СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Кæд дæ ирон, уæд де 'взаг зон!

Нажмите, чтобы узнать подробности

Внеклассное мероприятие, подготовленное к празднованию Дня осетинского языка и литературы 

Просмотр содержимого документа
«Кæд дæ ирон, уæд де 'взаг зон!»

«Кæд дæ Ирон, уæд де ʼвзаг зон!»



1 амонæг: Уæ бон хорз æмæ æгас цæут нæ абоны бæрæгбонмæ, нæ зынаргъ уазджытæ!

2 амонæг: Уазæг – Хуыцауы уазæг у, æмæ уæ Хуыцау арфæйаг хъуыддæгтыл куыд æмбæлын кæна!

1 амонæг: Нæ фыдæлтæй нын хорзæй цы баззад, уыдон сты – ирон æвзаг, ирон фарн æмæ ирон æгъдау. Ирон æвзаг нæ фæхицæн кæнын нæ уадзы нæ даргъ æмæ уæрæх, сæрыстыр кæмæй стæм, уыцы историйæ, нæ ирон фарн ис нæ удыхъæды æмæ нæ рæстдзинады, ирон æгъдау нæ бæтты кæрæдзийыл. Æртæ дæр стыр ахъаз сты нæ иудзинадæн, фæлæ сæ сæйрагдæр у æвзаг. Мадæлон æвзаг у адæмы фарн æмæ æгъдау иу фæлтæрæй иннæмæ адæттыны сæйрагдæр фæрæз. Æвзаджы хъысмæт у адæмы хъысмæт. Адæмы фидæн баст у йе ’взаджы фидæнимæ. Уый æнкъаргæйæ, зонгæйæ æмæ йыл мæт кæнгæйæ, æрвылаз дæр бæрæг кæнæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон!

2 амонæг: 1899 азы, 15 майы, Ирыстоныл æрцыд стыр хорздзинад - мыхуыры рацыд нæ уарзон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ чиныг «Ирон фæндыр», кæцы æрæвæрдта бындур ирон литературон æвзагæн! «Ирон фæндыр»-ы фæзынд ирон адæмæн уыд ног хуры скаст, байгом сын кодта ног дуне – цард æмæ аивады дуне.

1 амонæг Къоста ивгъуыд æнусы сагъæс кодта йæ адæмы хъысмæтыл, «бынтон сæфт кæнæм!»-зæгъгæ, хъæр кодта. Ӕмæ йæ хъæрæй «райхъал сты» ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæ, систой не ׳взаг уæлæмæ æмæ ног хъæлæстæй зарын райдыдта!

1 кæсæг:

Сонет ирон дзырдæн

Ирон æвзаг. Мæ зынджы хай, мæ арт!

Æрттив, æхсид æнусбонтæм æдасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тавсæй

цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.



Дæ норст цæхæрæй равзæрдысты нарт,

æхсидæвтæ æрхастай Анахарсæй.

Дæ фарны хъæр, дæ маст æмæ дæ уарзтæй

нæхи Къостайæн сæнусон йæ цард.



О ме 'намонд! Евразийы быдыртæй

кæнынц фæдисхъæр, удисгæ, нæ дзырдтæ,

мæ уды хæзна хауæггаг фæцис.



Дæу чи хъыгдара — урс уæрыкк дын фестæд!

Дæ фыдæлтæ — санскрит æмæ авестæ.

Цæр се ’рцыдмæ! Мæ рæзæнтæ! Мæ ис! (Хъодзаты Æхсар)



2 амонæг: Фæлæ та, хъыгагæн, афæстаг азты цавæрдæр аххосæгты тыххæй ирон æвзагæн йæ кад сæфынмæ хъавы. Зындгонд куыд у, афтæмæй, иугонд нациты организации – ООН, кæй хонынц, уый ирон æвзаг бахаста, тагъд чи фесæфдзæн, уыцы æвзæгты хыгъдмæ.

Уымæ гæсгæ, ирон адæмæн тынг ахсджиаг фæцис нæ республикæйы уæды президент Дзасохты Алыксандры фæнд! Ирон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ йæ дарддæры рæзтмæ æхсæнады æргом фылдæр аздахыны тыххæй Дзасохы-фырт рауагъта Указ:

«1. Снысан кæнын республикæйы бæрæгбон – Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

2. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæггонд цæуæд ирон поззийы зынаргъдæр хæзна Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр" рухс куы федта (1899 азы май), уыцы бонимæ иумæ, 2003 азæй райдайгæйæ, 15 майы.»

2 кæсæг:

ÆХСАРЫ МИДМОНОЛОГ

Мæ фыдæлтæ, æхстуадæй уæм æрцыдтæн,

Ныббарут мын — мæ фæдтыл судзы арт...

Хъæуы мæ здæхын — Иры дзыхъхъ, мæ ард,

Кæны æвдæлон йе стыр кад, йæ цытæй...



Æрцыдтæн уæм — уæ уаз фæнд мын зæгъут, —

Куы сæфы не ’гъдау, не ’фсарм æмæ не ’взаг!..

Куы басгуыхтыстæм не стыр фарнæн йе знаг,

Кæрдæныл — оххай! — баивтам нæ худ!..



Æрцыдтæн уæм уæлдунейæ лæгдыхæй, —

Зынггур, ныфсгур, æхсаргурæй хæтын

Æмæ уæ курын фат æмæ æрдын —

Æхсары фат, ныфсы æрдын, зынджы хай!



Ныббарут мын, æркодтон уæм æхстуад,

Фæлæ... фæлæ мæм Ир фæдисмæ дзуры,

Фæлæ... фæлæ мæ ныфс, лæгдзинад куры

Ирон æвзаг — мæ зынджы хай, мæ арт!.. ( Мамыкъаты Хъазыбег)



3 кæсæг:

КУЫВД

Хуыцау, дӕуӕй ӕз курын амонд,

Ӕз курын сабитӕн бӕркад.

Нӕ ӕгъдау ма фесӕфа рагон,

Сыгъдӕг уӕларв, нӕ цъӕх кӕрдӕг.



Хуыцау, дӕуӕй ӕз курын хъару,

Нӕ зӕххыл макуы 'рлӕууӕд знаг.

Нӕ хӕдзӕрттӕм ӕргомӕй бацу,

Дӕ рухсӕй байдзаг кӕн нӕ цард.



Хуыцау, ӕз зонын, уый дӕ бон у,

Нӕ хӕхтӕ мауал зоной хӕст...

Хъауджыдӕр нӕу, Беслан, Квайса у,

Туг макуы 'ркал нӕ зӕхмӕ 'рмӕст...



Ирон адӕм кӕрӕдзи уарзой,

Кӕрӕдзи уарзтӕй хайджын уой.

Нӕ гыццылтӕ богӕлттӕй рӕзой,

Нӕ хӕдзӕрттӕн нын ратт ӕнцой.



Хуыцау, зӕгъ ӕй, кӕд курын бирӕ,

Уӕд ӕз мӕ цард нывонд кӕнын...

Мӕ цард у рыг, кӕд амонд Ирӕн

Мӕ бон мӕ цардӕй нӕу хӕссын. (Давид Газзати)



Зарæг



Сценæмæ расхъиуы иу къулбадæг чызг (хъуыр-хъуырæй бæстæ байдзаг кодта):

- «Бæрæгбон, бæрæгбон!» Цы йæ стынг кодтат, цымæ?! Гъе ныр уый цы у ? –«Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон»! Цæуыл цин кæнæм?

1 амонæг: - Ау, æмæ цæуыл цин кæнæм, ахæмæй нæм ницы ис?

Чызг: - Цы??? Хонгæ?! (афæзмыдта кафт). Уый æмæ дын фæсарæйнаг кæфтытæ!!!

2 амонæг: Уæдæ ма æрбад æмæ нæм лæмбынæг байхъус æмæ бакæс! Ирон адæм незамантæй нырмæ курдиатджын æмæ зæрдæргъæвд уыдысты. Ӕппæт дунейы хъуыстгонд фесты богал Хъаныхъуаты Бола, фыццаг ирон балеринæ Гæздæнты Аврорæ, цирчы бæхылбадæг Хъантемыраты Алибек æмæ йæ фырттæ, Тугъанты Михал æмæ йæ чызг Дзерассæ, хæстон инæлартæ Плиты Иссæ æмæ Мамсыраты Хадзы-Умар, фыццаг сылгоймаг дирижер Дудараты Вероникæ, дирижертæ Гергиты Валерий æмæ Сохиты Тугъан, ахуыргæндтæ Токаты Григори æмæ Абайты Васо, артист Тæбæхсæуты Бало, спорты архайджытæ Андиаты Сослан, Черчесты Станислав… Иуныхасæй, се ʼппæт фæнымайын кæй бон у?! Ирыстоны номдзыд фырттæ æмæ чызджытæ абон дæр æнтысджынæй хæссынц сæ кад æмæ намыс!



Презентаци «Иры номдзыд адæм»

Къулбадæг чызг рахизы уæздан хонгæ кафтмæ.

1 амонæг: Чи цал æвзаджы зоны, уал лæджы у. Фæлæ йæ фыццаджы-фыццаг ныййарæджы æвзаг слæг кодта. Дзырды хъомыс ын радта. Зонды фæндагыл æй сарæзта. Иннæ ‘взæгтæ йын бацамыдта. Ныр цалдæр лæджы у! Йæ ныййарæджы æвзаг уæййаг кæмæн у, уый та? Иунæг лæг дæр нæу! Йæхи чи нæ уарзы, уый искæй куыд бауарздзæни?

2 амонæг: Къостайы хъæлæс нæрыди уырыссагау дæр. Фæлæ йын йæ «Ирон фæндыр»-ы цагъдмæ æрыхъуыстой дзыллæтæ. Кæйдæр æвзагыл дæр ныхъхъæр кодтаид: «Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ, сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!» Фæлæ йæ Иры хæхтæ нæ бамбæрстаиккой. Æцæгæлæтты та хъæугæ нæ кодта. (Хъодзаты Æхсар)



4 кæсæг:

МЕ 'ВЗАГ

У иу æвзаг дæр а дунейæн фаг,
Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..
Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлтьг æвзаг,
Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды незаманæй ацы боны онг
Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.
Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд
Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ
Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.
«Тох!.. Тох!..» – сæрмæттаг сабийы дзыхæй
Ысхаудта дзырд лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп... Мыхъхъ... Тъæпп... Дæнг,–
ныффæсус и дæ хъуыр,
Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг...
Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:
Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,
Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд...
Ныззарыд уæд ирон лæппу – Кьоста –
Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг, –
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори, 
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг), –
Дæуимæ сæфы дунейы истори! (Хаджеты Таймураз)



5 кæсæг:

***
Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ кувæндон, мæ цард,
Сæууон хуры тæмæн,
Мæ удлæууæн мæ уарт.

Цы у ирон æвзаг мæнæн?
Мæ нысан æмæ фат,
Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,
Нæ фидæнмæ фæндаг.

Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ фæттæ æрдын,
Æнæ хъама кæрддзæм,
Æнæ хъистæ фæндыр.

Æнæ уый æз цы дæн?
Æнæ уый æз нæ дæн. (Къадзаты Станислав)



Чызджыты кафт.



1 амонæг: Ӕвæдза, диссаг дæм нæ кæсы, иуæй-иутæ куыд не ʼмбарынц сæ азым? Сæ цоты ахуыры бæрзæндтæм кæнынц, фæсарæйнаг æвзæгтыл цъыбар-цъыбур кæнынц, фæлæ сæхи æвзаг та, мæгуыр сидзæрау, кæмдæр фæсвæд ныууагътой! Ома, дам, нæ кæцырдыгæй бахъуыд?



6 кæсæг:

САГЪÆС

Мæ мад дæр ирон у, мæ фыд дæр,
Мæхæдæг дæр, мардзæ, ирон.
Фæлæ уын куы фæуин цыфыддæр,
Нæу дзурын иронау мæ бон.

Уырыссагау Пушкин, Толстойы
Мæ чысылæй нырмæ кæсын.
Сæхи 'взагыл Байроны, Пойы
Æнæ тæлмацгæнæг фæрсын.

Фæлæ мын нæрæмон Къостайы
Фæхъæуы æнæмæнг тæлмац.
Мæ зæрдæ мæхицæй нæ райы.
Ыссæуы мæ хъуырмæ мæ маст.

Кæй аххос у? Чи у йæ марæг
Нæ ирон æвзагæн уæддæр?
Нæхæдæг! Хъæудзæнис ныл хъарæг;
Æвзæр нæм нæ кæсы æвзæр.

Нæ дзурæм иронау нæ цотмæ.
Уый не скæндзæн махæн цæсгом.
Нæ, дам, хъæуы дарддæр Елхотæй,
Цы 'мбæхсæм, фæдзурæм æргом.

Уæдæ дзы Шегрен, кæнæ Миллер
Сæхицæн куыд ыскодтой цыт?
Иронау куыд ысдзырдта Шиллер,
Кæд не 'взаг мæгуыр у, æдзыт?

Æнæмæлгæ гени Шекспир нын
Куыд бавзæрста не 'взаджы тых?
Цæмæн ысси номхæссæн Ирæн,
Кæд не 'взаг лæмæгъ у, къуымых?

Уæдæ йыл зæрдæбынæй риссæм,
У не 'взаг нæ намыс, нæ кад.
Бæрзонд æй нæ хурæмвæз сисæм,
Рæсугъддæр кæндзæнис нæ цард. (Балаты Альберт)



7 кæсæг:

ДЗУРУТ ИРОНАУ

Ирон æвзаг – нæ фæндыр æмæ кард,
Нæ хох-быдыр æмæ нæ уæзæг,
Ирон адæмæн се стыр фарн, сæ ард,
Нæ къонайæн йæ зынг, йæ фæздæг...

Ирон æвзаг – хæдзарон дзулы тæф,
Къуыбыры цин, хуымоны зарæг:
Нæ хъæбултæн – сæ тугдадзины цæф,
Фæдис заманы – уартриу барæг.

Мæ зæрдæ къултыл бахойы йæхи, –
Ирон лæг нал дзуры иронау.
Æндæр æвзæгтæй буц кæнæм нæхи.
Ирон та абухгæ у, донау...

Куы нæ зара йæ рæзгæ хурæн мад
Иронау "а-ло-ло, цы-цы-тæ".
Ирон лæппу куы нæ зæгъа: "мæ уарзт",
Уæд дарæм не 'взагмæ æрцытæ...

Æви та уый дæр модæйыл у баст,
Кæй ивæм "Хонгæ кафт" "Чарльстоныл"?..
Сæ лæвар Нартæн – хъисфæндыр фæсаст –
Уæвгæ, цы фæндыр уыд, мæ боныл!..

Фæлварæнтæн куы разынæм лæмæгъ,
Уæд махæн уый уыдзæн ирони. (Галуанты Людæ)



Зарæг.



2 амонæг: Ирон аив дзырд гом кæны зæрдæйы дуар, хæссы йын æхцондзинад!



8 кæсæг:

Ирон дзырд

Дӕ зӕрдӕйы бынӕй цы бӕстӕйы уарзыс,

Гъе уый у дӕ хъысмӕт, дӕ ном.

Ирон дзырд у махӕн нӕ фыдӕлты намыс,

Ирон дзырд – нӕ Иры цӕсгом.



Ирон дзырд, мӕ хуртӕ, ӕнусты цӕргӕс у,

Цӕй рагӕй йӕ агуырдтон ӕз!

Ирон дзырд, ирон дзырд…Уый мады ӕнгӕс у.

Ирон дзырд – Хуыцауы хъӕлӕс.



Ирон дзырд у хурдзӕсгом, зӕххыл нӕ цуды,

У арв та йӕ базырты бар.

Уый уалдзыгон бонау йӕ мидбылты худы,

Уый гом кӕны зӕрдӕйы дуар.



Дӕ зӕрдӕйы бынӕй цы бӕстӕйы уарзыс,

Гъе уый у дӕ хъысмӕт, дӕ ном.

Ирон дзырд у махӕн нӕ фыдӕлты намыс,

Ирон дзырд – нӕ Иры цӕсгом. (Чеджемты Ӕхсар)



9 кæсæг:

***********

Нæ номдзыд фыдæлты фарн айхъуысти дардмæ,

Нæ номдзыд фыдæлты кад стахтис уæларвмæ!

Алантæ, алантæ — нæ номдзыд фыдæлтæ,

Дунейы хæзнаты хуыздæрты хуыздæртæ!



Аланты æвзаг у нæ абон, нæ фидæн.

Аланты æвзагæй мах дунемæ сидæм:

Æрцæут Ирыстонмæ, фенут уæ цæстæй,

Нæ хæхтау — æхсарджын йæ æндон цæргæстæ!



Алантау ироны кад айхъуысти дардыл,

Аланты фæринчы кад — ирон лæджы кардыл,

Алантæ, алантæ — нæ номдзыд фыдæлтæ,

Дунейы хæзнаты хуыздæрты хуыздæртæ!



Сæрыстыр ирон лæг йæ фыдæлтæй разы,

Хъæбатыр аланты йæ уды бæрц уарзы.

Аланты фæдонтæ цагъайраджы бæсты

Сæ мæлæт ыссардзысты удуæлдай хæсты!!! (Хацырты Сергей)



Зарæг

1 амонæг: Æвзагыл цас фылдæр адæм дзурой æмæ фыссой, уыйас фидардæр кæны. Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр, æмуддæр вæййынц. Хъуамæ алы ирон адæймаг дæр зона йæ мадæлон æвзаг, уымæн æмæ адæм се ׳взагæй адæм сты. Афтæ уæ мачи зæгъæд, зæгъгæ, æз ирон дæн, кæд иронау нæ дзуры, уæд! Ӕвзагыл куы нал дзурæм, уæд йе сæфт æрхæццæ!!!

10 кæсæг:

ӔЗ ИРОН ДӔН!

Мӕхи ӕз амондджын фӕхонын,

Аланты байзӕддаг кӕй дӕн.

Мӕхи ӕз амондджын фӕхонын,

Кӕй райгуырдтӕн иронӕй.



Мӕхи ӕз амондджын фӕхонын,

Ирон ӕвзаг мӕ мадӕлон кӕй у,

Ӕна мын зарджытӕ цы ‘взагыл кодта,

Зынаргъдӕр уымӕй нӕй мӕнӕн.



Хӕрын ӕз ард, кӕнын ӕз сомы,

Куы афтон дард бӕстӕм ӕз искуы,

Уӕддӕр мӕ Ир, мӕ мадӕлон ӕвзагыл

Нӕ уыдзынӕн стырзӕрдӕ ӕз никуы!



Кӕндзынӕн сын ӕдзух лӕггад,

Сӕ кад сын сисдзынӕн бӕрзонд!

Ӕрмӕст уӕд ардзӕн удӕнцой мӕ зӕрдӕ,

Куы фидон Ирӕн ӕз йӕ хӕрзтӕ! (Бӕцойты Аслӕнбег)







11 кæсæг:

ИРОН ФӔСИВӔД, АБОН У ДӔ РӔСТӔГ!

Ирон фӕсивӕд, абон у дӕ рӕстӕг,

Нӕ сыгъдӕг зӕхх фыдбылызтӕй мӕлы!

Ӕрмӕст дӕхӕдӕг 'взарыс ды дӕ фӕндаг

Хӕххон фыранк дӕ ды, ӕви уыры!



Лӕгӕй лӕгдзинад, афтӕ у нӕ бӕсты,

Мӕ фыд дӕр афтӕ схъомыл кодта мӕн:

«Дӕ ном, дӕ намыс макуы фесаф царды,

Дӕ цъаммардзинад бафхӕрд у мӕнӕн».



Лӕппуйы лӕг кӕны ӕрмӕст йӕ хъуыддаг,

Ӕрмӕст хӕрзномӕн аргъ кӕны фӕлтӕр.

Ӕгъдау - бындур, уый никӕмӕн у сусӕг,

Ӕрмӕст хӕрзӕгъдау лӕг вӕййы хъайтар. (Давид Газзати)



Кæронбæттæн:

2 амонæг: Нæ зынаргъ æмбæлттæ! Цалынмæ уарзæм нæ æвзаг, цалынмæ йыл хъуыды кæнын фæразæм, цалынмæ йыл авдæны зарæг кæнæм, æмæ нын нæ зæрдæмæ рухс æмæ цин уадзой ирон кафты мыртæ, уæдмæ нæ мадæлон æвзагæн ницы тас у!! Уæ зæрдыл бадарут абоны рæсугъд ныхæстæ æмæ кадимæ хæссут уæ ирон æгъдау размæ!

12 кæсæг:

МАДÆЛОН ÆВЗАГ

Дæ мады æвзагыл
Кæд дзурыс, кæд зарыс, –
Дæ фыдгул ызнагæн
Йæ сау зæрдæ марыс.
Кæд рохæй ыскуыдта
Дæ мады æвзаг, –
Йæ къах дыл æркъуырдта
Дæ фыдгул ызнаг. (Æлборты Хадзы-Умар)



13 кæсæг:

************

Слӕуут, Ирӕттӕ!

Слӕуут, ӕмгӕрттӕ!

Иумӕ ныл никуы

Уыдзӕни тыхгӕнӕг!



Нӕ иудзинад — тых!

Ӕмгардзинад — хотых!

Ӕрмӕстдӕр мах иумӕ!

Ӕрмӕстдӕр кӕронмӕ!



Дыгурон, Чыссайнаг,

Ирон, Къуыдайраг,

Ӕфсымӕртау иумӕ!

Max иумӕ — АЛАНТӔ!!! (Битеты Азӕмӕт)



Симд фæсивæд, симд!!!



1 амонæг: Нæ абоны изæр кæронмæ æрхæццæ! Бузныг уе ʼппæтæн дæр! Фæрнæйдзаг ут! Нæ ног фембæлдмæ!




12