СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Темæ: Плиты Грис.

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Бакæс фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæг

Плиты Грис райгуырд Ручъы хъæуы Хуссар Ирыстоны 1913 азы. Мидхæсты заман Плиты бинонтæ гуырдзиаг меньшевиктæй ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Ам Грис каст фæци астæуккаг скъола.1927 азæй 1931 азмæ Грис ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педтехникумы. Уыйфæстæ ацыд Мæскуымæ аивадон скъолайы

Просмотр содержимого документа
«Темæ: Плиты Грис.»

24 урок  Темæ: Плиты Грис.

24 урок

Темæ: Плиты Грис.

Бакæс фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæг Плиты Грис райгуырд Ручъы хъæуы Хуссар Ирыстоны 1913 азы. Мидхæсты заман Плиты бинонтæ гуырдзиаг меньшевиктæй ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Ам Грис каст фæци астæуккаг скъола.1927 азæй 1931 азмæ Грис ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педтехникумы. Уыйфæстæ ацыд Мæскуымæ аивадон скъолайы артистты хайадмæ. Грис фыссын райдыдта 1929-1930 азты, педтехникумы ма Гуыриаты Гагуыдзмæ куы ахуыр кодта, уæд. 1930 азы йæ уацмыстæ фæзындысты мыхуыры. 1933 азы рацыд йе 'мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Базырджын азтæ». Йæ фыццаг чиныгæй рабæрæг æрыгон поэты курдиат. 1935 азы байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон театр, æмæ Грис уым кусын байдыдта актерæй. Театр ын феххуыс йе сфæлдыстадон хъарутæ æххæстдæрæй равдисынмæ. Ам райдыдта фыссын пьесæтæ, тæлмац кодта дунеон драматургийы корифейты пьесæтæ. Тæлмацы куыст феххуыс поэтæн йæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæнынæн.1938 азы фæзынд Плиты Грисы ног æмбырдгонд «Æмдзæвгæтæ». Фæфидардæр поэты лирикон хъæлæс.

Бакæс фыссæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй æрмæг

Плиты Грис райгуырд Ручъы хъæуы Хуссар Ирыстоны 1913 азы. Мидхæсты заман Плиты бинонтæ гуырдзиаг меньшевиктæй ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Ногиры. Ам Грис каст фæци астæуккаг скъола.1927 азæй 1931 азмæ Грис ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны педтехникумы. Уыйфæстæ ацыд Мæскуымæ аивадон скъолайы артистты хайадмæ. Грис фыссын райдыдта 1929-1930 азты, педтехникумы ма Гуыриаты Гагуыдзмæ куы ахуыр кодта, уæд. 1930 азы йæ уацмыстæ фæзындысты мыхуыры. 1933 азы рацыд йе 'мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Базырджын азтæ». Йæ фыццаг чиныгæй рабæрæг æрыгон поэты курдиат.

1935 азы байгом Цæгат Ирыстоны паддзахадон театр, æмæ Грис уым кусын байдыдта актерæй. Театр ын феххуыс йе сфæлдыстадон хъарутæ æххæстдæрæй равдисынмæ. Ам райдыдта фыссын пьесæтæ, тæлмац кодта дунеон драматургийы корифейты пьесæтæ. Тæлмацы куыст феххуыс поэтæн йæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæнынæн.1938 азы фæзынд Плиты Грисы ног æмбырдгонд «Æмдзæвгæтæ». Фæфидардæр поэты лирикон хъæлæс.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонты Грис иннæ ирон фысджытимæ ацыд фронтмæ æмæ суанг 1947 азмæ уыди æфсады. Бирæ хорзæхтимæ æрцыд уый хæстæй. Æрхаста дзы бирæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ дæр. Уыцы æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ бынат ссардтой йæ чиныг «Салдат» - ы. Ахсджиаг бынат ахсы Грисы сфæлдыстады героикон темæ. Рагæй дæр романтикон зæрдæйы хицау уæвгæйæ, Грис уæлдай æнувыд уыд героикон темæйыл, уымæн æмæ героизм йæ зæрдæйы æнгом баст уыд романтикæимæ. Йæ æмдзæвгæ «Испайнаг æхсæв» дæр уымæн ныффыста, æмæ поэты разæнгард кодта испайнаг адæмы тох йæ сæрибардзинадыл. Йæ фæстаг æмдзæвгæты хуыздæртæй иу – «Æртхутæгдон» -ы дæр уымæн сарæзта номдзыд Плиты Иссæйы сурæт.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг бонты Грис иннæ ирон фысджытимæ ацыд фронтмæ æмæ суанг 1947 азмæ уыди æфсады. Бирæ хорзæхтимæ æрцыд уый хæстæй. Æрхаста дзы бирæ хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ дæр. Уыцы æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ бынат ссардтой йæ чиныг «Салдат» - ы.

Ахсджиаг бынат ахсы Грисы сфæлдыстады героикон темæ. Рагæй дæр романтикон зæрдæйы хицау уæвгæйæ, Грис уæлдай æнувыд уыд героикон темæйыл, уымæн æмæ героизм йæ зæрдæйы æнгом баст уыд романтикæимæ. Йæ æмдзæвгæ «Испайнаг æхсæв» дæр уымæн ныффыста, æмæ поэты разæнгард кодта испайнаг адæмы тох йæ сæрибардзинадыл. Йæ фæстаг æмдзæвгæты хуыздæртæй иу – «Æртхутæгдон» -ы дæр уымæн сарæзта номдзыд Плиты Иссæйы сурæт.

Бакæс скъуыддзаг трагеди «Чермен» -æй Æмæ уæздан зæгъынæй у æрмæст? – Цал сидзæргæсæн ацыдыстут зиуы? Йе цал мæгуырæн сарæзтат хæдзар? Цы дæм кæсы уæздандзинад? æфхæрын, Тыхмитæ, давын, магусайы цард, Куыстыл æлгъ кæнын, искæй рагъыл бадын, - Гъе уый дын у уæздандзинад? Нæ, уый Ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц. Уæздандзинад куыстæй гуыры фыццагдæр… Сæхи фæхонынц бирæтæ уæздан, Фæлæ сæм иу уæздан ми дæр нæ вæййы… Ныххатыр кæн: æргом дзырды къæм нæй, Уæздандзинад дæлгоммæ дзырд нæ вæййы…

Бакæс скъуыддзаг трагеди «Чермен» -æй

Æмæ уæздан зæгъынæй у æрмæст? –

Цал сидзæргæсæн ацыдыстут зиуы?

Йе цал мæгуырæн сарæзтат хæдзар?

Цы дæм кæсы уæздандзинад? æфхæрын,

Тыхмитæ, давын, магусайы цард,

Куыстыл æлгъ кæнын, искæй рагъыл бадын, -

Гъе уый дын у уæздандзинад? Нæ, уый

Ирон дзыллæ уæздандзинад нæ хонынц.

Уæздандзинад куыстæй гуыры фыццагдæр…

Сæхи фæхонынц бирæтæ уæздан,

Фæлæ сæм иу уæздан ми дæр нæ вæййы…

Ныххатыр кæн: æргом дзырды къæм нæй,

Уæздандзинад дæлгоммæ дзырд нæ вæййы…

Фæхудтæ мæнæ ацы адæмыл ды, Æлгъ сыл кæныс, былысчъилæй сыл дзурыс, Цыма уæздан йæ дарæсæй вæййы! – Æмæ дæ хæдзар адоныл куы лæууы, Сæ фæллойæ куы фидауы дæ фынг, Дæ уазджытæн æгъдаудæттæг куы вæййынц, Хуым дын куы кæнынц, даргъ хæххон зымæг Дæ хæдзар хъарм сæ хаст сугтæй куы вæййы!.. Нæ, æз уæздан æндæрхуызон æмбарын: Куыстыл æмæ фæллойгæнæг лæгыл Æлгъ чи кæны, æлхгъаг йæхæдæг уый у! Кæннод бæгънæг цæй тыххæй сты? Хуыз сыл Цæуылнæ ис? Лæгæн йæ рагъ, йæ хъуырмæ Куы ницы уадзай, уæд фыдуынд у. Ау, Уый æз, мæгуыр, къуымыхзонд лæг, куы зонын, Уæ æй сымах куыд нæ зонут,уæхи Хуыцауы конд уæздан мыггаг куы хонут, Уæларвæй руадзгæ?!

Фæхудтæ мæнæ ацы адæмыл ды,

Æлгъ сыл кæныс, былысчъилæй сыл дзурыс,

Цыма уæздан йæ дарæсæй вæййы! –

Æмæ дæ хæдзар адоныл куы лæууы,

Сæ фæллойæ куы фидауы дæ фынг,

Дæ уазджытæн æгъдаудæттæг куы вæййынц,

Хуым дын куы кæнынц, даргъ хæххон зымæг

Дæ хæдзар хъарм сæ хаст сугтæй куы вæййы!..

Нæ, æз уæздан æндæрхуызон æмбарын:

Куыстыл æмæ фæллойгæнæг лæгыл

Æлгъ чи кæны, æлхгъаг йæхæдæг уый у!

Кæннод бæгънæг цæй тыххæй сты? Хуыз сыл

Цæуылнæ ис? Лæгæн йæ рагъ, йæ хъуырмæ

Куы ницы уадзай, уæд фыдуынд у. Ау,

Уый æз, мæгуыр, къуымыхзонд лæг, куы зонын,

Уæ æй сымах куыд нæ зонут,уæхи

Хуыцауы конд уæздан мыггаг куы хонут,

Уæларвæй руадзгæ?!

Базонгæ у критикон æрмæгимæ Трагеди «Чермен». Грисы драмӕтӕй зындгонддӕр у трагеди «Чермен» (1948).Тлаттаты кӕвдӕсард у адӕмы уарзон хъайтар. Уацмысы конфликт у социалон – адӕм ӕмӕ ӕлдӕртты быцӕу. Тох сӕйраджыдӕр цӕуы зӕххы сӕраппонд. Чермен домы йӕхицӕн зӕхх. Уый зоны: ӕнӕ зӕххӕй нӕй сӕрибар ӕмӕ амонд ссарӕн. Фӕлӕ йӕ нысан у бӕрзонддӕр – уый агуры «лӕджы бынат зӕххыл», ӕмӕ йӕ тох у мидисджындӕр, ис дзы социалон-этикон идейӕ. Чермены цӕрыны фӕдатӕй уӕлдай хъӕуы лӕджы бартӕ – сӕрибар уӕвын, ӕхсӕны царды архайын, йӕхицӕн ном ӕмӕ кад скӕнын. Фӕлӕ, царды арӕзт мулкыл ӕвӕрд кӕм у, уым нӕй афтӕ гӕнӕн. Ӕмӕ цӕуы мӕлӕтдзаг тох.

Базонгæ у критикон æрмæгимæ

Трагеди «Чермен». Грисы драмӕтӕй зындгонддӕр у трагеди «Чермен» (1948).Тлаттаты кӕвдӕсард у адӕмы уарзон хъайтар.

Уацмысы конфликт у социалон – адӕм ӕмӕ ӕлдӕртты быцӕу. Тох сӕйраджыдӕр цӕуы зӕххы сӕраппонд.

Чермен домы йӕхицӕн зӕхх. Уый зоны: ӕнӕ зӕххӕй нӕй сӕрибар ӕмӕ амонд ссарӕн. Фӕлӕ йӕ нысан у бӕрзонддӕр – уый агуры «лӕджы бынат зӕххыл», ӕмӕ йӕ тох у мидисджындӕр, ис дзы социалон-этикон идейӕ. Чермены цӕрыны фӕдатӕй уӕлдай хъӕуы лӕджы бартӕ – сӕрибар уӕвын, ӕхсӕны царды архайын, йӕхицӕн ном ӕмӕ кад скӕнын. Фӕлӕ, царды арӕзт мулкыл ӕвӕрд кӕм у, уым нӕй афтӕ гӕнӕн. Ӕмӕ цӕуы мӕлӕтдзаг тох.

Кӕвдӕсард Чермен ӕлдӕрттӕй у лӕгдӕр, сӕрӕндӕр, зондджындӕр. Йӕ хӕлар Садул зӕгъы: «…уый комы аргъ лӕг у… уый хъуамӕ уаид не ‘лдӕрттӕн ӕлдар, цӕмӕй- иу сын ӕрбалваса сӕ рохтӕ». Афтӕ нымайынц кусӕг адӕм, лӕгӕн йӕ хорз миниуджытӕн чи аргъ кӕны, уыдон. Ӕлдӕрттӕ та цардмӕ кӕсынц мулчы цӕстӕй, «уӕздан» равзӕрды позицитӕй, ӕмӕ сӕ бон нӕу, сгуыхт хуымӕтӕг лӕг ӕгуыдзӕг хъӕздыгӕй кадджындӕр цӕмӕн у, уыцы уавӕр бамбарын. Хъасай нӕ уадзы Чермены уӕлӕмӕ скӕсын, архайды йӕ ныхмӕ, хъавы йӕ дӕлдзыныг кӕнынмӕ, - уыцы хӕрамӕй йын ницы уайы, ӕмӕ уӕд равзары фӕстаг фӕрӕз – марын.

Чермен у нӕртон лӕг. Нӕ быхсы цагъары уавӕр, нӕу разы цардӕвӕрдыл, йӕ сӕрмӕ нӕ хӕссы хъӕздыг ӕвзӕртӕн кусын ӕмӕ лӕггад кӕнын. Уымӕ ис ӕфсарм, зонд, хъару, ӕмӕ сын домы аргъ кӕнын. Уый Нарты Батрадзау йӕхӕдӕг дӕр нӕ ракӕндзӕн ӕвзӕр ми, искӕмӕн дӕр бар нӕ ратдзӕн ӕвзӕр ми бакӕнынӕн. Уый ӕлдарадӕн нӕу коммӕгӕс ӕмӕ нӕ уадзы «сӕрибар, рӕстдзинад ӕмӕ курдиат гуылмызтӕ кӕнын» Уый агуры рӕстдзинад ӕмӕ бартӕ. Дин раст лӕгӕн бынат «дӕтты» ӕрмӕст мӕрдты бӕсты, науӕд арвыл. Грисы Чермен агуры лӕджы бынат зӕххыл. Уый кӕны тох ӕмӕ рӕзы уыцы тохы – ирд кӕны йӕ зонд, бӕрзонд цӕуы йӕ намыс, равдисы йӕ хъару. Чермен тохы сси сӕрибар Адӕймаг.

Грис алы фӕрӕзтӕй равдыста стыр, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕймаджы трагеди. Чермен быцӕу кӕны уавӕртимӕ, тох кӕны социалон ӕфхӕрдимӕ, хӕцы царды хицӕутты ныхмӕ. Йӕ хъизӕмар адӕмы зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕны рыст ӕмӕ сӕ ӕфтауы сагъӕстыл. Чермен фӕмард, фӕлӕ цӕры йӕ ном, цӕры йӕ тохы идейӕ. Мах уынӕм адӕймаджы стырдзинад, - уый ног фӕлтӕртӕн дӕтты ныфс, амоны сын царды нысан.

Грис алы фӕрӕзтӕй равдыста стыр, фӕлӕ хуымӕтӕг адӕймаджы трагеди. Чермен быцӕу кӕны уавӕртимӕ, тох кӕны социалон ӕфхӕрдимӕ, хӕцы царды хицӕутты ныхмӕ. Йӕ хъизӕмар адӕмы зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕны рыст ӕмӕ сӕ ӕфтауы сагъӕстыл. Чермен фӕмард, фӕлӕ цӕры йӕ ном, цӕры йӕ тохы идейӕ. Мах уынӕм адӕймаджы стырдзинад, - уый ног фӕлтӕртӕн дӕтты ныфс, амоны сын царды нысан.