СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок - повторение "Имя существительное"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок - повторение и обобщение по Имени существительному. Урок проведен с учетом ФГОС.

Просмотр содержимого документа
«Урок - повторение "Имя существительное"»

2.

Темæ «Номдар»

(рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок)


Урочы нысан: номдарæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.

ныхасы рæзтыл бакусын.

Хъомыладон хæс: Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.


Урочы цыд:


I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Сывæллæтæ, уæ бон хорз. Нæ урочы райдайæны кæрæдзимæ бахудæм, æмæ афтæмæй зæрдæрухсæй нæ куыст райдайæм. Фæлæ уал фæйнæгмæ æрбакæсут. Уе ´ппæт дæр æй уынут, нæ мæсыг дуртæ хъуаг кæй у. Махæй кæронмæ хъуамæ саразæм нæ дзуæппытæ æмæ бæрæггæнæнтæй æххæст кæнгæйæ. (алы раст дзуапп дæр æмæ урочы кæрон сывæллæттæ сæхицæн цы бæрæггæнæнтæ сæвæрой, уыдонæй баххæст кæнын æрдæгконд мæсыг).



II. Урочы темæйыл куыст.

1). Дзырдуатон куыст


Ахуыргæнæг: Нæ урок райдайæм дзырдуатон куыстæй. Баххæст кæнæм уал хъуыдыйæдтæ. Къæлæтты фыст дзырдтæ хъæугæ хауæнты æвæрут.


1-аг слайд.

Райдайæм:

1. Мах алы райсом дæр цæуæм ... (Скъола)

2. Ракетæ фæтæхы ... (Космос)

3. (Чиныг)... цæрын хъæуы лымæнæй.

4. Адæймагæн райгуырцæй раттынц цавæрдæр …(Ном).

5. Ирæтты райгуырæн бæстæ хуыйны... (Ирыстон)

6. Хетæгкаты Къостайы конд нывтæ мах зонæм... ("Дурсæтджытæ", "Дон хæссынмæ")

7. Мах иууылдæр рафыстам журнал... ("Мах Дуг")


Ахуыргæнæг: Цавæр ныхасы хай сты, хъуыдыйæдтæ кæмæй баххæст кодтам, уыцы дзырдтæ.

Дзуапп: НОМДАР.

Ахуыргæнæг: Уæдæ нæ хъуыдыйæдтимæ кусгæйæ сбæрæг кодтам нæ урочы темæ дæр - Номдар. 2-аг слайд.

III. Урочы темæйыл куыст.


1. Нæ урочы хъуамæ æрдзурæм, номдарæй цы базыдтам, ууыл.

Номдары тыххæй мах хъæуы зонын:


3-аг слайд

Зонын:

- цы у номдар

- номдары грамматикон категоритæ

- номдары синтаксисон функцитæ

- номдарты нысаниуæг нæ ныхасы

- номдары морфологион æвзæрст


Арæхсын

- тексты номдартæ ссарын

- номдары грамматикон категори базонын

- номдары морфологион æвзæрст

- номдартæ раст фыссын, ныхасы сæ раст пайда кæнын

Арæхсын

2. Бесæдæ.

- Цы у номдар? Цы нысан кæны?

- Раздæхæм нæ хъуыдыйæдтæм. Цавæр къордтыл адихгæнæн ис номдартæ? Радих сæ кæнæм.

Дзуапп:(Сæрмагонд æмæ иумæйаг). Фыссынц сæ дыууæ цæджындзæй.

- Номдартæ ма вæййынц...

- Æнæуд æмæ удджын.

-Рафыссæм файнæ фондз алкæмæй дæр.

3. Къордты куыст.

- Дарддæр кусæм къордгай. Алы рæнхъ дæр у хицæн къорд (æртæ къорды)

Алы рæнхъæн дæр – хицæн хæс. (Хæслæвæрдтæ райуарын)


1-аг рæнхъы хæс: бакусын текстимæ. Текстмæ æркæсут, æмæ мын æй зæгъут, цавæр хæслæвæрдтæ баххæст кæнын æмбæлы ам. (4-æм слайд)


Бабыз æмæ Мæй.

Бабыз агуырдта кæсæгтæ доны æнæхъæн бон ницы ссардта изæры доны ауыдта мæй уый йæ кæсаг фенхъæлдта æмæ йæ фæстæ доны аныгъуылд иннæ бабызтæ йæ федтой æмæ йыл худтысты бабыз уæдæй фæстæмæ нал уæндыд æцæг кæсæгтæм дæр æмæ сыдæй ныммард.


2-аг рæнхъы хæс: куыд уæм кæсы, ацы хæслæвæрды цы бакæнын хъæуы?(5-æм слайд)


Номон Кæйау? Цæйау? Куыд?

Гуырынон Кæмæн? Цæмæн?

Дæттынон Чи? Цы?

Иртæстон Кæй? Цæй? Кæм? Цæм?

Арæзтон Кæмæ? Цæмæ? Кæдæм?

Æддагбынатон Кæимæ? Цæимæ?

Цæдисон Кæуыл? Цæуыл?

Хуызæнон Кæмæй? Цæмæй? Кæцæй?


3-аг рæнхъы хæс: уæлдай рæнхъ ссарын (6-æм слайд)


Ахуыргæнæг: Ныр та иу гыццыл аулæфæм. Физкультминуткæ. Аз уын цы дзурон, уый раст куы уа, уæд сымах кæнут иу æрмдзæф, куы нæ уа раст, уæд та - дыууæ.

- Номдар бæрæг кæны предметы хуыз, форм, хъæд.

- Номдарæн ис дыууæ нымæцы.

- Номдар ифтындзæг кæны цæсгæмттæм гæсгæ.

- Номдартæ вæййынц сæрмагонд æмæ иумæйаг.

- Номдар ивы хауæнты кæрæттæм гæсгæ.

- Скъоладзау у æнæуд предмет.

- Арфæйаг у номдар.

Ахуыргæнæг: Дзырдтæ фæпырх сты баххæст-ма кæнæм хæслæвæрд.

Хæс. Дзырдтæ дыууæ цæджындзыл адих кæнут. Фыццаг цæджындз – æнæуд предметты нæмттæ, дыккаг – удджын предметты нæмттæ.


Нана Скъола

Кæрт Æфсымæр

Уæрыкк Бæрæггæнæн

Уылæн Тала

Бирæгъ Лæппу

Тæхæг Ахуыргæнæг

Космос Æвзаг


Ахуыргæнæг: Сбæрæг кæнæм уæ дзуæппытæ.

(къордты дзуæппытæм байхъусын. нæ рох кæнæм нæ мæсыг аразын нæ кæй хъæуы, уый дæр)


4. 7-æм слайды хæслæвæрд иууылдæр иумæ æххæст кæнынц.


Хæс: цавæр хауæнты æвæрд ис тексты дзырд «мæсыг»? Хауæнтæй кæцы ферох кодтам? (Цыбыр презентаци мæсыджы тыххæй).


Нæ фыдæлты царды мæсыгæн уыд стыр ахадындзинад.

Мæсыг амадтой бæрзонд бынаты, цæмæй иу мæсыгæй иннæ мæсыг зындаид.

Знаг-иу куы ’рбацæйцыд, уæд-иу мæсыгмæ схызтысты æмæ-иу йæ сæрыл арт скодтой. Кæд-иу искæйы мæсыгыл арт фæзынд, уæд-иу базыдтой – тыхгæнæг æрбацæуы. Æмæ-иу уæд уыцы мæсыгау иннæ мæсгуыты сæр дæр æртытæ скодтой.

Афтæ, мæсыджы фæрцы кæрæдзийæн хабар хъусын кодтой.



5. Ахуыргæнæн чиныгимæ акусæм ныр та. Баххæст кæнæм фæлтæрæн. Ссарын тексты æмбырдон номдартæ æмæ сбæрæг кæнын, цы нысан кæнынц, уый.

- 3 номдары равзарын морфологон æгъдауæй.

- иу хъуыдыйад синтаксисон æвзæрст ракæнын.

- иу номдар ратасындзæг кæнын.


6. 8-æм слайды хæс.

Ахуыргæнæг: Номдар канд дзырды ном зæгъынæн нæ хъæуы, фæлæ ма æххæст кæны æндæр хæстæ дæр. Цавæр у фæ хæс тексты мидæг, уый базондзыстæм, текст бакæсгæйæ.


Хæс: Текст бакæсут. Цавæр у бæрæггонд номдарты нысаниуæг?


Хъæды арæх фæхъуысы хъæдхойы къупп-къупп. Цъиу хуымæтæджы нæ фæхойы бæласы зæнг. Хъæды дохтыр фæуидзы бæласы зулчъытæ.


- Дзырд «хъæдхой» æндæр дзырдтæй ивд цæмæн æрцыд?


(Номдар у тексты хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл бæттæг фæрæз)

Кæронбæттæн.

Урокæй хатдзæгтæ скæнын.

Ахуыргæнæг: Иу хатт ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, абон нæ урочы номдары тыххæй цы ныффидар кодтам, уыдон. (Цыбырæй алчидæр дзуры номдары тыххæй)


Ныр та уæ алчидæр урочы мидæг куыд бакуыста, уымæн аргъ скæнæд. Сæвæрут уæхицæн бæрæггæнæнтæ.

IV. Хæдзармæ куыст.

Саразын æмæ ныффыссын цыбыр радзырд "Номдары бынат нæ ныхасы"



5




Скачать

Рекомендуем курсы ПК и ППК для учителей

Вебинар для учителей

Свидетельство об участии БЕСПЛАТНО!