VIII -ой районный научный конкурс молодых исследователей
«ЗОНАДЫ ФИДÆH»
Направление: Краеведение.
Название работы:
«Школьный музей культуры и быта».

Автор работы:
Савлаева Полина Алановна Место выполнения работы:
МКОУ СОШ с.Црау, 6 класс.
Научный руководитель:
Чельдиева Мадина Коммунаровна,
учитель осетинского языка и литературы..
2015 г.
Сӕргонд
Разныхас…………………………………………………3
Сайраг хай……………………………………………….4-6
Хӕринаг фыцӕн ӕмӕ хӕринаг хӕрӕн,
ӕвӕрӕн дзаумӕттӕ………………………………………7
Хъӕдын нуазӕнтӕ, тӕбӕгътӕ, къустӕ,
уидгуытӕ,кӕхцытӕ………………………………7-8
Къуымбилы куысты дзаумӕттӕ:ӕлхуый,
уӕдӕртт, пирӕн, фӕтдзӕгъдӕн, тынуафӕн дзаумӕттӕ, цъӕгъӕдз, тынуафӕн сӕрвасӕн………………….9-10
Сыкъайӕ, стӕгӕй арӕзт дзаумӕттӕ……………..11
Ӕфсӕйнагӕй, ӕндонӕй ӕмӕ ӕндӕр згъӕртӕй арӕзт дзаумӕттӕ…………………………………………..11-12
Куырдадзы дзаумӕттӕ………………………..
2.7. Хуымгӕнӕн дзаумӕттӕ…………………………
2.8. Хосы куысты дзаумёттё……………………………….
2.9. Хъӕдӕй конд дзаумӕттӕ…………………………………………..
Кёронбёттён……………………………………………………
Спайдагонд литературӕ……………………………..
Разныхас:
Скъола алы ахуырдзауӕн дӕр у йӕ дыккаг хӕдзар, кӕцыйы ӕрвиты йӕ царды фылдӕр рӕстӕг. Уым нӕ ахуыр кӕнынц раст хъуыды кӕнын , хорз ӕвзӕрӕй иртасын, хистӕр ӕмӕ кӕстӕр зонын, хӕлардзинадӕн аргъ кӕнын , нӕ фыдӕлты сгуыхтдзинӕдтӕй сӕрыстыр уӕвын. Ахуыр нӕ кӕнынц фӕллой кӕныныл, ног зонындзинӕдтӕм тырныныл.
Не скъолайыл ӕххӕст кӕны 35 азы . Уал азмӕ йӕ къӕсӕрӕй ног цардмё ракъахдзӕф кодта бирӕ рауагъдонтӕ . Уыдон систы зындгонд дохтыртӕ, ахуыргӕнджытӕ, инженертӕ , зӕхкусджытӕ …
Алы скъолайы дӕр ис ахӕм къуым, кӕцы уӕлдай ӕхцондӕр у зӕрдӕйӕн . Уыцы къуым бирӕ скъоладзаутӕн сси нӕ музей.
Райдиан кълӕсты ма куы ахуыр кодтон , уӕд нӕ нӕ ахуыргӕнӕг базонгӕ кодта нӕ скъолайы музеимӕ. Йӕ разамонӕг у ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Челдыты Мӕдинӕ. Уый нын зӕрдиагӕй дзырдта нӕ фыдӕлты царды тыххӕй ӕмӕ цыбырӕй алы экспонаты тыххӕй дӕр . Уыцы фембӕлд мӕ зӕрдӕйы ныууагъта арф фӕд ӕмӕ мё бафӕндыд хуыздӕр базонын нӕ рагфыдӕлты цард, цӕмӕй архайдтой, цавӕр мигӕнӕнтӕ ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ сӕм уыди. Мёнмё гёсгё алы ирон адёймаг дёр хъуамё зона йё фыдёлтёй ныууадзгё ёрмёг бёстон. Уымёй бёрёг кёны нё темёйы актуалондзинад. Ёз цас фылдӕр ӕрмӕгимӕ зонгӕ кодтон, уыйбӕрц мӕм цымыдисагдӕр кӕсын байдыдта мӕ куыст.
Нё разы сёвёрдтам ахём нысан: бёлвырд сахуыр кёнын музейы экспонаттё.
Нё куыстён нын стыр ахъаз фёци Айларты Измаилы чиныг «Ирон фарн».
Куыст арёзт у ёртё хайё: разныхас, сёйраг хай, кёронбёттён.
Сёйраг хай:
Музей байгом нӕ хъӕуыл 100 азы куы сӕххӕст ,уӕд . Цы ӕрмӕг дзы ӕрӕмбырд ,уый у тынг цымыдисаг. Ӕмбырд кӕнынмӕ нӕм фӕкаст ӕнӕхъӕн хъӕу . Зылдыстӕм хёдзари-хёдзар, суанг хъёуи-хъёу дёр. Фарстам, агуырдтам , фӕдзӕхстам хиуӕттӕн, зонгӕтӕн, цӕмӕй нӕм фӕкӕсой , уымӕн ӕмӕ абон ахӕм ӕрмӕг иуӕн кӕнӕ дыууӕйӕн ӕрӕмбырд кӕнын ӕнцон нӕу, иумӕ та цыфӕнды хъуыддаг бакӕнын дӕр ӕнцондӕр у. «Зиуён цы бантыса, уый иуён нё бантысдзён»,-дзырдтой нё фыдёлтё. Фидарӕй мӕ бон зӕгъын у ӕмӕ махмӕ цас ӕрмӕг ис, уыйбӕрц нӕ районы иунӕг скъолайы дӕр нӕй. Ӕрмӕст уӕхсджитӕ нӕм ис 8, итутӕ- 8, пирӕнтӕ-6, тӕсчъытӕ-4 ӕмӕ сӕ се ‘ппӕт нымад чи фӕуыдзӕн.
Нё куыст сарӕзтам афтӕ: ис нӕм кусӕн къорд , йӕ сӕргълӕууӕг дӕн ӕз- Саулаты Полинӕ . Нӕ къорды архайы 8 скъоладзауы. Алкӕмӕн дӕр ис йӕхи хӕстӕ , зӕгъӕм: мемё ма 3 скъоладзауы , уыдон сты Гӕззаты Азӕмӕт, Къалаты Аслан ӕмӕ Азиты Марат кӕнём иртасӕн куыст . Къалаты Оля ӕмӕ Тогойты Фатимӕ фёлындынц музей . Азиты Миланӕ , Дзгойты Элинӕ та ӕххуыс кӕнынц нӕ разамонӕгӕн ӕрмӕг ӕмбырд кӕнынмӕ.
Тынг зӕрдӕргъӕвдӕй архайы нӕ къорды алы уӕнг дӕр: фӕстейы фӕуын никӕй фӕнды . Къуыри дыууӕ хатты фӕс урочытӕ амбырд вӕййӕм ӕмӕ нӕм ног ӕрмӕгӕй цы ис, ууыл иннӕтимӕ ӕрдзурӕм . Афтӕ нӕ куыст цӕуы размӕ .
Нӕ къорды сӕйраг хӕс у: хуыздӕр базонын нӕ фыдӕлты цардыуаг, цӕмӕй архайдтой, цавӕр мигӕнӕнтӕ ӕмӕ кусӕнгӕрзтӕ сӕм уыди, сӕ нысаниуӕг, сӕ пайда, куыд ӕмӕ сӕ цы куыст кодтой. Фӕнды нӕ, нӕ фӕстӕ цы сывӕллӕттӕ ахуыр кӕной , уыдонӕн хъӕздыг ӕрмӕг ныууадзын .
Скъоладзаутӕй уӕлдай ма нӕ музейы уазджытӕ вӕййынц рӕвдауӕндонмӕ цы сабитӕ цӕуынц, уыдон. Уӕдӕ нӕ клубы кусджытӕ дӕр рох нӕ кӕнынц ӕмӕ нын баххуыс кӕнынц нӕ музейы экспонаттӕ фӕфылдӕр кӕнынмӕ.
Ӕрвылаз нӕ къорды уӕнгтӕ кӕнынц фылдӕр . Экскурси иннӕ скъоладзаутӕн кӕнӕм нӕхӕдӕг, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ, ӕмӕ хуыздӕр ӕмӕ арӕхстджындӕр чи разына, уымӕн афӕдзы кӕрон лӕвӕрд цӕудзён Кады гӕххӕтт. Уӕдӕ ма нын дзы ис сывӕллӕтты проекттӕ дӕр , кӕцытӕ скодтой сӕхи къухӕй.


Цӕмӕй рабӕрӕг кӕнӕм нӕ куысты пайдайаг, уый тыххӕй нӕ скъолайы ахуырдзаутӕн уӕрст ӕрцӕуынц анкетӕтӕ ахӕм фарстатимӕ:
Скъолайы музей хъӕуы ? Цӕмӕн? Цы пайда хӕссы?
2. Куыд арӕх дзы вӕййыс?
3. Кӕцы экспонаттӕ цӕуынц дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр?
Экскурсоводтӕй тынгдӕр кӕй амынд цӕуы дӕ зӕрдӕмӕ?
Цавӕр ӕрмӕгӕй баххуыс кодтай нӕ музейӕн?
Цёмёй ма у дё бон феххуыс кёнын нё иумёйаг хъуыддагён?
Иууылдӕр разы сты нӕ къорды куыстӕй, уый махӕн у тынг ӕхсызгон. Тынгдӕр цы экспонаттӕ цӕуынц сӕ зӕрдӕмӕ, уыдон сты: гогон( 14), уӕхсджи ( 11), саргъ (9), пирӕн(11), ӕлхуи (11), тӕскъ(12), сыкъатӕ(8)……..
Нӕ ахуырдзауты зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыдтӕн ӕз, ӕмӕ уый фӕдыл ӕрвыст ӕрцыдтӕн ацы конкурсмӕ.
Афтӕмӕй мӕн фӕнды сымах базонгӕ кӕнын нӕ музейы цы дзаумӕттӕ ис , уыдонӕй цалдӕримӕ. Цы нывтӕ фенат , уыдон иууылдӕр ис сты нӕ музейы. Алы ранымад дзаумайыл бӕстон ӕрлӕууын нӕ къухы нӕ бафтдзӕн, фӕлӕ сӕ кӕцыдӕртыл ӕрдзурдзыстӕм лӕмбынӕг.
« Хохаг ирон хӕдзары дзаумӕттӕ дзӕвгарӕй арӕзт уыдысты фыдӕлтӕн сӕхи армӕй, стӕй бынӕттон ӕрмӕгӕй. Хӕдзары дзаумӕттӕ аразынӕн пайда кодтой дур ӕмӕ хъӕдӕй, сыджыт ӕмӕ згъӕрӕй, стӕг ӕмӕ цармӕй, хъуын ӕмӕ хъисӕй, чъыр ӕмӕ ӕлыгӕй , уис ӕмӕ цъарӕй.
Ӕрбадӕн ӕрхуыссӕн,ӕрулӕфӕн дзаумӕттӕн арӕзтой тъахтинтӕ ӕмӕ тӕрхджытӕ, къӕлӕтджынтӕ ӕмӕ хъулджынтӕ зырнӕйзылдӕй.
2.1.Хӕринаг фыцӕн ӕмӕ хӕринаг хӕрӕн , ӕвӕрӕн дзаумӕттӕ: зырнӕйзылд тымбыл ӕртыкъахыг фынгтӕ, къустӕ ӕмӕ уидгуытӕ, тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕнтӕ…»
Ӕртыкъахыг фынг
Ӕрӕджы дӕр ма ирон адӕм сӕ кувинӕгтӕ , сӕ нуазинӕгтӕ ӕвӕрдтой ирон тымбыл фынгыл. «Хуыцау ӕртӕмӕ кувы»,- дзырдтой нӕ фыдӕлтӕ. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у, уымӕ гӕсгӕ уыцы фынджы уыд фарн ӕмӕ бӕркад. Хъыгагӕн , абон тымбыл фынг арӕх нал уынӕм, ӕмӕ цыма йӕ бӕркад дӕр йемӕ сӕфы ,афтӕ мӕм кӕсы. Йӕ бынат бацахста цыппӕркъахыг стъол.

2.2. Хъӕдын нуазӕнтӕ, тӕбӕгътӕ,
къустӕ, уидгуытӕ, кӕхцытӕ, арынгтӕ, сивыртӕ, мигӕнӕнтӕ, дзаума ауындзӕнтӕ, арахъуадзӕны сӕртӕ.
Нуазӕнтӕ арӕзт уыдысты фидар, ӕнӕсахъат хъӕдӕрмӕгӕй. Иутӕ уыдысты стырдӕртӕ иннӕтӕ къаннӕгдӕртӕ, иутӕ къуырфдӕр аннӕтӕ уӕлӕнгайдӕр. Тӕбӕгътӕн ӕвзӕрстой тӕгӕр, сывылдз, тулдз.
Куыдфӕстӕмӕ ирон адӕммӕ фӕзынд алы згъӕрӕй конд хӕдзары дзаумӕттӕ.
Арынгтӕ.
Арынгтӕ уыдысты алы хъӕдӕрмӕгтӕй конд. Ӕрӕзтой сӕ тӕгӕр, ӕнгуз, кӕрдо, тӕрс бӕлӕстӕй.Арынг цӕмӕй фидардӕр уыдаид, уый тыххӕй йӕ кодтой фӕззӕджы, цӕмӕй йын фадынӕй тӕссаг ма уа. Хъуыди ма йын фидардӕр хъӕдӕрмӕгӕй бацӕттӕ кӕнын хӕцӕнтӕ. Стырдӕр арынгтӕй архайдтой зианы кӕнӕ цины рӕстӕджы, къаннӕгдӕр арынгты кодтой хыссӕ, кодтой дзы ӕндӕр хойраг. 
Сивыр
Сивыртӕ дӕр уыдысты алыхуызон: дӕргъӕлвӕст ӕмӕ тымбыл. Сӕ астӕу уыди иугай кӕнӕ ӕртыгай хуынчъытӕ. Сивыры ӕвӕрдтой фых дзидза кӕнӕ ногахст цыхс ӕртӕдзынмӕ. Сӕ фӕйнӕфарс уыди хӕцӕнтӕ. «Сивыры хайгай ӕвӕрдӕй уӕрстой фыдызгъӕл бадты адӕмыл» фарс 34

2.3. Къуымбилы куысты дзаумӕттӕ:ӕлхуый, уӕдӕртт, пирӕн, фӕтдзӕгъдӕн, тынуафӕн дзаумӕттӕ,цъӕгъӕдз, тынуафӕн сӕрвасӕн…
Ӕлхуый
Арӕзт цыдысты алыхуызон : цыбыр кӕнӕ даргъ, нарӕг кӕнӕ фӕтӕн. Ӕнӕ ацы дзаума къуымбилӕй ницы сбийӕн уыд.

Пирӕн
«Пирӕнтӕ арӕзтой дыууӕ хуызы:иу хуызы пирӕнтӕ уыдысты конд иугуыр фидар хъӕдӕрмӕгӕй ӕмӕ сӕ арӕзтой ӕрмадзы дӕснытӕ зырны цыргъӕгты фӕрцы, иннӕ хуызы пирӕнтӕ конд уыдысты хицӕн хӕйттӕй кӕнӕ кӕрӕдзийы мидӕг ӕлхынцъӕвӕрдӕй». Пирӕны уӕллаг хайыл фидаргонд цыдысты судзинтӕ иу рӕгъыл.

Уисӕйбыд дзаумӕттӕ: кӕфой, фосылзилӕн тӕсчъытӕ, нартхортонӕн тӕсчъытӕ, куыф, чыргъӕд, быру…
Кӕфой
Кӕфойы быд у тынг цымыдисаг. Быд цыди тасаг уисӕй ,ома донхӕрисӕй, бӕрз кӕнӕ цъуйы лыстӕг талатӕй. Йӕ ном йӕ уӕлӕ ис: у кӕфы дзыхы-комы хуызӕн . « Кӕфойы дӕр , хорыфснайӕн уисӕйбыд къутутау, сӕрстой ӕлыг, зыгуым ӕмӕ фаджысы змӕстӕй ӕртӕ фӕлтӕрӕн. Хорз куы бахус уыдаид, уӕд лӕгъз хафтӕй-сӕрстӕй цӕттӕ уыди кусынӕн. Сӕйраг куыст хортӕ ӕвзарын-ӕхсӕдын ӕмӕ дымгӕмӕ дарын найгӕнӕнты».

Чыргъӕд.
Уыдысты алыхуызон: тымбылтӕ, дӕргъӕццӕттӕ, цыппӕрдигъӕттӕ, чырынты ӕнгӕстӕ. Быд цыдысты лыстӕг уистӕй. Кӕй фӕндыд, уыдон сын быдтой сӕртӕ дӕр. Сӕ мидӕг дзы ӕфсинтӕ ӕвӕрдтой дыргътӕ, халсарт ӕ. Уӕдӕ исты хӕссынмӕ дӕр уыдысты пайда.

Быру
Бырутӕ дӕр конд уыдысты лыстӕг тасаг уистӕй. Цалдӕр фидардӕр уисы- иу ӕрсагътой, иннӕ лыстӕг уистӕ та се хсӕн уылӕнтӕ кӕнгӕйӕ ластой. Афтӕмӕй быру уӕлдӕрӕй –уӕлдӕр кодта. Йӕ кӕрон ын хъуыд ныффидар кӕнын. Кӕй куыд хъуыд , афтӕ йӕ бӕрзонддӕр иста. Хохаг ирон хӕдзӕрттӕ иннӕтӕй хицӕнгонд уыдысты быруйӕ, кӕнӕ ма йӕ хуыдтой сис дӕр.

2.4. Сыкъайӕ, стӕгӕй арӕзт дзаумӕттӕ.
Кусарт акӕныны фӕстӕ –иу фыдтӕ дзӕвгар фӕфыхтой сӕ басы ахорӕны дон чи уагъта, ахӕм кӕрдӕджытимӕ.Фосы сыкъатӕ-ицӕу дзӕвгар куы фӕфыхтысты,уӕд- иу сфӕлмӕн сты, ӕнцон тасӕн уыдысты. Арӕзтой дзы кардыхъӕдтӕ, нуазӕнтӕ, хуыйӕн судзинтӕ, туастӕ, фӕрдгуытӕ, цонгылдарӕнтӕ.

2.5.Ӕфсӕйнагӕй, ӕндонӕй ӕмӕ ӕндӕр згъӕртӕй арӕзт дзаумӕттӕ.
Нӕ фыдӕлтӕ тынг дӕсны уыдысты цыргъаг ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ аразынмӕ. Арӕзтой сӕ фидардӕр, хъӕбӕрдӕр згъӕрӕй-ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕндонӕй. «Уыдоны нывӕфтыдтӕ ӕмӕ хӕдзары аив дзаумӕттӕ конд уыдысты фӕлмӕндӕр згъӕрӕй. Нымадӕй номӕй-номмӕ уыдысты: хъаматӕ ӕмӕ кӕрдтӕ, фӕрӕттӕ ӕмӕ хырхытӕ, дзӕбугтӕ ӕмӕ аркъаутӕ, цӕвджытӕ ӕмӕ зӕгӕлтӕ, ӕртысгӕнтӕ ӕмӕ рӕхыстӕ, суанцъытӕ ӕмӕ фаттӕ, уарттӕ ӕмӕ цирхъытӕ» ӕмӕ бирӕ ӕндӕр дзаумӕттӕ
Ӕрмгуырой
Ацы дзаума алкӕй хӕдзары нӕ уыд. Хъуыди нартхоры нӕмгуытӕ хъузгӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Ис ыл хӕцӕн, кӕцы хъӕуы зилын нартхорыл бынмӕ хӕцгӕйӕ. Кӕмӕ нӕ хауд, уый къухӕй архайдта нӕмгуытӕ хицӕн кӕнынмӕ.

Зӕгӕлтӕ.
Зӕгӕлтӕй фидар кодтой хӕдзары бирӕ дзаумӕттӕ, цӕмӕй х-уыздӕр фӕлӕууой, уый тыххӕй .Ӕрмӕст абоны зӕгӕлты хуызӕн нӕ уыдысты , фӕлӕ сӕ конд уыд цыппӕрдигъон бынмӕ нарӕгдӕр кӕнгӕйӕ. Асӕй дӕр уыдысты алыхуызон: цыбырдӕр ӕмӕ даргъдӕр, нарӕгдӕр ӕмӕ фӕтӕндӕр.

Рӕхыс. Сафайы рӕхыс.
Ацы дзаума ирон адӕммӕ уаз дзаумайыл нымад. Бинонтӕй уӕлдай йӕм никӕй бон уыд бавналын, уый кӕм уыд уым ӕнӕуаг ныхӕстӕ кӕнын не мбӕлд. Хуыдтой йӕ Сафайы рӕхыс. Ууыл ауыгъд уыд цуайнаг, кӕцыйы фыхт бинонтӕн хӕринаг. Чызг –иу чындзы куы цыд, уӕд –иу ӕй йӕ къухылхӕцӕг ӕмӕ ӕмдзуарджын ӕртӕ хаты йӕ алыварс ӕрзилын кодтой ,ӕмӕ-иу ӕй бафӕдзӕхстой. Рӕхысыл ма ауыгъд уыд тъӕпӕн ӕфсӕйнаг уӕлибӕхтӕ фыцынмӕ. Уӕдӕ ма ирон адӕммӕ уыд ахӕм ӕгъдау: бинонтӕй –иу исчи куы фӕхъуыд, дӕд –иу сылгоймӕгты хистӕр йӕ хъуырыл ӕрцауыгъта рӕхыс. Уый ууыл дзурӕг уыди ӕмӕ сӕ бындур ныззылд, ома бӕсӕ ахсджиагдӕр амард. Къостайы хо Олгъа дӕр йӕ иунӕг ӕфсымӕры зианы уӕлхъус ӕрлӕууыд йӕ хъуырыл рӕхыс ӕрцауындзгӕйӕ. Мӕнӕ цы зӕрдӕбын ныхӕстӕ зӕгъы Хъайтыхъты Азӕмӕт Сафайы рӕхысы тыххӕй. «Цымӕ ӕнусты дӕргъы куыд быхсыдтӕ ирон къонайы сӕрмӕ ауыгъдӕй! Цымӕ дыл цал арты ӕвзаджы суади, цӕйбӕрц сӕг ӕмӕ фӕздӕг аныхъуырдтай, уыдон чи банымайдзӕн? Дӕ уӕлхъус ӕнӕуаг ныхас чи срӕдыдаид, уымӕн-иу йӕ былтӕ куы рыфастой! Ӕнӕхъуаджы дӕм чи фӕныхылдтаид, уымӕн-иу йӕ къухтӕ хӕлмаг куы кодтой….
О Сафайы сау рӕхыс… Уӕ зӕдтӕ мӕ дауджыты дзӕгъ-дзӕгъгӕнаг асин , не нӕбоны хъал нын ныббар ӕмӕ раст адӕмы дӕ судзгӕ цӕхӕртӕй бахиз!
Уӕ, ирон хӕдзары кӕрӕдзиуыл ӕнгом бӕттӕг, уӕларвӕй ӕруадзгӕ рӕхыс, тӕхуды , ӕмӕ ма дӕ сӕгдзыд цӕгтӕй иуыл фӕхӕст у, уӕд дӕ зӕлдаджы тыхтӕй мӕ роны бӕргӕ фӕдарин»[ 2. 213]- ахӕм фӕлмӕн ныхӕстӕй, куывдӕй мысы Азӕмӕт Сафайы рӕхысы ном.
Суанцъы.
Суанцъы дӕр арӕзт уыд ӕфсӕйнагӕй .Хъуыд фыцӕн аг ӕвӕрынмӕ. Лӕууыдис ӕртӕ фидар къахыл. Уыдон дӕр уыдысты алыхуызӕттӕ. Аг цас дынджырдӕр ӕмӕ уӕззаудӕр уыд, афтӕ суанцъы дӕр йӕ бынмӕ ӕвӕрдтой стырдӕр ӕмӕ фидардӕр.

Кард.
Рагон дзаума у кард. Рӕстӕг куыд цыди ,афтӕ кӕрдтӕ дӕр сӕ хуыз ивтой. Нӕ фыдӕлтӕм ахӕм лӕг сӕпмагондӕй йӕхицӕн иттӕг хорз кард кӕмӕн нӕ уыди. Алчидӕр архайдта, цӕмӕй йӕ кард уа фидардӕр,тасагдӕр ӕмӕ цыргъдӕр.
Кӕрдтӕ сты алыхуызӕттӕ- чысылтӕ ӕмӕ егъаутӕ, тӕнджытӕ ӕмӕ бӕзджынтӕ, нарджытӕ ӕмӕ фӕтӕнтӕ. Дардтой сӕ фарсылхӕсгӕ фистонджын кӕрдтӕ.Фистӕттӕ арӕзтой фыры кӕнӕ цӕуы сыкъатӕй. Ахӕм « кардӕн уыди хъӕд ӕмӕ цармӕй, сӕракӕй конд кӕрддзӕрмтӕ ӕлвасӕны цӕгтӕ ӕмӕ бастимӕ». Нӕлгоймӕгтӕ сӕ дардтой астӕуӕй сӕ галиу фарсыл. Иннӕ кӕрдтӕ уыдысты хӕдзары куыстытӕ кӕнӕн : кодтой дзы кусарт, стыгътой дзы царм, уӕдӕ хӕринаг кӕнынмӕ дӕр уыд тынг ӕххуыс.

Ӕхсырфытӕ.
Ӕхсырф у тынг рагон кусӕнгарз. Йӕ сӕйрагдӕр нысан у хоры цӕттӕ ӕвзартӕ кӕрдын . Цыргъ ӕй кодтой иуӕрдыгӕй – мидӕгӕрдыгӕй , кодтой ма йыл дӕндӕгтӕ дӕр . Йӕ хӕцӕн у хъӕдӕй.

Хырхытӕ.
Хырхытӕ арӕзтой цалдӕр хуызы : иукъухы ӕмӕ дыууӕкъухы хырхытӕ. Уыдон ӕнцонтӕй бырыдысты хъӕдӕрмӕджы. Хъӕдфадӕн хырхы дӕндӕгтӕ арӕзтой ӕндӕрхуызон. Уыди йын дыууӕ хӕцӕны-сӕрккаг ӕмӕ бинаг. Сӕрккагӕн уыди цыбыр хъӕд, бинагӕн та – гуыдыргомы фӕйнӕг дыууӕ хӕцӕнимӕ.Фадӕн хырхы дӕндӕгтӕ уыдысты куыд бынмӕ цыбырдӕр ӕмӕ иуӕрдӕм таст, уымӕн ӕмӕ фастой сӕрӕй бынмӕ.

Арынгхафӕнтӕ.
Арынгхафӕнтӕ уыдысты тъӕпӕн чысыл фыййӕгтӕ хъӕдимӕ кӕнӕ ӕнӕ хъӕдӕй. Йӕ фыййаг куыд бынмӕ цыргъ хаста . Арынджы цы хойраг конд ӕрцыди, уӕдмӕй цы хыссӕйы муртӕ аззад, уыдон-иу дзы ӕрхафтой.

2.6. Куырдадзы дзаумӕттӕ.
Куырдадзы дзаумӕттӕм хауынц: дзӕбуг ,аркъау,цӕхӕрхафӕн, ӕртысгӕн, хӕсгард…
Ӕртысгӕн.
Аджы бын фӕс ӕндзӕрст цы ӕвзалыйы муртӕ баззад, уыдон рахафынмӕ хъуыд ӕртысгӕн. Уымӕй архайгӕйӕ адӕймаджы къухтӕ ӕнӕ хъыгдӕрд уыдысты.

2.7.Хуымгӕнӕн дзаумӕттӕ
Хуымгӕнӕн дзаумӕттӕм хауынц: дзывыр, гутон,ӕфсондз, похци, бел, къахӕн, къӕпи.
2.8.Хосы куысты дзаумӕттӕ
Хосы куысты дзаумӕттӕм хауынц: цӕвджытӕ, халамӕрзӕнтӕ, сагӕйттӕ, фӕрӕттӕ,мӕхъитӕ, хосамайӕн хъилтӕ, бӕндӕнтӕ…
Цӕвӕг.
Цӕвӕгӕн ис ком ӕмӕ цӕгат. Йӕ хъӕдын хай хуыйны цӕвӕгхъӕд.Цӕвӕгхъӕдӕн йӕ астӕу ис сӕрмагонд бынат хӕцӕнӕн.Хӕцӕнӕй бындӕр цӕвӕджыхъӕд у ставддӕр, уӕлдӕр та лыстӕгдӕр. Бынӕй сагътой цӕвӕджы ӕфсӕйнаг хай. Алы хосгӕрдӕгӕн дӕр йӕ цӕвӕджыхъӕд хӕцынӕй бынмӕ вӕййы йӕхи асмӕ гӕсгӕ. Цӕвӕгӕн дауынмӕ дардтой сигӕцы дур ӕмӕ дуры кӕрддзӕм.
Цӕвӕджы тыххӕй Хъайттаты Азӕмӕтмӕ ис ахӕм рӕнхъытӕ
«Нырма уал уӕрагмӕ кӕрдӕджы
Рӕубазыр мӕ цӕвӕджы-хаст.
Ӕрсурын мӕ зиуы цӕрдӕджы,-
Мӕ уис вӕййы зиуы хӕрздаст.» 2. 110

2.9. Къуымбилӕй уӕфт, конд ӕмӕ уӕрст дзаумӕттӕ.
Къуымбилӕй уӕфт, конд ӕмӕ уӕрст дзаумӕттӕсты: бинаг ӕмӕ уӕллаг нымӕттӕ, гобӕттӕ ӕмӕ хъӕццултӕ, гауызтӕ ӕмӕ кӕлмӕрзӕнтӕ, цухъхъатӕ ӕмӕ басылыхъхътӕ, нымӕтын худтӕ ӕмӕ гарузтӕ…
Абон ног технологитӕ фӕзынд, гобӕттӕ, хъӕццултӕ кӕнынмӕ, уӕддӕр дзы адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн къуымбилӕй хуыздӕр ӕмӕ хъармдӕр нӕй. Ӕхсызгон у уый ӕмӕ ранӕй-рӕтты вӕййы фенӕн куыд зӕрдиагӕй ӕлхӕнынц адӕм куырӕттӕ, нымӕт худтӕ, къуымбилӕй быд гауызтӕ, цъындатӕ, цыбырдыс …
нӕ фӕсивӕд раздӕхтысты
Уӕйлаг нымӕт
Ацы дзаума дардтой нӕлгоймӕгтӕ. .дардтой йӕ цухъхъайы ӕддӕ. Дыстӕ йыл нӕй , дӕргъмӕ суанг фатхъулы онг, уӕрхмӕ та цӕнгты ивазны бӕрц.Уымӕ гӕсгӕ уазал бон бӕхджыны ӕмӕ фистӕджы дӕр ӕмхуызон хъарм кодта, хурты та йын аууоны хос уыди. Ӕнцон уыди йӕ феппарын дӕр.Ӕрытыдтой –иу ӕй сӕ быны ӕрхуыссынмӕ дӕр. Хуыдтой сӕ къуымбилӕй Фылдӕр уыдысты сау кӕнӕ урс. Кафты мидӕг дӕр дзы арӕх пайда кӕнынц.

Нӕлгоймаджы худ
Ирон нӕлгоймаджы худ куыд ирон фарн дзурӕг уыди сӕрыстыры уӕлмонц хъуыддӕгтыл. Сӕрбӕрзондӕй йӕ хастой нӕ фыдӕлтӕ ӕртӕ-цыппар азӕй фӕстӕмӕ. Худӕй хъазӕн , хынджылӕг кӕнӕн нӕ уыд, уамӕн ӕмӕ уый уыд тынг ӕгад. Зианджын адӕймаг та йын кодта уӕлдай кад.
Хуызӕй нымӕтхудтӕ арӕхдӕр уыдысты саутӕ, морӕтӕ кӕнӕ урсытӕ. Уӕрстой сӕ къуымбилӕй, тинтычъийӕ. Уӕлдзарм худтӕй кадджындӕрыл нымадтой къӕбӕлдзыг уӕрыччы цармӕй конд. Уӕрстой сӕ къахӕй , къухӕй уӕрдӕн ӕмӕ хафӕн дзаумӕтты фӕрцы. Мидӕгӕй хуыд уыдысты хъуымацӕй.
Худтӕ уыдысты алыхуызон: нымӕтхудтӕ ,уӕлдзарм худтӕ, тенкаджынтӕ, къопхудтӕ.


Кӕлмӕрзӕн. Сӕрбӕттӕн.
«Сылгоймаджы кӕлмӕрзӕн… Нӕлгоймаджы бӕрзонд худӕй Иры уӕздан сылгоймӕгтӕ сӕртыл ныллӕгдӕр , ӕнгомдӕр кӕй бастой, афтӕмӕй ӕууӕнчы, ӕфсармы уӕлмонцдӕр хъомысӕй лӕгдзинады хуыздӕр барӕн цы кӕлмӕрзӕн уыди, уый» 1 ф. 186. Кӕлмӕрзӕнӕн дӕр ӕмӕ сӕрбӕттӕнӕн дӕр кодтой стыр кад.Сӕрбӕттӕн уыд къаддӕр ӕрмӕст сӕр ӕрбӕттынмӕ, кӕлмӕрзӕнӕй та уыд уӕхсджытӕ ӕрӕмбӕрзӕн дӕр . Сӕ хуызтӕ уыдысты алыхуызон. Дардтой-иу сӕ ӕддӕг-мидӕг дӕр Кодтой сӕ куыд къуымбилӕй, афтӕ алы хи конд хъуымацӕй дӕр. Ацы дзаума уыд бирӕ ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау. Иунӕг сылгоймаг дӕр чындзы ацыды фӕстӕ гом сӕрӕй, гом бӕрзӕйӕ нӕ цыд нӕдӕр хӕдзары мидӕг , нӕдӕр уынгмӕ. Уый уыди стыр худинаджы гакк. Йе фсарм уыд ӕгӕрон . Тынг рӕсугъд ныхӕстӕ ис Хъайттаты Азӕмӕтмӕ кӕлмӕрзӕны тыххӕй. « Хӕххон сылгоймаджы кӕлмӕрзӕн! Цымӕ дӕ цавӕр хины ӕмӕ кӕлӕнтӕгонд ӕндӕхтӕй сбыдтой?! Сынты базырау рог , ӕмӕ дӕ, тӕндзӕгом уӕвгӕйӕ, куынӕ кард карста, кунӕ дӕ фат хызти, куынӕ арты сыгътӕ, куынӕ доны ныгъуылдтӕ. Ӕвӕццӕгӕн , нӕ фыдӕлты ӕнусон фӕдисон дӕр хуымӕтӕджы нӕ уыдтӕ.
Туджджынты фидауынгӕнӕг,хӕххон сылгоймаджы кӕлмӕрзӕн, хылгӕнджыты астӕу-иу ӕнӕцудгӕ мӕсыгау куы февзӕрдтӕ, уӕд-иу сӕ тугмондаг хотыхтӕ куы бандзыг сты. Цымӕ дыл цал карды комы бацъула , цал топы нӕмыджы дӕ фесхъиудта, уӕддӕр уӕуу, зӕгъгӕ, куы никуы загътай. Афтӕмӕй Ирыстонӕн лӕггадгӕнгӕ куы баруадтӕ!
Уӕ , кӕм дӕ, кӕм, уӕдӕ хӕххон чызджыты сӕрӕндӕр! Кӕд ма дӕ буары ирон туджы ӕртах и, уӕд дӕ мады кӕлмӕрзӕн сафын ма бауадз, науӕд дӕ амонды ӕрвдидинӕг бахуыскъ уыдзӕни.{ 2. ф 213}

Кёронбёттён: Афтӕмӕй скъоладзауты хъуыды у иу: нӕ музей хӕссы стыр пайда , уый руаджы хуыздӕр зонӕм нӕ фыдӕлты кусӕн дзаумӕттӕ, мигӕнӕнтӕ,уӕлӕдарӕс. Нё кусён къорды размё цы хёстё ис, уыдон кёронмё ёххёст кёндзыстём.Цы ёрмёг ёрёмбырд кодтам, уый фёхъёздыгдёр кёныныл дарддёр архайдзыстём. Кёронбёттёнён ма мё фёнды зёгъын уый ,ёмё цы дзаумётты кой ракодтон,уыдоны ис стыр фарн ёмё дзы мах,ирон адём,уём хайджын. Ма рох кёнём кёй туг кёлы нё дадзинты, сёрыстыр уём ёппёт дуне тёхуды кёмё кёны , уыцы фыдёлтёй.Архайём ууыл, цёмёй нё фыдёлтау мах дёр хъёздыг бынтё ныууадзём ног фёлтёрён. Фёрнёйдзаг ут! Стыр бузныг!
Спайдагонд литературё.
- Айларты И.Х. Ирон фарн. Ирон адёмы цардыуаг ёмё ёгъдёуттё.-Дзёуджыхъёу. Ир, 1996 – 522 ф.
- Хъайтыхъты А. Сафайы рахыс: Таурёгътё, ёмдзёвгётё, царды хабёрттё-Дзёуджыхъау: Ир, 2008-271 ф.
9