Ирон ныхасы рæзтыл куыст бацæттæгæнæн къорды
Гом ахуыры конспект
Темæ: «Фæндараст, фæззæг» (Халсартæ æмæ дыргътæ).
Нысан: Ныффидар кæнын сывæллæтты мидхъуыдыйы цы зонындзинæдтæ базыдтой фæззæджы афæдзы афоны тыххæй (халсартæ æмæ дыргъты тыххæй : сæ хуыз, джипп,ад) уыдон. Пайда кæнын ацы дзырдтæй сæ ныхасы.
Хæстæ:
Ахуырадон: - кусын мыр (гъ) раст дзурыныл; ныхасы аив дзырдыл .
- дзырдуат парахат кæнын фæззæджы миниуджыты фæрцы.
- Фæлтæрын миногонтæ раст æвзарын лæвæрд номдартæм (халсартæ æмæ дыргътæм).
Райрæзты: рæзын канын сывæллæтты тавиц-лæмбынæгдзинад, мидхъуыдыкæнынад, фæлгæсæн .
Хъомыладон: кусын цымыдисдзинад, уарзондзинад гуырын кæнын сывæллæтты зæрдæты ирон мадæлон æвзагмæ, Ирыстоны рæсугъд æрдзмæ .
Ӕрмæг: ИКТ, къамтæ-схемæтимæ (дыргътæ æмæ халсартæ
, диссаджы голлаг дыргътæ æмæ халсартимæ.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Сывæллæтты ирон æвзагыл дзурынмæ сразæнгард кæнын.
Сывæллæттæ лæууынц зылды. Салам дæттынц. Æз мæ цæстытæ æрцъынд кæндзынæн æмæ банымайдзынæн æртæмæ. Куы фæуон нымад уæд байгом кæндзынæн мæ цæстытæ, сымах та равдисдзыстут уæ зæрдæйы уаг (настроение). Иууылдæр стут хъæлдзæг. Тынг хорз, мæ къонатæ.
II. Мыртæ раст дзурыныл куыст. Мыр (гъ)
Хъомылгæнæг: Равдисæм куыд зоны зарын нæ хъуыр мыр (гъ) куы дзурæм уæд. Упражнение «Гæды мæсты кæны». Бахудын, байгом кæнут дзых. Ӕвзаджы кæрон дæндæгты фæстæ, йæ астæу та сзылд уалæмæ – гæдыйы фæсонты хуызæн, мæсты куы фæкæны уæд куыд акæны афтæ. Нырта амбæхсти (дзых сыхгæнын) .æнхъæвзæм нæ хъуыр. Сывæрæм не̕нгуылдзтæ нæхъуырыл æмæ зæгъæм (гъ). Нæ хъуыр зары?
(Сывæллæттæ сыгъдæгдзуринаг дзурынц иууылдæр иумæ)
Сыгъдæгдзуринаг: Бирæгъæй нæ сæгъ лыгъди,
Бирæгъ тынг зæронд уыди,
Сæгъ ыл худт, гæппытæ кодта,
Цуанонмæ нæ сæгъ ызгъордта.
III. Хъомылгæнæг: Сабитæ, зæгъут-ма, цавæр афæдзы афон у ныртæккæ?
(Фæззæг)
Хъомылгæнæг: Байхъусут-ма уыци-уыцимæ.
Фæуазал ис бæстæ,
Фæхъуынтыз ис бон.
Æнкъардхуыз нæ фæзтæ
Ныггыццыл ис бон. /Фæззæг/
- Цавæр афæдзы афоны кой цæуы уыци-уыцийы?
(Фæззæджы тыххæй)
- Сабитæ, уæ зæрдæмæ фæцыди фæззæг?
(Дзуæппытæм байхъусын).
- Куыд хъуыды кæнут, фæззæг рæсугъд афæдзы афон у?
(Тынг рæсугъд афæдзы афон у)
- Уæдæ ныртæккæ радзурдзыстæм нывтæм гæсгæ фæззæджы тыххæй (нывты слайдтæ)
Хъомылгæнæг: Бакæсут нывтæм лæмбынæг, уыдонмæ гæсгæ араздзыстæм хъуыдыйæдтæ.
(Хуызæг).
Ралæууыд сызгъæрин фæззæг.
Хур кæсы, фæлæ нæ тавы.
Бæлæстæ скодтой алыхуызон дарæс.
Сырх, бур, сызгъæрин сыфтæ хауынц бæлæстæй.
Фæззæджы арæх уары къæвда.
Цъиутæ тæхынц хъарм бæстæм.
Адæм æмбырд кæнынц тыллæг, сæхи цæттæ кæнынц зымæгмæ.
Хъомылгæнæг: Куыд рæсугъд радзырдтат фæззæджы тыххæй. Ныр та нын радзурдзæ,.. . Дарддæр та ,,,
(Сабитæ дзурынц фæззæджы тыххæй)
Хъомылгæнæг: Тынг рæсугъд радзырдтат, мæ къонатæ.
Хъомылгæнæг: Сабитæ, æрбакæсут-ма, цы диссаджы дзæкъул мæм ис. Æркæсæм-ма йæм. Цы дзы ис?
(Халсартæ æмæ дыргътæ).
Хъомылгæнæг: Æз систон картоф. Картоф у халсар. (Хуызæг). Ныр та сымах радыгай сисут халсартæ æмæ дыргътæ.
(Сабитæ æвæрынц халсартæ æмæ дыргътæ хицæнтæй дыууæ къусмæ).
IV. Улæфты минут.
Хъазт «Бæласыл æви хуымы»
(Дзырдтæ: кæрдо, хъæдындз, чылауи, нуры, цывзы, фæткъуы, уырыдзы, нас, джитъри, пъæмидор).
V. Дидактикон хъазт: «Иу-бирæ».
Хъомылгæнæг: Уæдæ та ногæй ахъазæм, диссаджы дзырд «Бирæ»-имæ.
(Слайдтæ)
(Хъомылгæнæг дзуры «иу», сабитæ «бирæ»)
Хъомылгæнæг: Тынг хорз мæ къонатæ, ацы хæсимæ дæр та хорз бацархайдтат.
VI. Схемæтимæ куыст.
Хъомылгæнæг: Халсартæ æмæ дыргъты нæмттæ хорз зонут, фæлæ ма бавзарæм нæ хъарутæ æмæ радзурæм: цавæр сты, цыхуызæн сты хуызмæ, формæмæ, адмæ гæсгæ.
(Схемæтæм гæсгæ куыст).
(Сырх, бур, урс, цъæх, тымбыл, дæргъæццон, адджын, туаг, судзаг).
(Стъолыл къамтæ-схæмæтæ. Сывæллæттæ иугай дзуæппытæ дæттынц)
Сывæллон: «Нывыл ис нуры, нуры у урс, тымбыл, судзаг.
Хъомылгæнæг: Ныр та уæ алчидæр райсæт йæ схемæ æмæ бацæуæд нæ уазджытæм æмæ сын сæ радзурут, уый фæстæ мæ цурмæ раздæхут.
(Сывæллæиттæ тымбыл лæууынц).
Хъомылгæнæг: Куыд рæсугъд у фæззæг Ирыстоны! Куыд бирæ радзырдтат абон сымах фæззæджы лæвæртты тыххæй. Уæдæ зæгъæм фæззæгæн фæндараст.
Сывæллæттæ: Фæндараст, фæззæг!
Хъомылгæнæг: Стыр бузныг уын зæгъын, мæ къонатæ. Иынг хорз бакуыстат. Нæ уазджытæн дæр зæгъæм «Хæрзбон!»