Урочы темӕ: Светофор.
Урочы нысантӕ: базонгӕ кӕнын сабиты светофоры куыстимӕ, йӕ ахадындзинадимӕ;
фӕндӕгтыл раст цӕуыны, хи раст дарыны ӕгъдӕуттӕ амонын;
ӕвзӕрын кӕнын фӕндӕгтыл раст цӕуыны фӕлтӕрддзинад, лӕмбынӕгдзинад.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: видеофрагменттӕ, таблицӕтӕ фӕндаджы арӕзты тыххӕй, фӕндаджы нысантӕ, светофоры ныв.
Урочы цыд.
1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
Урокмӕ сразӕнгард кӕнын.
Л: Ахуыр, ахуырмӕ тырнӕм!
Ч: Ахуыр, ахуырмӕ бӕллӕм!
А: Цӕй-ма иумӕ мах ӕрбадӕм,
ӕмӕ ног зонындзинӕдтӕ райсӕм!
2. Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
Фӕйнӕгыл хӕццӕ-мӕццӕйӕ ауыгъд фӕндаггон нысантӕ. Скъоладзаутӕ хъуамӕ раст адих кӕной 2 къордыл нысантӕ ӕмӕ зӕгъой куыд хуыйнынц къордты нӕмттӕ.
б
ардӕттӕг нысантӕ нысантӕ бар нӕ дӕттынц
Ӕрдзурын, цы амонынц нысантӕ, ууыл.
3. Хи барӕй куыст (фӕндаггон нысантӕм гӕсгӕ).
4. Ног ӕрмӕг.
Мультфильм «Малыш и Карлсон»-ӕй скъуыддзагмӕ бакӕсын.
А: -Цы аххуыс кодта лӕппуйӕн фӕндаджы сӕрты ӕнӕ фыдбылызӕй ахизынмӕ?
С:-Светофор.
А:-Уӕдӕ абон нӕ урочы цӕй тыххӕй дзурдзыстӕ?
С:- Нӕ абоны урочы дзурдыстӕм светофоры тыххӕй.
5. Светофоры макетмӕ гӕсгӕ ахуыргӕнӕг амоны ног ӕрмӕг.
Ӕрбакӕсут-ма нывмӕ лӕмбынӕг дӕр. Фӕндӕгтыл цӕмӕй ӕдасдӕрӕй цӕуӕм, уый тыххӕй ма нын стыр ӕххуыс у светофор дӕр. Бон-изӕрмӕ ӕнӕзивӕгӕй амоны шофыртӕн ӕмӕ фистӕгцӕуӕг адӕмӕн фӕндаг.
Ӕ
мдзӕвгӕ: «Светофор».
Ис ӕртӕ цӕсты мӕнӕн,
Калынц радыгай тӕмӕн.
Сырх ыссыгъди-уӕд ӕрлӕуу.
Гъе, ныр дын цӕугӕйӕ нӕу.
Цӕстытӕй куы ссудза бур,
Уӕд фӕгӕдзӕ кӕн, мӕ хур.
Ссыгъди цъӕх дӕтты дын бар,-
Размӕ ныр дӕ фӕндаг дар!
А: -Цал цӕсты ис светофорӕн?
-Цавӕр хуызтӕ сты йӕ цӕстытӕ?
6. Хъазт «Светофор».
Хӕслӕвӕрд: Ӕз радыгай ӕвдисдзынӕн светофоры хуызтӕ, сымах та ӕххӕст кӕнут архӕйдтытӕ, алкӕцы хуызӕн дӕр ис йӕхи архайд.
-ӕнцад лӕуут.
-къухтӕй ӕмдзӕгъд кӕнут.
-уӕ мидбынаты цӕут.
7.Чиныгимӕ куыст. (ф. 101)
Ӕркӕсут нывтӕм лӕмбынӕг ӕмӕ зӕгъут, кӕцы нывы ӕххӕст кӕнынц раст фистӕгцӕуӕг адӕм светофоры ӕгъдӕуттӕ?
Бӕстон дӕр ӕрдзурын фӕндаггон фыдбылызтӕ цӕй тыххӕй ӕрцӕуынц, цӕй аххосӕй.
8.Хъомыладон куыст.
Зӕгъут-ма, сабитӕ, сымах та куыд ӕххӕст кӕнут светофоры ӕгъдау. Алыхатт дӕр лӕмбынӕг вӕййут?
9. Межпредметная связь с уроком ИЗО.
А:- Сывӕллӕттӕ, алкӕй раз дӕр уӕ ис хуызджын кърандӕстӕ. Хъуамӕ сымах раст сахорат светофоры шаблон, хуызтӕ раст фӕткӕвӕрдмӕ гӕсгӕ.
(сбӕрӕг кӕнын куыд сӕххӕст кодтой хӕслӕвӕрд).
9. Урочы хатдзӕгтӕ скӕнын хъазты хуызы, интерактивон фӕйнӕгыл «Смарт»-ы программӕмӕ, гӕсгӕ.
10. Урочы бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Алкӕцы скъоладзауы раз ис 3 зиллаччы.
Урок мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ницы дзы базыдтон ногӕй.
Урок иу гыццыл фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ, цыдӕртӕ базыдтон
Урок тынг фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ, алцыдӕр бамбӕрстон.
С
къоладзаутӕн гыццыл зӕрдӕлхӕнӕн лӕвӕрттӕ ракӕнын, цӕмӕй уӕлдай тынгдӕр бахъуыды кӕной ӕмӕ хуыздӕр ӕххӕст кӕной светофоры ӕгъдӕуттӕ.
4