Урок родной литеоатуры в 3 классе. На тему : "Мад". м
Мœ мадœн. Мœ дзœбœх мад! Дœ цард œнцон нœ уыд, Ды сидзœргœсœй мах тыххœй фœбадтœ. Дœ сау дзыкку дœр мах мœтœй ысурс, Ǽрœвœрдтой дыл се стыр уаргъ дœ азтœ.
Ǽхсœвœй- бонœй мах хорзœн куыстай, Цœмœй нœ фидœн ма уыдаид талынг. « Ǽрмœстдœр размœ!» - арœх- иу дзырдтай. Дœ фœдзœхст дын œххœст кœндзыстœм царды!
Нœй бафидœн ныййарœг мады хœс! Дœу хуызœн нœй, мœ дзœбœх мад, дунейы! Дœ кœстœртœй дœ сœр бœрзœндты хœсс! Мах барœм дœу ыстъалытœ 'мœ мœйыл.
Дœ конд къœбœр адджын вœййы мыдау. Хœсдзыстœм дœ нœ уœлныхты œдзухдœр. Йœ хорзœхтœй дын хай кœнœд Хуыцау! Ǽнœниз œмœ 'нœмаст у œнусмœ!
Просмотр содержимого документа
«Æмдзæвгæ " Мæ мадæн".»