СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

«Хорзӕй баззай, Ир…»

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие посвященная ВОв. Молодым писателям не вернувшимся в войны.

Просмотр содержимого документа
««Хорзӕй баззай, Ир…»»

Уæлахизы 76– азы бонмæ

«Хорзӕй баззай, Ир…»



(Хъуысы Расул Гамзатовы зарæг «Журавли» иронау). 1-аг слайд.



1-аг амонӕг. Ӕвдай азы рацыд, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕст куы ахицӕн, уӕдӕй нырмӕ. Уый чысыл рӕстӕг нӕу, фӕлӕ мА хӕсты хъӕдгӕмттӕ дудынц абон дӕр.

2-аг амонӕг. Хӕсты зилдухӕны бахауд Ирыстон дӕр, куыд Цӕдисы иу къабаз, афтӕ. Йӕ фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ Ир бацыдысты хъазуатон хӕсты.

1-аг амонӕг. 1944 азы Советон хицауад йӕ арфӕйы гӕххӕтты фыста, зӕгъгӕ, нӕ бӕстӕйы сӕрибары сӕоаппонд «ирон адӕмы фырттӕ гитлерон тыхгӕнджыты ныхмӕ тохы равдыстой стыр хъӕбатырдзинад ӕмӕ фидар лӕджыхъӕд». Ирон хӕстонты сгуыхтытӕ дисы ӕфтыдтой ӕппӕт дзыллӕты.

2-аг амонӕг. Ӕфсӕддон фыссӕг Петр Павленко фыста: «Дзырд ирон фыдыбӕстӕйы хӕсты ӕппӕт фронты дӕр дзурынц буцӕй, уымӕн ӕмӕ ирӕттӕ сӕхи равдыстой хъӕбатыр ӕмӕ ӕнувыд хӕстонтӕй». Ирон адӕм сӕхицӕн скодтой кад ӕмӕ ном. Фӕлӕ уыимӕ бавзӕрстой ӕбуалгъ зынтӕ, ныккалдтой бирӕ туг ӕмӕ бирӕ сӕссыг.

1-аг амонӕг. Тохы быдырмӕ цыдысты, Ирыстоны фысджытӕй хӕстхъом чи уыд, уыдон дӕр. Нӕ ирыл ӕрцыд дывӕр зиан. Хӕстӕй нал сыздӕхт ӕнӕхъӕн фӕлтӕр, ирон литературӕ ӕнхъӕлцау кӕмӕй уыд, уыцы курдиатджын фӕсивӕд.

2- аг амонӕг. Уыдон сӕ цард ӕмӕ сӕ курдиат нывондӕн ӕрхастой Фыдыбӕстӕ, сӕрибар ӕмӕ Намысӕн. Аскъуыд ӕвзонг зарӕг, ирон дзырдаивад æнæхай фæци зæлгæ хъæлæстæй.

1-аг амонæг. Уыдон сты: Абайты Бекызæ, Абайты Виктор, Агънаты Батырбег, Æгъуызарты Георги, Баситы Дзаххотт æмæ Дзамболат, Елехъоты Мурат, Наниты Васо. Нæхи хъæуккæгтæ (Джызæйлæгтæ) Хъаныхъуаты Майрæм , Къубалты Дмитрий æмæ бирæ æндæртæ.

(Уæ хорзæхæй сæ кадджын ном сын иу уысм æдзæмæй лæугæйæ æрæмысæм).

2-аг амонæг. Нæ зынгхуыст лæппуты æхсæн уыди ахæмтæ дæр, 20 -22 – аздзыдæй ирон литературæмæ æнусмæ цæринаг уацмыстæ чи бахаста. Уыдонæй дыууæ – Къостайыхъæуккаг Калоты Хазби æмæ Ольгинскæйаг- Кочысаты Мухарбег.

1-аг амонæг. Газеттæ фыстой: «Иры хъæбул Калоты Хазбийæн æрдз скарста æнусмæ æвзонгæй баззайын хъысмæт».

1.

... Цӕй ӕмӕ, мӕ хъуыдыты бын фӕнысан кӕнон, Калоты Хазби кӕй дӕн, уый. Хӕст куы фӕуа, ӕмӕ куы фӕуӕлахиз уӕм фашисттыл, уӕд мын кӕд исчи мӕ фыстытӕ бакӕсид, ӕмӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууин. Мыййаг… Мыййаг куынӕ уал сыздӕхон мӕ Райгуырӕн къонамӕ. (Фыссы) 1941 аз. Калоты Хазби.

Иу хатт ма сӕ мӕхицӕн бакӕсон, кӕд дзы искӕцы хъуыды, йе ныхас йӕ бынаты нӕй, уӕд мын сраст кӕнынӕн рӕстӕг куынӕуал фӕуа. (кӕсы).



Карз хӕст райдыдта… Арвау ныццӕлхъ кодта тохы фыццаг гӕрах, арвы цӕлхъау нӕргӕ ацыд хӕхты мӕ быдырты.

Карз хӕст райдыдта… Барызт фатхъӕд, барызт хъӕды рӕсугъд ӕхсин, ссыбар- сыбур кодта ӕмӕ йӕхи бауагъта кокка хӕрисыл.

Карз хӕст райдыдта… Ныффӕйлыдта дидинӕгджын зад кӕрдӕг, ацагъта йӕ рӕсугъд къуырфытӕй райсомы ртах, ӕрхуыссыд зӕххыл, стӕй сыстад ӕмӕ ныгуылӕнмӕ акъул.

Карз хӕст райдыдта… Доны сӕрмӕ ауыгъд фӕлмы бынӕй рахъуызыди хъуырдухӕнгӕнгӕ уазал уылӕн, йӕхи ныццӕлхъ кодта дурты цӕндыл ӕмӕ ӕртахгай баиу иннӕ уылӕнтимӕ.





Ӕз мӕ цард нӕ нымайын ӕвгъауыл:

Цард цӕуы, ӕхсӕрдзӕнтӕй кӕлы.

Мӕн хъӕуы фӕстаджы тохы рхауын,

Мӕн хъӕуы сӕрыстырӕй мӕлын…

Цӕй, мӕ фӕндыр, дзӕгъӕл дӕ ныууагътон,

Нал мысын, мӕ хорз хӕлар, дӕ уынд…

Ӕз, ныфсхаст цӕргӕс, мӕ базыртӕ ысцагътон

Ӕмӕ тымыгъмӕ, ӕнхъӕлмӕгӕс лӕууын.

2-аг амонæг. Калоты Хазбийы цард уыд зарæгау рæсугъд, фæлæ цыбыр. Райгуырди 1921 азы Цæгат Ирыстоны. 1943 азы 22-аздзыдæй цардбæллон лæппу йæ уд радта нæ бæсты сæрвæлтау. 2.

КАРД (БАЛЛАДÆ)

Уæд æнафоны цыдысты хæстмæ,

Бæстæ уыд фæлладхуыз æмæ тар.

Мад йæ фыртæн разтыргъы фæдзæхста:

«Ма ныууадз дзæгъæл дæ фыды кард.

Уый дын тохæй рарвыста лæварæн...

Рызт йæ уæлæ хъарм туджы æртах...

Æз дæуыл, мæ хур, мæ зæрдæ дарын,

Ды уæлахизæй кæй раздæхдзынæ тагъд».

Рæстæг уади, рæстæг маргъау тахти,

Æмæ ракалд бутъыро бæлас...

Мæнæ рудзынгыл йæ урс сæр мад æруагъта,

Фæзы даргъивæзт фæндагмæ каст.

Æмæ чидæр бадзуры: «Æвгъау уыд...

Фæлæ кад... Æнæвидийгæ кад...

Рухсаг уæд, æна, дæ фырт, æрхауди,

Æмæ рарвыста мæнæн йæ кард».



1-аг амонæг. Хазби фæмард хъазуатон тохы. Фыдыбæстæйы раз, бæрзонд систа лæджы намыс, афтæмæй. Уый уыди хæстон сгуыхт.

2-аг амонæг. Фæлæ Хазби ноджы стырдæр сгуыхт равдыста ирон поэзийы. Йæ зарæг уæздан дидинæгау рухсмæ райхæлд, йемæ схаста зæххы хъарм, сæууон сыгъдæг уддзæф.

1-аг амонæг. Хазбийы зарæг рацыд зæрдæйæ, æхсыст тугæй, улæфыд царды цинæй.

«Хæххон дон».

Уый лæгау нæ зоны дзурын,

Нæй йæм иу уæздан æгъдау.

Къæйтæм, быдыртæм лæбуры

Æмæ абухы сырдау. 3.



Уый цæры, цæры æнусты,

Фæлæ у фыццагау сонт.

Цæй, цы йыл кæнон æз бустæ?

Цæй, цы йын амонон зонд?

2-аг амонæг. Калоты Хазбийæ иу афæдз раздæр 1920 азы Ольгинскæйы хъæуы райгуырдис , Кочысаты Мухарбег.

Мухарбег барвæндонæй ацыд фронтмæ, архайдта Цæгат Кавказ фашисттæй ссæрибар кæныныл тохты, уый фæстæ хæцыди Украинаг фронты. Лæвæрд ын æрцыди Сырх Стъалыйы орден æмæ майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй».





 ФÆСТАГ САЛАМ

Мыййаг, хæсты быдыры искуы

Куы фæуон мард

Æмæ куы аскъуыйа æмбисыл

Мæ рæзгæ цард...

Мыййаг, куы нал фæуон кæронмæ

Мæ зарæг æз,

Æмæ куы бамыр уа бынтондæр

Мæ сонт хъæлæс...

Мыййаг, куы фæсыкк уой мæ фæндтæ,

Мæ рухс фæндаг...

0, курын уæ, зынаргъ æмгæрттæ,

Æз иу хъуыддаг.

Зæгъут-иу мын мæ зæронд мадæн,

Куы фæуа хæст:

Хæсты быдыры, зæгъ, фæмард дæн 4.

Цытимæ æз.

Зæгъут-иу ноджыдæр Кавказæн

Салам мæнæй.

Æцæг хъæбулау дæ, зæгъ, уарзтон

Зæрдæбынæй. 

1-аг амонæг. Ирон дзырд , ирон хъуыдыйад тынг коммæ касти Мухарбегæн, уымæ гæсгæ арæхстджынæй пайда кодта æвзаджы авналæнтæй, риторикон ныхасы гæнæнтæй.

«Фыдыбæстæ»

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард!

Фæлæ уæддæр, ныййарæг зæхх,

Дæуæн æмбал кæм и!

Дæуæн зæрдæйæн адджындæр,

Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!

Нæ урс хæхтæ, нæ тар хъæдтæ,

Нæ хъал дæтты хъæлæс,

Нæ зад хуымтæ, нæ быдыртæ,

Нæ дидинæгджын фæз,

Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,

Кæм рæзыдтæн æдас,-

Мыггагмæ дæр сымахимæ

Мæ зæрдæ баст у, баст.

Нæ фыдæлтæ сæ хъарм тугæй

Дæу балхæдтой, мæ зæхх,

Нæ бæркадджын фæллойæ дæ 5.

Ысбуц кодтам дзæбæх.

Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,

Фыдыбæстæ, дæуæй

Мæнæн зынаргъдæр, адджындæр

Нæ уыдис æмæ нæй.

Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр

Ыстыр ныфс у лæгæн.

У суанг дæ сыгъдæг уæлдæф дæр

Æвдадзы хос мæнæн.

Æмæ дæ никуы ратдзынæн

Ызнагæн, зон уый ды.

Фæлтау мæлæт ыссардзынæн

Дæ сæрвæлтау хæсты!





2- аг амонæг. Мухарбеджы æмдзæвгæтæй бирæтæ æвæрд æрцыдысты музыкæйыл.

(Хъуысы зарæг «Хъæмæ». Скъоладзаутæ кафынц уæздан кафт).

  1. аг амонæг. Поэты хæстон лирикæйы кæрæй кæронмæ хатæм рæстдзинадыл æууæндыны мотивтæ. Нæ цæстыты раз æрлæууы, йæ фыдыбæсты сæрибар бахъахъхъæныны сæрвæлтау йæ уд нывондæн æрхæссынмæ цæттæ чи у, уыцы хæдæфсарм, удвидар, кадылмард лæппу.

«Фыстæг мæ мадмæ» (инсценировкæ).

2-аг амонæг. Поэт цыфæнды уавæрты дæр поэтæй баззайы, сæрибарыл тохы та джебогъыл дæр фæхæцы æмæ фыссæн сисæц дæр фæархайы.

1-аг амонæг. Кочысаты Мухарбег фæмард 1944 азы апрелы украинаг горæт Ямполы 24-аздзыдæй.

Поэт, дæ фарн мæрдтæм нæ ацыди: фæлтæртæн фæзминаг сты дæ лæджыхъæд, дæ Зарæг. 6.



Æмдзæвгæ «Мæ фæдзæхст». (Хъуысы,- Бетховен –« Мелодия слез»)

Фыдыбæсты сæраппонд тохы,

Мыййаг, куы фæмард уон рæстæй,

Уæд-иу мæ мард фæласут хохмæ,

Мæ Ир, мæ фыдæлты бæстæм.



Æмæ-иу бавæрут, æмгæрттæ,

Мæн рагон сау къæдзæхты ‘хсæн,

Цæмæй æхсырхуыз цъитидæттæ

Рæвдауой с ‘аив зардæй мæн.



Цæмæй мæ ингæнмæ мæ уарзон

Фæсивæд хъазынмæ цæуой

Æмæ тæгæр бæласы аууон

Фыдæлты зарджытæ кæной.



2- аг амонæг. Цæрынц æмæ нæрынц зынгхуыст поэты тохы зарджытæ нæ бæстæйы æппæт адæмты æвзæгтыл. Уыдон нæм сидынц къæрцхъус уæвынмæ, ног хæсты арт цæмæй мауал ссудза, уымæ.

Хæст лæгмар у, цард та дзы – æнуд,

Тугæмхæццæ уæнтыл уайы сурхид…

Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут,

Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!

( «Мад» Плиты Г.)

7.





poet/kaloev_hazbi/

poet/kochisov_muharbek/

Хъодзаты Æхсар. «Хорзæй баззай Ир…» Чиныгуадзæн «Ир». Орджоникидзе 1972 аз.

«Тохы зарæг» Сост. С.З. Хугаев. Владикавказ: Ир, 1990 аз.








Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!