Информацион æрмæг | учебное пособие по осетинскому языку: Дзодзикова З.Б., Пухова Л.Р. Осетинский язык 5 класс, «СЕМ», Владикавказ, 2013. Цæстуынгæ æрмæг Компьютерон презентаци, чыргъæд Карточкæтæ хæслæвæрдтимæ. | |
Орг. момент | Сывæллæттæ фæндид уæ исты хæзна ссарын? Хæзна та цы у? (сыгъзæрин, æхца) Уый раст у. Фæлæ зæххыл ис сыгъзæрин æмæ æхцайæ зынаргъдæр хъуыддæгтæ. Бонæй бонмæ уыдон кæнынц фылдæр. Куыд уæм кæсы цæй тыххæй дзурын. Ахæм хæзнатæ агурынмæ араст уыдзыстæм мах абон. Чи йæ базыдта, цымæ цы сты? (Зонындзинæдтæ) Цæй, цæттæ стут? | Удгоймагон архæйдтытæ: - зонындзинæдтæ райсынмæ цымыдис сæвзæрын кæнын |
Зонындзинæдты актуализаци | Таймуразæн ис æрдхорд Ален. Уый цæры Парижы . Ален ныффыста Таймуразмæ фыстæг. Дæ бон хорз, Таймураз! Мæнæ та ралæууыд фæззæг. Ӕз афтæ фехъуыстон æмæ Уæрæсейы фæззæг хонынц «Сыгъзæрин фæззæг». Дæ хорзæхæй ныффыс ма мæм сымахмæ та Ирыстоны фæззæг цавæр вæййы. Де 'рдхорд Ален. Ӕркæсут ма фыстæгмæ æмæ зæгъут: «Цы базонын фæндыд Алены?» Таймураз дæр нæ фæзивæг кодта æмæ ныффыста дзуапп Аленмæ. Байрай, Ален! Ралæууыд фæззæг. Мæргътæ атахтысты. Дымгæ дымы. Сæлфынæг кæны. Сыфтæртæ зъæлынц. Кæрдæг фæбур. Дидинджытæ бахус сты. Дæттæ фæтар сты. Де 'мбал Таймураз. Фыстæг бакæсгæйæ, Ален бирæ фæхъуыды кодта, цæмæн æй хонынц «сызгъæрин фæззæг», йæ æрфысты ахæмæй куы ницы ис, уæд. Цæуылнæ ауад Алены цæстытыл Таймуразы æрфыстмæ гæсгæ фæззæджы рæсугъд ныв? Сывæллæттæ сæ дзуæппыты æрцæуынц хатдзæгмæ. Таймураз йæ фыстæджы раст нæ æрфыста фæззæджы аивдзинад. Таймуразы фыстæджы сæйраг уæнгты бын бахахх кæнут. Цæуылнæ бантыст Таймуразæн фæззæджы æрфыст? (спайда кодта æрмæстдæр хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй Сæйрат æмæ Зæгъинагæй) Цавæр хъуыдыйæдтæ сты уыдон? Цавæр хъуыдыйæдтæ хонæм хуымæтæг даргъ? Уæ бон у нæ абоны урочы темæ сбæрæг кæнын ? | Удгоймагон архæйдтытæ: - фæззæджы æрфыстмæ цымыдис æвзæрын кæнын |
Урочы нысан æмæ хæслæвæрдты æвæрд | Темæ «Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ» Нысан: Хъуыдыйады сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ кæрæдзийæ иртасын. Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæй фæрссаг уæнгты руаджы хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ аразын. | Регулятивон архæйдтытæ: хи архæйдтыты фæтк хибарæй сбæлвырд кæнын; хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын. Коммуникативон архæйдтытæ: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ. |
Зонындзинæдтæй спайда кæнын. «Хъуыдыты чыргъæд». Нæ фæйнæгыл цы чыргъæд ис, уырдæм (условно) æмбырд кæндзыстæм, урочы темæйæ цы зонæм, уый. | - Ӕрхъуыды кæнут, цы зонут хъуыдыйады тыххæй. Уæ тетрæдты сæ ныффыссут. - Къордты сыл æрдзурут. - Алы къорд дæр зæгъæд иу миниуæг. - Урочы дæргъы бæрæг кæндзыстæм уæ хъуыдытæ. -Ныр та уал раздæхæм Таймуразы фыстæгмæ. -Сымахмæ гæсгæ, йæ хъуыдыйæдтæ сты хуымæтæг цыбыр. - Хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ та цы хонæм? (Кæцыты ма вæййы хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ). Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæм та цавæртæ хауынц? (Æххæстгæнæн, Бæрæггæнæн, Фадатон дзырд) Цы нысан кæнынц хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ. Сывæллæттæ дзурынц раиртæстытæ: Æххæстгæнæн у хъуыдыйады фæрссаг уæнг. Уый нысан кæны предмет æмæ дзуапп дæтты хауæнты фæрстытæн: кæй? цы? кæмæн? кæмæ? цæмæ? кæмæй? цæмæй? кæуыл? цæуыл? кæимæ? цæимæ? Фылдæр хатт æххæстгæнæнмæ фарст фæдæттæм зæгъинагæй. Бæрæггæнæн у, предметы æууæлтæ чи æвдисы, хъуыдыйады ахæм фæрссаг уæнг. Предметы æууæлтæ сты: хъæд, хуыз, рæнхъæвæрд, предмет кæй у, кæцы у, цæй хай у æ. а. д. Бæрæггæнæн дзуапп дæтты фæрстытæн: цавæр? цыхуызæн? цалæм? кæй? цæй? кæцы? æ. æнд. Архайд кæд, кæм, куыд æмæ цæмæн цæуы, уый æвдисæг хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ хуыйнынц фадатон дзырдтæ. - Карточкæтæй рафыссут æрмæстдæр хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ. Ӕз уарзын фæззæг. Хур нæ кæсы. Уæззау мигътæ ленк кæнынц арвы кæронмæ Арв нытталынг. Уазал дымгæ ратоны бæлæсты зырзыргæнаг сыфтæртæ. Уары къæвда - Сæйраг уæнгты бын бахахх кæнут. - Хъуыдыйады ма сæйраг уæнгтæй уæлдай цавæртæ вæййы? (фæрссаг) - Цæмæн хъæуынц, куыд дзы пайда кæнæм нæ ныхасы? (Хъæуынц хъуыды арфдæр æмæ бæлвырддæр бамбарынæн). | Базонæн архæйдтытæ : хи ныхас раст рацаразын, проблемæ раст сбæрæг кæнын. Регулятивон: - нысанмæ гæсгæ хæслæвæрд баххæст кæнын Коммуникативон: - хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ. Предметон: - хуымæтæг даргъ хъуыдыйæдтæ аразын |
Ӕрмæг бафидар кæнын | - Куыд ис баивæн Таймуразы фыстæгæн, цæмæй йæ Ален бамбара æмæ йæ цæстытыл ауайа Ирыстоны сыгъзæрин фæззæг? (Хъуыдыйæдтæ фæрссаг уæнгтæй баххæст кæнын). - Уæ бон бауыдзæн уыцы куыст баххæст кæнын? Рагагъоммæйы бæрæггæнæн: ((+) мæ бон бауыдзæн (-) мæ бон нæ бауыдзæн (?) гуырысхо кæнын) Байрай, Ален! Ралæууыд _____________фæззæг. Цъиутæ тæхынц________бæстæтæм. Дымгæ ___________бæлæсты къалиутæ. __________сæлфынæг кæны. Сыфтæртæ____________згъæлынц_____________. Кæрдæг _______фæбур. __________ дæттæ фæтар сты. Де 'мбал Таймураз. Дзырдтæ спайда кæнынæн: сыгъзæрин, хъарм, уигъы, лыстæг, сындæггай, зæхмæ, ранæй-рæтты, хæххон. Къæйттæй кæрæдзийæн бакæсын фыстæг. Кæй фæнды, уый къласæн бакæсы. Кæд уæ рагагъоммæйы бæрæггæнæн раст уыд, уæд ыл зиллак скæнут, кæд нæ, уæд та æртæкъуымон. | Удгоймагон: - фыстæг ныффыссынмæ сфæлдыстадон ахаст æвдисын; Регулятивон: - нысанмæ æмæ уавæрмæ гæсгæ хæслæвæрд æххæст кæнын; Коммуникативон: - хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ. Базонæн: - раст пайда кæнын зонындзинæдтæй (сфæлдыстадон куыст æххæст кæнгæйæ); |
Рефлекси. Кластер саразын Кæронбæттæн | Нæ урокæн кæронбæттæн скæнæм - Уæдæ цы хонæм хъуыдыйад? (Ӕххæст хъуыды, чи æвдисы, ахæм дзырд кæнæ кæрæдзиуыл грамматикон æгъдауæй æмæ хъæлæсы уагæй баст дзырдты къорд хонæм хъуыдыйад). -Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ цавæртæ сты? (сæйрат æмæ зæгъинаг) - Сæйраг уæнгтæй уæлдай ма цавæртæ зонут? (фæрссаг). - Ӕрмæст сæйраг уæнгтæ кæм вæййы, уыцы хъуыдыйæдтæ куыд хонæм? (хуымæтæг цыбыр). - Сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ цы хъуыдыйады вæййы, уый та куыд хонæм? (хуымæтæг даргъ) - Ӕркæсæм ма нæ чыргъæдмæ, цымæ уæ хъуыдытæ раст сты? - Нæ урочы нысан баххæст кодтам? - Ӕз алцы дæр бамбæрстон…. - Мæнæн уыд зын… - Уыд тынг цымыдиссаг…. - Нæ зониндзинæдтыл бафтыд… - Бахъуыд ахъуыды кæнын… -Ныр мæ бон у чи нæ бамбæрста, уыдонæн радзурын… | Регулятивон: |