмæ хъару. Советон адæм æмæ йæ Сырх Æфсад хъæддыхæй-хъæддыхдæр кодтой, карз хæстыты æхсыстысты. Советон Цæдисы иннæ адæмтимæ иумæ ирон адæм дæр сæ тых, сæ хъаруйыл нæ бацауæрстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.


Амонæг. Нæ республикæйы цæрджытæй нæуæдз мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Лæгæвзарæн хæстыты хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй не ’мзæххонтæй æхсай мины бæрц хорзæхджын æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, æвдай фондзæн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном, иуæндæсæй та систы Намысы ордены æххæст кавалертæ.


Аамонæг. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон Цæдисы Хъæбатыры ном чи райста, уыдоны ’хсæн ис æртын æхсæз ироны. Цæрджыты иумæйаг бæрцмæ гæсгæ нæ чысыл Ирыстон Хъæбатырты нымæцæй ис фыццаг бынаты.


Амонæг. Адæймагмæ сæрыстырдзинад æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ гуырын кæнынц, Петр Павленкойы уыцы фыдæвзарæнты рæстæг загъд ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». Мæнæ куыд фыста газет «Правдæ» та мин фарастсæдæ цыппор цыппæрæм азы æстæм июны «Сыны осетинского народа в борьбе с гитлеровскими захватчиками показали образцы героизма и мужества».


Æмдзӕвгӕ: «Баба»-Чочиты А.

Баба.

Баба - хӕстон фӕллад зӕронд лӕг,

Знаджы ныхмӕ нын хӕцыд.

Æмӕ куыд ӕмбӕлы иронӕн,
Хӕсты быдыры размӕ цыд.

Нӕ тарсти уый фыдгул ызнагӕй,

Нӕ ауӕрста йӕ тых, йӕ уд.

Цӕмӕй уа райдзаст фидӕн махӕн,

Сӕрибар цардмӕ уый бӕллыд.

Амонæг. Тугкалæн хæстыты стыр сгуыхтдзинæдтæ равдисын бантыст бирæ ирыстойнæгтæн. Ирон адæм кады зарджытæ скодтой Фыдыбæстæйы хæсты хъæбатыртыл: Плиты Иссæйыл, Æхсараты Энверыл, Сæлбиты Верæйыл, Дзусаты Ибрагимыл æмæ æндæр номдзыд гуырдтыл.


Амонæг. Фыдыбæстæйы стыр хæст куы райдыдта, уæд ирон фысджытæй бирæтæ сæ уæлæ скодтой æфсæддоны дарæс, сæ пъеротæй уæлдай ма сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ ацыдысты хæцæг æфсады рæнхъытæм.


Амонӕг: Кочысаты Мухарбег. Ацы хæст фесæфта бæстæ, фæсыкк сты мæ фæндтæ, мæ хъуыры фæбадтысты. Фæлæ мын кæд литературæйы хорзæй ницы бантыст, бирæ ныфсытæ мæм уыд, афтæмæй, уæд мæ ам та мæ командиртæ нымайынц хорз хæстоныл. Æрæджы мын лæвæрд æрцыд майдан «за отвагу».

Иу ныхасæй, кæд мæлон, уæд кадимæ, нæ фæхудинаг кæндзынæн ирон адæмы фырты сæрыстыр ном. Зинæ, Туаты Оляйы куы фенай, уæд ын мæ номæй салам ратт, зæгъ-иу ын, йæ фæдзæхст ын æххæст кæнын: хорзæх райстон. Уæдæ, зæгъ, уæлахизæй дæр æрыздæхдзынæн рæхджы,- йæ зæрдæ мыл дарæд!


Амонæг. Алы адæймагæн дæр йæ цардæй зынаргъдæр ницы ис, æмæ Фыдыбæстæйы карз хæсты уæлахизы сæраппонд се ’дзард удтæ нæ бавгъау кодтой ирон адæм. (Переход на простых людей)


Гагоева Камила

Кард. Калоты Х.

Уӕд ӕнафоны цыдысты хӕстмӕ,

Бӕстӕ уыд фӕлладхуыз ӕмӕ тар.

Мад йӕфыртӕн разтыргъы фӕдзӕхста:

«Ма ныууадз дзӕгъӕл дӕ фыды кард.


Уый дын тохӕй рарвыста лӕварӕн …

Рызт йӕ уӕлӕ хъарм туджы ӕртах…

Ӕз дӕуыл, мӕ хур, мӕ зӕрдӕ дарын,

Ды уӕлахизӕй раздӕхдзынӕ тагъд».


Рӕстӕг уади, рӕстӕг маргъау тахти,

Ӕмӕ ракалд бутъыро бӕлас…

Мӕнӕ рудзынгыл йӕ урс сӕр мад ӕруагъта,

Фӕзы даргъивӕзт фӕндагмӕ каст.


Ӕмӕ чидӕр бадзуры: «Ӕвгъау уыд…

Фӕлӕ кад… Ӕнӕвидигӕ кад…

Рухсаг уӕд, ӕна, дӕ фырт, ӕрхауди

Ӕмӕ рарвыста мӕнӕ йӕ кард».


Фон-Песня «Журавли».



Амонæг. Ныййарæг мад! Цæй фидар у дæ уд! Туг дыл ныууарыд, ныййарæг мад! Цæй фидар фæрстæ дын ис, ныййарæг. Дæ риуыл авд цæфы куы сæмбæлд, уæддæр ма сæм æнхъæлмæ кæсы мад. Мауал сæм æнхъæлмæ кæс! Фæтæргай сыл у! Фæлæ зæрдæ уый нæ комы! Ныййарæг мад, куыд бауромдзæн авд цæфы дæ зæрдæ…


Æмдзӕвгӕ: МАД-Баситы С.

Мад.

Мадӕн тохӕй нал раздӕхт йӕ фырт-

Фесӕфтис ӕнӕбӕрӕгӕй хӕсты,

Чи зоны, ӕдзард салдаты цырт

Искуы ис Карпаты гоби хӕхты.


Йе та лӕппу уӕлдӕфы хӕцыд

Æмӕ кӕд йӕ хӕдтӕхӕджы басыгъд,

Чи зоны, хӕстон-денджызон уыд,

Æмӕ науы доны бынмӕ ацыд.


Банцад хӕст. Ныссабыр и йӕ хъӕр…

Ферох ысты хъӕубӕстӕй сӕ ристӕ…

Уарзон чызджы ракуырдта ӕндӕр,

Буц хотӕ ызнон сӕсаутӕ систой.


Фӕлӕ мад ныййарӕг мад, уӕддӕр

Не 'ууӕнды йӕ хъӕбулы мӕлӕтыл,

Не 'ууӕнды уый писырты гӕххӕттыл,

Не 'ууӕнды, кӕй банцад тохы хъӕр.


Бирӕ 'хсӕвты не 'рцъынд кӕны цӕст,

Иу бон дӕр ӕнӕ кӕугӕ нӕ фӕци.

А дунейыл раджы банцад хӕст,

Фӕлӕ мадӕн хӕст нырма нӕ фӕци…


Амонæг.

Уыцы уалдзæг.. Уыцы Уæлахиз… Цас сæм фæцыдыстæм! Цас туг сыл ныккалдтам! 1418 боны æмæ æхсæвы. Иу бон иннæмæй карздæр. Иу æхсæв иннæмæй тæссагдæр.


Амонæг. Хъæбатырдзинады, лæгдзинады бонтæ уыдысты уыдон. Сывæллон йе ’мгъуыдæй бирæ раздæр лæгты æмрæнхъ куы лæууыд, зæрæдитæ сæ зæрондыл куынæуал састысты, суанг ма нæ чызджытæ дæр салдаты цинелтæ куы скодтой æмæ сæ къухтæм хæцæнгæрзтæ куы райстой, уыцы хъæбатыры бонтæ.


Амонæг. Райгуырæн бæстæ, фыды зæхх… Уыдон сысты нæ тырысатæ. Уыдон сæрвæлтау æвгъау нæ кодтам нæ рæзгæ цард, нæ удтæ. Советон æфсымæрон адæмтæ æмхъæлæсæй хъæддыхæй загътой, - Кæнæ мæлæт, кæнæ сæрибар!


Æмдзӕвгӕ: _Ӕнӕном салдат


Амонæг. Аргъæутты уæйгуытау сыстад Советон салдат, ссæндгæ, дæрæнгæнгæ ацыд цасфыддæр знаджы, йæ лæгдзинад, йæ хъæбатырдзинадмæ æркæсын кодта дунеты. Знаг мысты хуынкъ агуырдта, йæ уд систа йæхи зæххыл.



Амонæг. Стæй æрцыд уалдзæг. Уæлахизы Уалдзæг. Адæмты, сабырдзинады Уалдзæг. Фыдбоны хæст чи ракъахта, уыдонæн хæсты арты басыгъдысты сæхи сæртæ.



Амонæг. Йæ цæфтæн хохау фидар чи уыди, йæ рыстыл цæстысыг чи никуы æркалдта, уыцы салдат куыдта йæ уæлахизы цинæй. Куыдтой нæ бæстæйы адæмты минæвæрттæ сæ иумæйаг Уæлахизы цинæй, хæлардзинад, æфсымæрдзинад кæй фæуæлахиз, уый цинæй.


Амонæг. Уæлахиздзаутæ… Ирвæзынгæнджытæ… Мæлæтæй… Цагъары къæлæтæй… Æнусты худинагæй… Афтæ хуыдтой Советон адæмы уыцы бонты æппæт дунейы дзыллæтæ. Уæ кад мыггагмæ баззайдзæн цæргæйæ.


Цал милуан мадæлты зæрдæтæ рыстысты! Цал милуан мадæлты зæрдæтæ тыхстысты! Цал милуан мадæлтæ калдтой цæссыг?



Хæст фæцис. Æрцыд Уæлахиз, дзыллæтæ тохы уæззау азты кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы Уæлахиз. Кæрон нал уыдис адæмы цинæн.