Ӕмбарынгœнœн фыстœг
(2 кълас, ирон œвзаг)
Национ ахуырады сӕйраг хӕстӕй иу у скъоладзауты алывӕрсыг рӕзтӕн бындур сӕвӕрын.
Царды ӕппӕт фӕзындтӕ, хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ ногдзинӕдтӕ ахуырдзаутӕ хъуамӕ базоной сӕ мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы.
Программӕ арӕзт у поликультурон ахуырады бындурыл, ӕххӕстгонд цӕуынц федералон паддзахадон ахуырадон стандарттӕ.
Ирон ӕвзаджы урокты базонгӕ уыдзысты ӕппӕтуӕрӕсейон ӕмӕ ӕппӕтдунеон культурон хӕзнатимӕ. Нӕ алыварсы дунеимӕ зонгӕдзинад арӕзт цӕуы ахӕм фӕткыл: хи райгуырӕн къуым базоныны фӕстӕ рахизын Уӕрӕсейы, стӕй та ӕппӕт зӕххы къорийы тыххӕй зонинӕгтӕм.
Бӕрӕггонд цӕуынц ирон национ ахуырадон нысантӕ:
1. Рӕзын кӕнын мадӕлон ӕвзаджы культурӕ – уый у нӕ рӕзгӕ фӕлтӕр хъомыл кӕныны сӕйраг фӕрӕз.
2. Мадӕлон ӕвзаджы фӕрцы скъоладзауты зонгӕ кӕнын дунейы ӕппӕт культурон ӕмӕ техникон ӕнтыстытимӕ.
Программӕ арӕзт у традицион методикӕйы бындурыл, фӕлӕ пайдагонд цӕуы ног технологитӕй.
Бӕрӕггонд дзы ӕрцыдысты рӕзгӕ ахуырады системӕйы нысантӕ, уыдон сты:
– скъоладзауты ахуырмӕ сразӕнгард кӕнын;
–ӕрмӕг сын цӕттӕйӕ дӕтгӕ нӕу, фӕлӕ саразын ахӕм уавӕртӕ, цӕмӕй зонындзинӕдтӕ райсынмӕ сӕхӕдӕг тырной;
– кусын ӕппӕт скъоладзауты рӕзтыл, куыд тыхджын, афтӕ лӕмӕгъты дӕр;
– алкӕмӕн дӕр хъуамӕ лӕвӕрд цӕуа, йӕ бон цас у, уыйас – йӕхи цӕстӕнгас, йӕ зонындзинӕдтӕ равдисын йӕ бон куыд уа, йӕхӕдӕг хатдзӕгтӕ кӕнынмӕ куыд арӕхса, афтӕ;
– дӕттын, скъоладзауты (суанг тыхджынты дӕр) бӕстон ахъуыды кӕнын цы хӕслӕвӕрдтыл бахъӕудзӕн, ахӕмтӕ; сӕ бон сӕ сӕххӕст кӕнын куы нӕ уа, уӕддӕр сыл хъуыды кӕндзысты, стӕй сӕ ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй базондзысты.
Ахуырады фӕрӕзтӕй иу у алгоритм. Уый у ӕрмӕг ӕнцондӕр, бӕстондӕр, арфдӕр, кӕрӕдзийы фӕдыл раст фӕткыл ӕвӕрдӕй бацамоныны мадзал. Алгоритмы фӕрцы бӕлвырд ӕрфыссӕн ис ӕвзаджы ӕппӕт фӕрстытӕ къӕпхӕнгай, ӕнцонӕй: ахуырдзауты ӕфтауы сфӕлдыстадон хуызы хъуыды кӕныныл, бӕлвырд куысты хуызтӕн раст дзуапп ссарыныл, хъӕугӕ хатдзӕгтӕм ӕрцӕуыныл.
Кӕстӕр кълӕсты скъоладзауты рӕзтыл кусын амоны, цы зонындзинӕдтӕ райстой,
уыдонӕй алы уавӕрты пайда кӕнын зонын, бӕлвырд зонындзинӕдтӕ хибарӕй агурын, рӕдыд цӕмӕн ӕрцыд, уый сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ йӕ сраст кӕнын, ӕрмӕджытӕ кӕрӕдзиуыл барынмӕ арӕхсын ӕмӕ сын сӕ хицӕндзинӕдтӕ иртасын.
Программӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ, ирон ӕвза г ахуыргӕнгӕйӕ, урочы ӕвӕрд цӕуы ахӕм хӕстӕ:
1. Ӕрмӕг амонын алыхуызон цымыдисаг дидактикон ӕрмӕджы руаджы, грамматикон, сфӕлдыстадон хъӕзтыты фӕрцы.
2. Грамматикон ӕрмӕг амонын лексикон ӕрмӕджы фӕрцы.
3. Мадӕлон ӕвзагмӕ цымыдисдзинад ӕвзӕрын кӕнын.
4. Скъоладзауты цӕттӕ кӕнын уӕлдӕр кълӕсты зындӕр ӕмӕ вазыгджындӕр ӕрмӕг ахуыр кӕнынмӕ.
5. Бӕлвырд зонындзинӕдтӕ дӕтгӕйӕ, урочы кусын скъоладзауты иумӕйаг рӕзтыл; рӕзын сын кӕнын сӕ логикон ӕмӕ сфӕлдыстадон хъуыдыкӕнынад; хъӕздыг кӕнын сӕ дзырдуатон сконд;
6. Рӕзын кӕнын скъоладзауты коммуникативон арӕхстдзинӕдтӕ, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ ӕнцонӕй сӕ бон дзурын уа, цӕмӕй архайой бӕлвырд раныхӕсты, цӕмӕй искӕйы сцымыдис кӕной сӕ ныхасмӕ хъусынмӕ, цӕмӕй сӕ раныхӕстӕн хъӕугӕ кӕронбӕттӕн скӕнын сӕ бон уа; кусын ахуырдзауты раст хъомыл кӕныны фарстатыл.
Ацы нысантӕ ӕмӕ хӕстыл куыст цӕуы уыцы иу урочы, кӕрӕдзийӕ сын хицӕн кӕнӕн нӕй.
Ног федералон ахуырадон стандарттӕ хынцгӕйӕ, программӕ домы:
- урок методикон ӕмӕ логикон ӕгъдауӕй раст аразын;
- педагогон фӕрӕзтӕй эффективонӕй пайда кӕнын;
- наукӕйы ног ӕнтыстытӕй пайда кӕнын;
- урок бӕлвырд ахуырадон - хъомыладон процессы бындурыл аразын;
- скъоладзаутӕн саразын бӕлвырд уавӕртӕ сӕ курдиат ӕххӕстӕй раргом кӕнынӕн;
- ӕндӕр предметтимӕ баст ӕрмӕгӕй пайда кӕнын;
- ног ӕрмӕг амонгӕйӕ ӕнцой кӕнын рацыд ӕрмӕгыл;
- хынцын скъоладзауты рӕзты ӕмвӕзад ӕмӕ психологон хицӕндзинӕдтӕ;
- ӕрмӕг хъуамӕ дзуапп дӕтта, царды цы ногдзинӕдтӕ ӕмӕ ивддзинӕдтӕ цӕуы, уыдонӕн.
Райдайæн скъола бындур æвæры скъоладзауты зонындзинæдтæн æвзагæй, литературон кæсынадæй, ныхасы культурæйæ, хъомыладæй. Скъоладзаутæ разæнгард кæнынц ахуырмæ, куыстмæ, рæзы сæ хибарæй хъуыдыкæнынад.
Мадæлон æвзаджы ахадындзинад стыр у, уымæн æмæ йæ бындурыл æнцондæр у, иронау цы предметтæ цæуынц, уыдон ахуыр кæнын, уымæй уæлдай, скъоладзаутæ базонынц, мадæлон æвзаг кæрæдзиимæ ныхас кæныны сæйраг фæрæз кæй у, уый.
Ирон ӕвзаг цымыдисаг ӕрмӕджы бындурыл ахуыргӕнгӕйӕ, скъоладзаутӕм сӕвзӕры сӕрыстырдзинад сӕ мадӕлон ӕвзагмӕ; тырнындзинад йӕ базонынмӕ. Бамбарынц, раст дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхас кӕй у адӕймаджы иумӕйаг культурӕ ӕвдисӕг.
Райдайӕн кълӕсты скъоладзаутӕ хуымӕтӕг хуызы базонгӕ вӕййынц литературон ӕвзаджы нормӕтимӕ, ныхасы этикетимӕ; рӕзынц сӕ коммуникативон арӕхстдзинӕдтӕ.
1–4-æм кълæсты программæйы амынд сты ирон æвзаг ахуыр кæныны ахæм хæстæ
– скъоладзауты ахуыр кæнын лæмбынæг хъусын, раст дзурын, кæсын æмæ фыссын;
–фонетикæ, лексикæ, дзырдарæзт, морфологи æмæ синтаксисы тыххæй зонындзинæдтæн бындур æвæрын;
– скъолайы агъоммæ скъоладзаутæм ӕвзаджы тыххӕй цы хуымæтæг æмбарынад уыдис, уый сын, грамматикæйы æгъдæуттыл æнцойгæнгæйæ, амонын, куыд бӕлвырд системæ;
– каллиграфийыл ахуыр кæнын;
– растфыссынад, растдзурынад æмæ пунктуацийæ хуымæтæг зонындзинæдтæ дæттын;
– скъоладзауты дзырдуат хъæздыг кæнын;
– скъоладзауты фæлтæрын сæ хъуыдытæ бæлвырд æмæ аив дзурыныл.
Программæйы æвзаджы æрмæг лæвæрд у æнцондæрæй зындæрмæ, хуымæтæгдæрæй вазыгджындæрмæ хизыны принциптæм гæсгæ; æвзагæй ног зонындзинæдтæ лæвæрд цæуынц, раздæр цы базыдтой, ууыл æнцойгæнгæйæ.
Æвзаджы алы хæйттæ: фонетикæ, лексикæ, дзырдарæзт, морфологи, синтаксис – кæрæдзиуыл æнгом баст кæй сты, уымæ гæсгæ алы къласы дæр ахуыргонд цæуынц бæлвырд системæмӕ гӕсгӕ.
Райдайæн кълæсты скъоладзаутæ базонынц мыртæ æмæ дамгъæты сæйраг миниуджытæ; лексикон-грамматикон къордты (ныхасы хæйтты) грамматикон категориты тыххæй хуымӕтӕг зонинӕгтӕ; сæ хицæндзинæдтæ; дзырдты арæзт; раст дзурын æмæ раст фыссыны литературон нормæтæ. Синтаксисæй дæр райсынц хуымæтæг, фæлæ бæлвырд зонындзинæдтæ.
Цæмæй скъоладзауты хъуыдыкæнынад рæза, уый тыххæй практикон ахуырты рæстæг, стæй, ног теоретикон æрмæг амонгæйæ, хъæуы проблемон методæй пайда кæнын. Уый фæрцы ахуыргæнинæгтæ архайдзысты хи хатдзæгтæ кæнын грамматикон фæзындты тыххæй.
Ахуыргæнæг йæ хъус хъуамæ дара, скъоладзаутæ ног грамматикон æмбарынад кæнæ раиртæст куыд бамбæрстой æмæ сæ пайда кӕнын куыд зонынц, уымæ.
1–4-æм кълæсты ирон æвзаг ахуыр кæныны сæйраг хæстæй иу у раст æмæ сыгъдæг фыссыныл ахуыр кæнын, уымæ гæсгæ ацы куыстæн 1-аг къласы кæрон æмæ 2-аг къласы хъуамæ алы къуыри дæр лæвæрд цæуа сæрмагонд урок.
Сыгъдæгфыссынадæн лæвæрд фæлтæрæнтæ хъуамæ баст уой, урочы цы грамматикон æрмæг ахуыргонд цæуы, уыимæ; сæ растфыссынад зын бахъуыдыгæнæн кæмæн у, ахæм дзырдтимæ, вазыгджын æрмæгимæ. Дамгъæты растфыссынад æмæ сыгъдæгфыссынадыл куыст цæуы иумæ.
Ахуыргæнæг хъуамæ йæ хъус дара, скъоладзаутæ куыд бадынц, ручкæйыл куыд хæцынц, сæ тетрæдтæ куыд æвæрд сты, уымæ. Хъуамæ алы скъоладзауимæ дæр куыст цæуа хибарæй, цæмæй алкæмæн дæр йæ фысты алыхуызон аиппытæ афойнадыл амынд цæуой.
Урокты скъоладзаутæн иумæйаг куысты хуызтæй уæлдай дæттæн ис хибарæй куыстытæ дæр. Ахæм урокты мидис бæрæггонд цæуы, программæйы алы къласæн дæр цы амындтытæ лæвæрд цæуы, уыдонæй.
Ирон ӕвзаджы программӕйы структурӕ
Райдайæн кълæсты ахуырадон программæ арӕзт у ӕртӕ мидисджын хайӕ: «Ӕвзаджы системӕ», «Растфыссынад», «Ныхасы рӕзтыл куыст».
Алы хайӕн дӕр ис йӕхи ахуыры объект.
Скъоладзауты ныхасы рӕзтыл кусынӕн
программӕйы бӕрӕггонд цӕуы ныхасы темӕтӕ
(уыдоны бындурыл амынд цӕуынц ӕвзаджы темӕтӕ)
2-аг кълас:
«Скъола». «Сӕрды мысинӕгтӕ». «Фӕззӕг». «Ӕгъдау – царды бындур». «Зымӕджы нывтӕ». «Куыст – царды цин». «Мӕргътӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ – нӕ хӕлӕрттӕ». «Уалдзӕг». «Кӕм райгуырдтӕн, мӕхи кӕм базыдтон». «Ахъуыды кӕн, базон» (хъӕлдзӕг радзырдтӕ, уыци-уыцитӕ, хынцинӕгтӕ)
2-аг кълас
(къуыри – 1,5 сах., æдæппæт – 51 сах.)
I. Æвзаг æмæ ныхасы тыххæй зонындзинӕдтæ
1-аг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын (2 сах.)
Ныхас хъуыдыйæдтыл дих кæнын. Дзургæ æмæ фысгæ ныхас. Дзырд, хъуыдыйад. Текст. Дзырд æмæ уæнг. Мыртæ æмæ дамгъæтæ.
Мыртæ æмæ дамгъæтæ. Уæнг (14 сах.)
Хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон мыртæ ӕмӕ сӕ дамгъӕтӕ.
Зылангон æмæ æзылангон мыртæ.
Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ, сæ растфыссынад.
Дамгъæтæ гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дзырдты мидæг.
Уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты дамгъæтæ э, ю, я, ж, ш, щ раст кæсын æмæ фыссын.
Дызæрдыггаг æмхъæлæсонты растфыссынад.
Дзырдты мырон-дамгъон раиртæст схемæтæм гæсгæ æмæ æнæ уыдонæй.
Мырты ахадындзинад дзырдты нысаниуæг бамбарынæн.
Алфавит. Дамгъæтæ алфавитон уагыл зонын, раст сæ дзурын. Алфавиты нысаниуæг.
Уæнг. Дзырд уæнгтыл дих кæнын. Дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ уæнггай хæссын. Æмхъæлæсонтæ й æмæ у цы дзырдты ис, уыдон иу рæнхъæй иннæмæ хæссын. Хъæлæсон у æмхъæлæсон у-йæ иртасын. Дзырдты астæу цы дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ ис, уыдон иу рæнхъæй иннæмæ хæссын.
Цавд. Дзырдты цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ.
Дзырд (18 сах.)
Дзырды лексикон нысаниуӕг (иумæйаг æмбарынад). Синонимтæ. Антонимтæ.
Номдар. Иумæйаг æмбарынад. Номдартæ сæ фæрстытæм гæсгæ иртасын.
Стыр дамгъæ адæймæгты, горæтты, хъæуты, дæтты, цæрæгойты нæмтты.
Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд дзырдтæ – номдартæ.
Миногон. Иумæйаг æмбарынад, фæрстытæ. Æууæлæвдисæг дзырдты ахадындзинад æвзаджы. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд миногонтæ.
Предметты нæмттæ æмæ сæ æууæлтæ æвдисæг дзырдты бастдзинад.
Мивдисæг. Иумæйаг æмбарынад, фæрстытæ. Архайдæвдисæг дзырдты ахадындзинад ныхасы. Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ хæстæг æмæ ныхмæвæрд мивдисджытæ.
Хъуыдыйад (11 сах.)
Дыккаг къласы рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын (6 сах.)
Скъоладзаутæ 2-аг къласы фӕудмӕ базондзысты:
– æппæт дамгъæты нæмттæ;
– хъæлæсон æмæ æмхъæлæсон, зылангон æмæ æзылангон мыртæ;
– дамгъæтæ ё, э, ю, я, ж, ш, щ;
– уæнг; цавдон æмæ æнæцавдон уæнгтæ;
– дзырды лексикон нысаниуæг;
– синонимтæ æмæ антонимтæ;
– номдар, миногон æмæ мивдисæджы æмбарынæдтæ, сæ фæрстытæ;
– хъуыдыйады арæзт;
– хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ – сӕйрат, зӕгъинаг;
– æрхæцæн нысæнтты хуызтæ хъуыдыйады кæрон;
– хъуыдыйад раст хъæлæсы уагæй дзурын, кæсын зонын;
– хъуыдыйады мидæг фæрстыты руаджы дзырдты ’хсæн бастдзинæдтæ бæрæг кæнын.
– хъуыдыйæдтæй текст аразын.
– тексты æмбарынад.
Скъоладзаутæ 2-аг къласы фӕудмӕ арӕхсдзысты:
– дамгъæтæ алфавитон уагыл фыссын æмæ дзурынмæ;
– дамгъæтæ каллиграфион æгъдауæй раст фыссынмæ;
– дзырдтæ иу рæнхъæй иннæмæ уæнггай хæссынмæ;
– хъæлæсон у æмхъæлæсон у-йæ иртасынмæ;
– зылангон æмæ æзылангон æмхъæлæсонтæ кæрæдзийæ иртасынмæ;
– дамгъæтæ э, ю, я, ж, ш, щ раст кæсын æмæ фыссынмæ;
– сæрмагонд номдарты стыр дамгъæ фыссынмæ;
– дывæргонд æмхъæлæсонтимæ дзырдтæ раст фыссынмæ;
– мырон-дамгъон раиртæст кæнынмæ;
– дзырдты цавд æвæрынмæ;
– дзырдтæ сæ нысаниуджытæм гæсгæ хицæн кæнынмæ;
– номдартæ, миногонтæ, мивдисджытæ сæ фæрстытæм гæсгæ иртасынмæ;
– хъуыдыйады сæйраг æмæ фæрссаг уæнгтæ амонынмæ;
– хъуыдыйады кæрон стъæлф, фарсты æмæ хъæры нысæнттæ æвæрынмæ;
– хъуыдыйад раст хъæлæсы уагæй кæсынмæ;
– дзырдтæ æмæ цыбыр хъуыдыйæдтæ (3 – 5 дзырдæй) фыссынмæ;
– хицæн дзырдтæй хъуыдыйæдтæ аразынмæ;
– текст хъуыдыйæдтыл дих кæнынмӕ;
– лæвæрд схемæтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ аразынмӕ;
– предметтæй тематикон къордтæ аразынмӕ (ахуыргæнæн дзауматæ,
уæлæдарæс, бинонтæ æ. æнд.);
– нывмæ гæсгæ цыбыр хъуыдыйæдтæ аразынмӕ,
– хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæ фӕрссаг уӕнгтӕй даргъдæр кæнынмӕ;
– тексты темæ бæрæг кæнынмæ æмæ йын сæргонд хъуыды кæнынмæ;
– текст хъуыдыйæдтыл дих кæнынмæ;
– бæлвырд темæмæ гæсгæ радзырд хъуыды кæнынмæ;
– тексты мидис хи ныхæстæй дзурынмæ;
– тексты мидис фæрстытæм гæсгæ ӕвзарынмӕ; хæйттыл æй дих кæнынмӕ;
– текстӕн сæргонд хъуыды кæнынмӕ;
– тексты хæйттӕ кæрæдзи фæдыл раст равӕрынмӕ;
– тексты хуыз иртасынмӕ;
– хъуыдыйады мидæг дзырдты нысаниуджытæ бæрæг кæнынмӕ;
– текстæн лексикон анализ кæнынмӕ;
– текст аив æмæ раст кæсынмӕ;
– текст хæйттыл дих кæнынмӕ;
– текстæн сæргонд хъуыды кæнын кæнæ йæ ӕндӕрӕй баивынмӕ;
– тексты сæйраг хъуыды æмæ йæ аразæн хæйттæ бæрæг кæнынмӕ;
– фæрстытæн тексты дзуæппытæ агурынмӕ;
-- текстæн райдайæн æмæ кæрон хъуыды кæнынмӕ.