СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Разработка урока по теме "Определение"

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по осетинскому языку для 5 класса по теме "Определение"

Просмотр содержимого документа
«Разработка урока по теме "Определение"»



Муниципальное казенное общеобразовательное учреждение

«Средняя общеобразовательная школа им.Героя Советского Союза Энвера Ахсарова

с.Зильги»

Правобережного района РСО-Алания









Ирон æвзаджы урок

5-æм къласы



Урочы темӕ. Адӕймаджы фӕзминаг миниуджытӕ.

Грамматикон темӕ «Бӕрӕггӕнӕн».





















Слайд 1.

Урочы нысан:

1.Скъоладзаутӕн бацамонын бӕрӕггӕнӕны ӕмбарынад;

2.Дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхысыл бакусын;

3.Цӕрӕгойтӕм уарзондзинад гуырын кӕнын;

Урочы цыд.

Ахуыргӕнӕг: Цӕмӕй ,абон нӕ урочы темӕ раргом кӕнӕм , уымӕн нын ӕнцойгӕнӕн уыдзӕн мӕнӕ ацы ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ ма урочы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм ацы хъуыдыйӕдтӕ.

Слайд 2

1.Ӕз дӕн хъуыдыйады………

2.Ӕз дзуапп дӕттын фарстатӕн….

3. Ӕз бӕрӕг кӕнын предметӕн…….

4.Ныхасы хӕйттӕй хӕларӕй цӕрын…….

5.Хъуыдыйады хахгонд вӕййын…….

6.Адӕм мӕ арӕх пайда кӕнынц сӕ ныхасы, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕрцы …



Слайд 3(ӕмдзӕвгӕ)

Барбос.

Ис хъуынджын къӕбыла махӕн,

Хонӕм ӕй Барбос.

Сыхы никӕмӕ ис ахӕм,

Бабастам ыл лентӕй бос.



Уый йӕ фӕстӕгтыл ӕрбады,

Чи йӕм бадары йӕ къух,

Уымӕ рахиз къух уый ратты,

Хъазын уарзы уый ӕдзух.



Алы бон дӕр къусы стӕры

Еууы цымгӕ, куы –ӕхсыр.

Уый къӕбӕртӕ дӕр фӕхӕры

Ӕмӕ тагъд уыдзӕни стыр.

Ахуыргӕнӕг:

-Сывӕллӕттӕ сӕ куыдзы уардзынц?

-Кӕцы рӕнхъытӕ сты ууыл дзурӕг?

-Куыдз та куыд фӕдары йӕхи, сывӕллӕтты фенгӕйӕ?Цӕуы

дзурӕг у уый?

-Куыд хуыйны ацы ӕмдзӕвгӕ?Ирон нӕмттӕ куыдзыл цавӕр ӕвӕрдтой?

Ахуыргӕнӕг:

-Х/К уын лӕвӕрд уыд куыйты тыххӕй интернеты ӕрмӕг бацагурын.Цы базыдтат ногӕй?(………)

-Абон та цы пайда сты куыйтӕ адӕмӕн?(……..)



Ӕвӕццӕгӕн, уӕм алкӕмӕдӕр йӕ хӕдзары ис куыдз.Радзурут ма, куы сӕм зилут?

-Цавӕр дзырдтай спайда кодтат алчидӕр йӕ цыппаркъахыг ӕмбалы тыххӕй, куы дзырдтат, уӕд?

Слайд 4(куыдзы ныв)

Ахуыргӕнӕг:

Уӕдӕ ма ӕрбакӕсӕм ацы куыдзмӕ ӕмӕ йын алчидӕр дзургӕйӕ ӕрфыст бацӕттӕ кӕнӕд. Ӕз уын ӕххуыс кӕндзынӕн.

-Куыдзы сӕр цавӕр у?(………)

-Цыхуызӕн сты йӕ ных,йӕ гуыр, йӕ хъуын?(…….)

-Куыд уӕм кӕсы, цавӕр у йӕ бакаст?(…………….)

(Куыдзы сæр – стыргомау, гуырыл аив ныхæст. Йæ мукъутæ – рæстæмбис даргъ. Йæ ных сау, мукъутæ та – урс. Хъустæ – чысыл, хæрдмæ хъил. Гуыр – фæтæн урс. Йæ къæхтæ – рæстæмбис, урс дзæмбытимæ. Йæ хъуын – лæгъз, фæлмæн. Къæдзил – пух, даргъгомау.)



(иу скъоладзау сӕ фыссы фӕйнӕгыл)

Ахуыргӕнӕг:

Уӕдӕ цавӕр фӕрстытӕ домынц фӕйнӕгыл цы дзырдтӕ ныффыстам, стӕй абон сарӕй цы рӕсугъд хъуыдыйады уӕнгӕй пайда кӕнӕм уӕ дзуӕппыты, уыдон?

-Цавӕр хъуыдыйады уӕнгыл дзурдзыстӕм абон?(……….)

-Цы зонут бӕрӕггӕныны тыххӕй?(……..)



Ахуыргӕнӕг:

Байгом кӕнут уӕ чингуытӕ ӕмӕ бакӕсӕм раиртӕст.

Чиныгимӕ куыст

Ӕркӕсӕм дыккаг фӕлтӕрӕнмӕ ӕмӕ уӕ хъус ӕрдарут, цавӕр миниуджытӕй хайджын у нӕ сӕйраг архайӕг?(ахуырдзау кӕсы текст)

ӕвзарынц фарстытӕ тексты кӕрон.

1.

2.

3.

4.

5.Цавӕр зӕрдӕйы хицау у радзырды сӕйраг архайӕг?

6.Цавӕр хъуамӕ уой нӕ хъуыдытӕ, нӕ архайдтытӕ, цӕмӕй нӕ зардӕтӕ сыгъдӕгӕй баззайой?

Бӕрӕггонд хъуыдыйад рафыссӕм ӕмӕ йӕ равзарӕм .

Йӕ цуры лӕгъзхъуын сырх куыдз цӕуылдӕр катай кӕны.

лӕгъзхъуын –дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ равзарын

7.Абон мах нӕ урочы 2 текстимӕ базонгӕ стӕм, уӕ зӕрдӕмӕ тынг дӕр кӕцы фӕцыди?

-Фӕзминаг дзы кӕцы у ? фауинаг кӕцы у?

Къордты куыст:

1)хӕс

1къорд:

-Текстыл ӕнцонгӕнгӕйӕ ныффысут адӕймаджы хорз миниуджытӕ чи ӕвдисы, ахӕм бӕрӕггӕнӕнтӕ.

2къорд:

-Сымах та ныффыссут адӕймаджы ӕвзӕр миниуӕгӕвдисӕг бӕрӕггӕнӕнтӕ.

Слайд 5

2)хӕс

1-аг къордæн: ссарын адæймаджы фæзминаг миниуджытыл дзурæг æмбисæндтæ. Бӕрӕггӕнӕн цы æмбисонды ис, уый фæбæрæг кæнын.



1.Раст лæгæн сæфæн нæй.

2.Гæдыйы къах цыбыр у.

3.Загъдкъахæгæн – над. (Къоста)

4.Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.

5.Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.

6.Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.

7.Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.

8.Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.



2-аг къордæн: Ссарут адæймаджы фауинаг миниуджытæ кæм ис, ахæм æмбисæндтæ. Бӕрӕггӕнӕн цы æмбисæндты ис, уыдон фæбæрæг кæнын.

3) хӕс

лайд 6

Хæс: Адæймагæн йæ архæйдтытæм гæсгæ характеристикæ раттын.

Къордтæ кусынц хибарæй. Уый фæстæ сæм байхъусын.


1. Йæ ныхас не ’ххæст кæны, искæмæй зæрдæ бавæры, фæлæ та йæ дзырд фæсайы. Ахæм адæймаджы хонынц … (сайаг, мæнгард, фæлывд адæймаг).


2. Алы куыст дæр зæрдиагæй кæронмæ хæццæ кæны, дзурын дæр ын нæ хъæуы, афтæмæй йæ баххæст кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (куыстуарзаг, бæлвырд адæймаг)


3. Исты йæм куы вæййы, уæд дзы алкæмæн дæр бахай кæны, адæмæн æххуыс кæны. Ахæм адæймаджы хонынц … (хæларзæрдæ, рæдау)


4.Алы бон йӕ урочытӕм вӕййы цӕттӕ, хорз дзуӕппытӕ фӕдӕтты , куыд хонӕм ахӕм скъоладзауы?


5. Хистæрты коммæ нæ кæсы, йæ мадмæ фæстæмæ дзуры. Æмæ йæ хонынц … (æгоммæгæс, æнæгъдау).


Ахуыргæнæг: Цы дзырдтæ бафыстат, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты? Цавæр фарстæн дзуапп дæттынц?




4) хӕс

слайд 7


Къордтæн: Разæфтуантæ -æнæ, ма- , æ- æфтаугæйæ,бӕрӕггӕнӕнтӕ ног дзырдтæ саразут. Разæфтуантæ рахицæн кæнут.

Хуызæг: зондджын – æнæзонд.


Семæ дзырдбæстытæ саразын.


1-аг къордæн:

хатыргæнаг –

æгъдауджын -  
дзураг –
коммæгæс – 

аив –


2-аг къордæн

æмбаргæ –
кадджын –

амондджын –

кусаг –

арæхстджын –


Ахуыргӕнӕг :

-Миногонтæй пайда кæнгæйæ, уе ’мбæлттæй иуы хорз (фæзминаг) миниуджытæ ранымайут. Иннæ къорд базонæд, кæй кой кæнут, уый. (…………)



Релаксаци. Слайд 8



Иучысыл нæ фæллад суадзæм.

Базон-базон, уый та циу?



1.Дæлдзæхæй нæ сырх гал йе ’взæгтæ суагъта. (Цæхæра)

2.Нæ чысыл скъæты – урс уæрыччытæ. (Дæндæгтæ)

3.Сыгъзæрин ацæуы, æмæ æвзист æрбацæуы. (Хур æмæ мæй)

4.Сау дæн, æмæ сынт нæ дæн; урс дæн, æмæ цыхт нæ дæн;, къæдзил мын ис, æмæ мыст нæ дæн. (Булкъ)

5.Йæхæдæг – сырх, адджын, йæ хæдон – цъæх, хъæдабæйы хуызæн. (Харбыз)

6.Лæдзæгыл сызгъæрин тæбæгъ æрзад. (Æхсынæн)



Ахуыргæнæг: Цæй фæрцы базыдтат уыци-уыцитæ?

(бӕрӕггӕнӕны фæрцы)



Слайд 9 (флаг)



Цы нысан кæнынц ацы хуызтæ?

Дзуапп: Ирыстоны тырысайы хуызтæ.

Урсхуыз – сыгъдæгдзинад

Сырх – хъæбатырдзинад, хъару

Бур – фарн, хъæздыгдзинад

Тырысайы хуызтæ баст сты аланты цардимæ: уыдон дæр уыдысты кувæг адæм, хæстонтæ æмæ зæхкусджытæ. Нарты кадджытимæ дæр баст сты.

- Цæмæн нæ хъæуынц бӕрӕггӕнӕнтӕ , цæмæн сæ фæпайда кæнæм нæ ныхасы?

(Дзуапп: Нæ ныхас кæнынц мидисджыдæр, аивдæр, бæлвырддæр, хъæздыгдæр. Бӕрӕггӕнӕнты фæрцы радзурæн ис адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты тыххæй.

Ахуыргӕнӕг:

Ныр та уӕдӕ ахӕццӕ кӕнӕм ацы хъуыдыйӕдтӕ кӕронмӕ.

Слайд 2

  1. Ӕз дӕн хъуыдыйады………

2.Ӕз дзуапп дӕттын фарстатӕн….

3. Ӕз бӕрӕг кӕнын предметӕн…….

4.Ныхасы хӕйттӕй хӕларӕй цӕрын…….

5.Хъуыдыйады хахгонд вӕййын…….

6.Адӕм мӕ арӕх пайда кӕнынц сӕ ныхасы, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕрцы ………



Ахуыргæнæг: Ацы урочы уæ чи цы базыдта ногæй? Цы пайда уын фæцис урок?

Рефлексия. Уæ зонындзинæдтæн, урочы куыд архайдтат, уымæн аргъ скæнут ирон æмбисæндты æххуысæй.

Слайд 10



- Алчи дæр уæ йæ куыстæн аргъ скæнæд. Чи уæ куыд архайдта урочы, уымæ гæсгæ равзарут æмбисæндтæ. Йæхимæ гæсгæ уæ тынг хорз чи бакуыста, уый равзарæд ахæм æмбисонд: Цы куыстмæ бавналон, æмæ цы нæ сараздзынæн!

- Йæхимæ гæсгæ, йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, бӕрӕггӕнӕны тыххæй æппæт æрмæг нæ бамбæрста, афтæ чи хъуыды кæны, уый та райсæд æмбисонд «Кæнинаг кæнын хъæуы». Ахуыргæнæг:

- Уæ бон бауыдзæн сыгъдæг зæрдæйæ фæцæрын? Бацархайут. Хъуамæ уæ алчи дæр йæхицæн дзура, «æз нæ асайдзынæн», «æз нæ адавдзынæн», «æвзæр ми мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн».



Кæронæй



Нæ урок мæ фæуын фæнды ахæм таурæгъæй:

Кæддæр, дам иу зондджын лæджы бацарстой, адæймагæн дыууæ цæсты цæмæн ис. Иу цæст ын фаг нæ уаид, дзых æмæ йыл фындз иугæйттæ куы ис. Æмæ, дам дзуапп радта уыцы лæг: «Галиу цæстæй адæймаг хъуамæ уына йæхи хъæндзинæдтæ, йе ’взæр митæ. Уадз, æмæ сæ раст кæна. Рахиз цæстæй та хъуамæ уына искæй фæзминаг миниуджытæ, цæмæй сын аргъ кæнын зона».


Слайд 11

Хæдзармæ куыст: Сочинени-æрфыст: «Æз дæр иу фæзминаг адæймаг зонын».