Просмотр содержимого документа
«Презентация "Нарты"»
Дзарасаты Беллæйы проект
«Информатизаци – националон скъолатæн»
Ирон литературæйæ 9-æм къласы урок
«Нарты кадджытæ» - ирон адæмон эпос
РАЗНЫХАС
Дзырдтой нæ буц фыдæлтæ раджы: «Мæнг дуне, дам, уыди фынæй, æмыр æмæ саудалынг. Стæй арвыл фæзынди мæйы зынг, стъалыты æрттывд æмæ кæрæй-кæронмæ нывæндгæ рацыд Æрфæны фæд. Уый фæстæ ссыгъди сæуæхсид, æмæ цъæх арвыл фæзынди хуры цалх. Стæй сæ рухсы æндæрг фæрдыгау цæхæртæ ацагъта æмæ арвæй фесхъиудта зынджы стъæлфæн. Æмæ куы рхаудта, уæд сау фæныкк фестади зæххыл. Хуыцау сфæлдыста уыцы æрвон арты сыгъдонæй Нарты…»
Адæмы хсæн раздæр алы рæтты, алы рæстæджыты, алы хабæрттыл фæзынынц чысыл радзырдтæ хицæн адæймæгты нæмттимæ.
Фæстагмæ сæ баззайы, таурæгъгæнджыты зæрдæмæ тынгдæр чи цыд, уыцы фæлгонцты нæмттæ. Уый хуыйны таурæгъты циклизацийы заман.
Нарты кадджыты сæйраг циклтæ сты:
- Уæрхæг æмæ йæ фырттæ
- Уырызмæг æмæ Сатана
- Сослан
- Батрадз
Нарты Уæрхæгæн райгуырди дыууæ лæппуйы – фаззæттæ. Нæмттæ сыл сæвæрдта Куырдалæгон: Æхсар æмæ Æхсæртæг. Рухс хуры тынтæ ныккасти Уæрхæгмæ, базыдта хъæбул куыд адджын у, уый.
2. Уырызмæг æмæ Сатана
Бахуыдта Сатана Уырызмæджы йæ иу къæбицмæ. Къæбиц йæ тæккæ дзаг уыдис чъирийæ; бахуыдта йæ иннæ къæбицмæ: уый йе дзаг уыдис авджы дзагæй; бахуыдта йæ æртыккаг къæбицмæ: царæй зæххмæ амадæй лæууынц сгуытæ æмæ базгуытæ.
3. Сослан
Сослан, Балсæджы цалх дын мæрдты фæлдыст фæуæд. Дондзау æмæ дын лæггадгæнæгæй фæхæтæд, уæлууыл та дын цырт уыдзæн.
Йæ цирхъ фелвæста лæппу, Балсæджы цалхæн йæ сæрастæу ныххырхта æмæ йæ йæ астæуыл æрфаста: йæ иу æрдæг ын Сосланы ингæнæн йæ нывæрзæны ныссагъта, йæ иннæ та-йæ дæлфæдтæм.
4. Батрадз
Хæмыцы фырт болат Батрадз ныфсæй домбай уыд. Йæ нæртон бæх хъæстæлвæст ныккодта æмæ йыл рæвдзæй Нарты стыр хæдзары схъазыди, стæй йæ ныццæлхъытæ ласта æмæ сæйрагыл зæрватыччы сыффытт акодта æмæ араст ис Хуыцауы быдыр агурæг. Иу афон бахæццæ ис Хуыцауы быдырмæ, рахаста Хуыцауы сконд чызджы æмæ йæ Нартмæ æрбафардæг кодта.
ЭПОС
Эпос у грекъаг дзырд - амоны ныхас, таурæгъ, радзырд исты героикон вазыгджын цаутыл. Эпос дарддæр бирæ æнусты куы рæза, уæд уый та хуыйны эпопей. Эпосæн ис æртæ периоды: равзæрд, циклизаци, эпопей.
Мах Нарты эпосы федтам
циклизаци.
Кавказы адæмыхæттыты
эпостæ сты Нарты
кадджыты æнгæс.
КÆРОНБÆТТÆН
Нарт Нарт уæд уыдысты, арв сæ нæрын нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл.
Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой.
Фыдвæдæй æвæд хуыздæр, æнусты царды бæсты куырдтой Хуыцауæй æнусты кад.